Цхинвалы скъола-интернаты цы сывӕллӕттӕ ахуыр кӕны, уыдон ӕнӕхъусдард не сты, фӕлӕ сӕ уӕддӕр фӕхъӕуы барӕвдауын. Не ‘мбӕстӕгтӕй бирӕтӕ баххуыс кӕнынц ацы сывӕллӕттӕн, стӕй сын нӕ бӕстӕйы къухдариуӕгад дӕр алыварсонӕй ӕххуыс кӕны. Фӕлӕ ма сын ноджы исчи куы баллӕгад кӕны, уӕд адӕймагӕн ӕхсызгон вӕййы.

Ацы скъоламӕ милицийы ӕрдыгӕй йӕ хъус дары ӕнӕххӕст кары сывӕллӕтты фӕдыл хайады инспектор Тедеты Иринӕ ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй ацы ахуырдзаутӕн Ног азмӕ исты хиирхӕфсӕн мадзал ауадза. Йӕ хъуыды загъта йӕ хистӕр Гатайты Лалийӕн ӕмӕ уый дӕр йе ‘нцой баллӕуыд. Бахатыдысты базарадон центр «Солнечный»-йы цы хиирхӕфсӕн центр ис «Jungle MAX!», зӕгъгӕ, уый къухдариуӕгадмӕ, цӕмӕй скъола-интернаты сывӕллӕттӕн радтой бар ам рӕстӕг арвитынӕн. «Jungle MAX!»-ы сӕргълӕууӕг сразы ӕмӕ сын рахицӕн кодта рӕстӕг дыууӕ сахаты. Иу бон нӕ, фӕлӕ цыппар боны дӕргъы фӕйнӕ дыууӕ сахаты ахуырдзаутӕ 1-ӕм къласӕй 4-ӕм къласмӕ ацы хиирхӕфсӕн центры фӕхъазыдысты ӕмӕ райстой стыр ӕхцондзинад. Ис дзы ахӕм хуызы хъӕзтытӕ, куыд хъазӕн лабиринт, модулон конструкци, дымсгӕ батуттӕ, аэрохоккей ӕмӕ ӕндӕртӕ.

 «Jungle MAX!»-ы хицау йӕ ном фыссын нӕ бауагъта, зӕгъгӕ, дам ӕз мӕхицӕй раппӕлыны тыххӕй нӕ балӕггад кодтон ацы сывӕллӕттӕн. Стыр бузынг, ахӕм ӕмбӕстӕгтӕ нӕм кӕй ис, кӕцытӕ тыхст адӕмы хъысмӕтыл хъуыды кӕнынц  ӕмӕ сӕ бон куы вӕййы, уӕд се ‘ххуысы къух фӕдаргъ кӕнынц.

 Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.