Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл Паддзахадон университеты æмбырдгæнæн залы уагъд æрцыд зындгонд фыссæг, поэт æмæ тæлмацгæнæг Джиоты Катяйы юбилейон изæр. Ууыл ацы аз 7-æм июлы сæххæсти 90 азы. Изæр бацæттæ кодтой Университеты литературон клуб «Къоста»-йы уæнгтæ ирон литературæйы историйы кафедрæйы гæс, профессор Плиты Гацыры разамындæй. Изæры активон хайадисджыты æхсæн ма уыдысты ирон литературæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Плиты Серго æмæ уырыссаг филологи, журналистикæ æмæ фæсарæйнаг æвзæгты факультеты декан, филологон зонæдты кандидат, доцент Биазырты Аллæ.

Залы æрæмбырд сты интеллигенцийы минæвæрттæ, фысджытæ, студентон фæсивæд.

Изæр бацæуæн ныхасæй байгом кодта Плиты Серго. Уый лæмбынæг æрдзырдта Джиоты Катяйы сфæлдыстад æмæ цардвæндаджы тыххæй.

«Джиоты Катя райгуырд Иончайы хъæуы. Уыцы ран бацыд скъоламæ дæр. Скъола каст фæуыны фæстæ бацыд педтехникумы, ныртæккæйы университеты ирон хайадмæ. Уый уыди, 1942-æм азы  хæст йæ тæккæ тæмæны куы уыд, уыцы рæстæджы. Активонæй кодта сфæлдыстадон куыст дæр», – дзырдта Плийы фырт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæд ма æрыгон чызг, тынг рæхсти, адæмы зæрдæтæм æнцонтæй чи хъардта, ахæм темæтыл фыссынмæ. Фыццаг уал райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын. Уый фæстæ йæ курдиат раргом радзырдтæ фыссыны хуызы дæр. Йæ радзырдтæ æмæ очерктæ мыхуыры цыдысты газет «Хуссар Ирыстон» æмæ журнал «Фидиуæджы».

Дарддæр ныхасы рацыд Биазырты Аллæ. Уый лæмбынæг æрдзырдта, фыссæг цы аивадон амæлттæй пайда кæны æмæ йæ уацмыстæн цы ахадындзинад ис, уый фæдыл.

«Джиоты Катя у сывæллæтты фыссæг. Уый тынг рæхсы сывæллæтты æн-къарæнтæм бавналынмæ. Уыцы хъуыддаг ирдæй зыны йæ уацмысты æмбырд-гæндтæ «Хуры тынтæ», «Сæлийы ног къаба», «Мæ чысыл хуртæ», «Рувасы хин митæ», «Гæды рувас» æмæ æндæрты».

Бязырты чызг куыд загъта, афтæмæй сывæллæттæн фыссын тынг бæрнджын хъуыддаг у. Сывæллæттæн чи фыссы, уый хъуамæ сабиты ахуыр кæна литературон хъуыдыкæнынадыл.

«Сывæллæтты литературæйы раз æвæрд цæуы æртæ ахсджиагдæр хæсы: этикон-хъомыладон, зонадон æмæ эстетикон.

«Ацы æртæ хæсы дæр æххæст цæуынц Джиоты Катяйы уацмысты», – банысан кодта Биазырты чызг. Уымæй дарддæр ма автор хорз æмбары сабиты психологи, зоны сын сæ бæллицтæ, хайджын у се ‘нкъарæнтæй дæр. Хъомыладон хæс æххæстгæнгæйæ, тынг ахсджиаг у, фыссæг йæ чиныгкæсджыты кæй ахуыр кæны рæстдзинадыл, кæрæдзи уарзыныл. Ахæм уыди Биазырты чызджы хъуыды.

Уый фæстæ студентон фæсивæд кастысты фыссæджы æмдзæвгæтæ. Ирон факультеты 3-аг курсы студенткæ Гæджиты Иринæ аив бакаст æмдзæвгæ «Райгуырæн бæстæ».

Ирон-уырыссаг факултеты 2-аг курсы студенткæ Гояты Аленæ æмæ 3-аг курсы студенткæ Гуыззыттаты Иринæ дæр бакастысты фыссæджы æмдзæвгæтæй фæйнæ.

Дарддæр ныхасы бар лæвæрд æрцыд юбилярæн. Уый иттæг райгондæй баззад йæ номыл ахæм хъарм мадзал арæзт кæй æрцыд, уымæй.

«Стыр бузныг уын, уæ зæрдыл кæй лæууын, кæй мæ æрхъуыды кодтат, чи æрбацыд, уыдонæн дæр сæ лæггад бирæ уæд!», – загъта уый. Стæй дзуапп радта æрæмбырдуæвджыты фарстытæн.

Изæр кæронбæттæн ныхсæй саив кодта Плиты Гацыр. Уый куыд загъта, афтæмæй адæм æдзух цы уынынц, уымæн аргъ кæнын нæ фæзонынц. Ныртæккæ цы дуджы цæрæм, уый тынг æндавы нæ царды алы къабазыл дæр, зæгъгæ.

Джиоты Катяйы сфæлдыстады тыххæй дзургæйæ, Плиты Гацыр бафиппайдта, ацы адæймаджы царды стыр уæззау дугтæ кæй скодта цалдæр хатты. Уый æрæййæфта Стыр Фыдыбæстæйон хæст, уый фæстæ Советон Цæдисы фехæлд, æмæ æппынфæстагмæ та æвдисæн уыди Хуссар Ирыстоны тугкалæн цаутæн дæр, æмæ уыдæттæ та фыссæг арф исы йæ зæрдæмæ.

Джиоты Катя сывæллæтты фыссæг кæй у, уый тынг ахсджиаг у, уымæн æмæ ацы куыстмæ алчи не ‘рæхсы. Хъуамæ сывæллæттæн æмбарай сæ зæрдæйы уаг, æмдзу кæнай семæ, лæууай сæ миддунемæ хæстæг. Æмæ ацы миниу-джытæй та Джиоты чызг иттæг хайджын разынди.

Плийы фырты цæст бауарзта, цæмæй ноджыдæр бирæ азты фæцæра æмæ йын ноджы бирæ сфæлдыстадон æнтыстытæ уа.

Кæронбæттæны Плиты Серго бузныг загъта Универститеты ректор Тедеты Вадимæн, кæддæриддæр сын ахæм сфæлдыстадон изæртæ бацæттæ кæнынмæ йе ‘ххуысы хай кæй бахæссы, уый тыххæй.

Уый фæстæ юбилярæн изæр саразджыты номæй бакодтой зæрдылдарæн лæвар.

Куыд зонæм, афтæмæй Джиоты Катя у фараст чиныджы автор, рæхджы та йын мыхуыры рацæудзæн ног поэтикон уацмысты æмбырдгонд «Мæ дзуринæгтæ».

Нæ редакцийы номæй юбилярæн зæгъæм ног сфæлдыстадон æнтыстытæ æмæ бирæ азты цæрæнбоны фæндиæгтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.