Радзырд

 

Иу горæты астæу уыд стыр назбæлас. Адæм сфæнд кодтой уыцы назбæлас сфæлындзын. Дыууæ боны ма хъуыд Ног азмæ.

Иу райсом раджы адæм тынг стыхстысты. Кæсынц æмæ  стъалы йæ цъуппыл нал ис, адавтой хъазæнтæ дæр. Уæд дын иу лæппу, йæ ном хуынди Батрадз, алæууыд назбæласы раз æмæ дзуры: Æз фервæзын кæндзынæн Ног азы. Адæм ын йæ ныхæстыл баууæндыдысты æмæ йæ арвыстой балцы. Лæппу бирæ фæцыд, æмæ бахæццæ Митын Дадайы хæдзармæ. Кæсы æмæ Митын Дада дæр бады æнкъардæй. Уымæн дæр йæ лæдзæг адавтой. Уæд ын лæппу дзуры:

– Чи дын адавта дæ лæдзæг?

– Нæ зонын, – загъта Митын Дада, – ныр Ног аз нал æрлæудзæн.

Лæппу йæхи фæхъæбатыр кодта:

– Уыдзæн Ног аз, æнæмæнг уыдзæн! – æмæ Митын Дадайæн хæрзбон загъта æмæ дарддæр ацыд.

Бирæ фæцыди чысыл лæппу æмæ бахæццæ уæйыджы лæгæтмæ. Кæсы æмæ йæ алыварс ногазон назбæласы хъазæнтæ. Уæд уæйыгмæ дзуры:

– Курын дæ, ратт мын уыцы назбæласы хъазæнтæ, науæд нал ралæудзæн Ног аз.

– Мæн ницæмæн хъæуы Ног аз, – загъта уæйыг, – нæ дын сæ ратдзынæн. Фæлæ дæ кæд тынг хъæуынц, уæд мемæ схæц. Кæд мын мæ фæлварæнтæ райхалай, уæд дын сæ ратдзынæн.

– Хорз, – ныфсджынæй загъта лæппу.

– Мæнæ дын фыццаг фæлварæн. Ацы дур фехс мысанмæ.

Батрадз зыдта, дур мысанмæ кæй нæ бахæццæ уыдзæн, фæлæ зондæй сархайдта. Райста дур æмæ тасаг уис. Уисы уæллаг кæрон дур авæрдта, бынаг кæроныл та тынг фидар хæ-цыд йæ галиу къухæй. Рахиз къухæй фæстæмæ рахæцыд уисы уæллаг кæроныл, дур атахт æмæ мысаныл сæмбæлд. Уæйыг ныддис кодта æмæ загъта:

– Амбылдтай мæ. Ныр та дыккаг фæлварæн: дæхицæй тыхджындæр чи у, уый сис де ‘нгуылдзыл.

– Лæппу ахъуыды кодта, ома, ныр уæйыджы куыд хъуамæ сисон ме ‘нгуылдзыл. Уæд дын чысыл мæлдзыджы ауыдта. Уый йе ‘ккой фæцæйхаста стыр нæмыг, йæхицæй стырдæр æмæ уæззаудæр. Æмæ фелвæста мæлдзыджы йе ‘нгуылдзыл.

– Мæнæ мæлдзыг мæнæй тыхджындæр у! – загъта уæйыгæн.

Уæйыг фæдисау ис. Уый дæр зоны, мæлдзыг дунейы алкæуыл дæр кæй тых кæны. Хъуыды ма кодта уæйыг, æмæ ницыуал æрымысыди. Ратта лæппуйæн йæ хъазæнтæ æмæ уый дарддæр ацыд йæ фæндагыл. Цæуы, цæуы, æмæ бахæццæ ис гæркъæраджы ахстонмæ. Кæсы æмæ дын йæ ахстоны Митын Дадайы лæдзæг. Лæппу йын дзуры:

– Ратт мын уыцы лæдзæг, науæд Ног аз нал уыдзæн.

– Нæ, æз бирæ уарзын æрттивæгтæ æмæ дын æй нæ ратдзынæн, – загъта гæркъæраг.

Уæд ын лæппу афтæ:

– Атæх хурмæ, уый тынг æрттивы æмæ дæу уыдзæн!

Гæркъæраг æдылы къоппа уыди, æмæ йæ бауырныдта, атахти хурмæ, йæ базыртæ асыгъдысты æмæ фæстæмæ æрхауд. Лæппу та райста Митын Дадайы лæдзæг æмæ ацыд дарддæр стъалы агурæг. Цыди, цыди æмæ схæццæ ис мæймæ. Кæсы æмæ мæй бады æмæ Ногазон стъалыйæ хъазы, æмæ ноджы æндæр стъалытæй. Лæппу йын дзуры:

– Ратт мын Ног азы стъалы, науæд Ног аз никуыуал уыдзæн.

– Нæ, мæхи хъæуы, цæмæй тынгдæр рухс кæнон. Науæд мæ рухс фæлурс у, – загъта йын мæй.

Лæппу йæ зыдта, тагъд сбон уыдзæн, æмæ мæй аныгъуылдзæн. Йе стъалытæй йын иу аппæрста, æмæ мæй дæр йæ фæдыл атылди. Уæд уый Ногазон стъалы фелвæста æмæ йæ раскъæфта. Мæй йæ хъуамæ расырдтаид фæсте, фæлæ уæд-мæ бæстæ ныррухс боны рухсæй, æмæ мæй æрбатары ис.

Лæппу рахаста Ногазон хъазæнтæ, Митын Дадайы лæдзæг æмæ Ногазон стъалы. Ног азы ралæудмæ ма хъуыди цалдæр минуты. Уæдмæ æрбахæццæ сты уæйыг, гæркъæраг æмæ мæй. Уыдон хатыр ракуырдтой сывæллæттæй æмæ Митын Дадайæ:

– Ныббарут нын, æмæ нæ бауадзут Ног азы бæрæгбонмæ.

– Хатыр уын уæд! – загътой сын уыдон æмæ уæдмæ Ног аз ралæууыд! Митын Дада балæвар кодта гæркъæрагæн рухсгæнаг базыртæ, мæйæн та диссаджы стъалы, уæйыгæн дæр ратта хъазæнтæ.

Афтæ Батрадз фервæзын кодта Ног азы.

Мæргъиты Алим

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.