Бæрæгбонтæ бирæ æмæ алыгъуызæттæ сты, фæлæ дзы уæддæр ахуыры азы райдианæн æмбал нæй. Зæгъæн ис æмæ æмæ уый канд скъоладзауты рæсугъд бæрæгбон нæу, фæлæ адджын æмæ зæрдылдаринаг вæййы хистæр фæлтæрæн дæр. Ууыл цин кæнын æмæ йæ кадджын уавæры нысан кæнын махæй алкæмæн дæр æхцон у æмæ ахуыргæнинæгтимæ иумæ ахуыры азы æрбалæудыл фæцин кæнæм æмхуызон. Афтæ уыд ног ахуыры азы райдианы, 5-æм сентябры Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы дæр. Рæсугъд æмæ аив фæлыст скъолайы кæртмæ хъæлдзæг зæрдæйы  равгимæ тындзыдтой скъоладзау-тæ, ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, хъæуы хистæр фæлтæры минæвæрттæ. Уыдон цины æнкъарæнтимæ æмбæлдысты Зонындзинæдты бæрæгбоныл, скъолайы рæсугъд фæлыст æмæ ма уыимæ иумæ хорз боныгъæд рæвдыдта алкæй цæсгом дæр.

Уæдмæ скъолайы ахуыргæнинæгтæ рæнхъгай ралæууыдысты æмæ райдыдта бæрæгбон, мадзаламонджытæ алкæмæн дæр загътой арфæйы ныхæстæ. Фæйлауы Республикæ Хуссар Ирыстоны тырыса, йæ уæлвæд та айзæлыдысты нæ  Паддзахады гимны зæлтæ. Фæлæ æваст адæм ныхъхъус, ныссабыр сты, 16 азы размæ Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайы цы æвирхъау фыдбæллæх æрцыд, уый сын сæ зæрдæйы хъæдгом бацагайдта. Уæд Беслæны алы хæдзар, алы цæрæгмæ дæр æрхаста, абон дæр зæрдæ цы уæззау рыстæй риссы, ахæм æгæрон маст. Уыцы стыр фыдбылызыл фæрыст, фæхъыг кодта Ирыстоны алы адæймаг дæр. Теракты чи бабын, уыдонæн æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æдзæмæй алæууынæй ссардтой сæ рухс нæмттæ.

Уый фæстæ ахуыргæнинæгтæн арфæйы ныхæстæ ракодта скъолайы директор Тыбылты Алыкси æмæ сын йæ цæст бауарзта ахуыры хорз æнтыстытæ, сомбоны царды намысджын фæл-лойгæнджытæ цы суой.

Ног ахуыры азы бæрæгбонмæ фæуазæг æмæ æвзонг фæлтæрæн ахуыры хорз æнтыстыты фæндиæгтæ загъта Уæлвæткон уавæрты министрады бæрнон кусæг Бестауты Ацæмæз дæр. Скъолайы къæсæрæй фыццаг хатт цы сабитæ бакъахдзæф кодтой æфсæрмхуызæй, уыдонæн ахуыры райдиан кълæсты зонындзинæдты фыццаг дæгъæл байгом кæндзæн сæ фыццаг ахуыргæнæг. Уымæ гæсгæ сын Гаглойты Тамилæ хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ ракодта арфæйы ныхæстæ æмæ йæ бафæндыд, цæмæй тырной хорз ахуырмæ æмæ рухс кæной сæ ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты зæрдæтæ дæр. Бæрæгбон хъæлдзæгдзинадæй фидауы æмæ адæмы зæрдæтæ чи барухс кодта, уыдон та уыдысты ахуыргæнинæгтæ сæхæдæг. Ацы хъуыдда-джы фæстæ нæ фæлæууыдысты фыццагкъласонтæ æмæ дзырдтой æмдзæвгæтæ. Фæстæ нæ фæлæууыд кафджыты къорд дæр æмæ адæмы раз сæххæст кодтой ирон дзыллон кафт «Симд». Ахуыргæнинæгты репертуары ма уыдысты зарджытæ «Иры хъæбултæ», «Учат в школе», «Æнæнкъуысгæ кафт», «Хæххон кафт» æмæ æндæртæ. Фæцис бæрæгбонон мадзал æмæ ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ атындзыдтой кълæстæм, цин кодтой ног ахуыры азы райдианыл.                                                                    

                                                                    Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.