Фæстиуджытæ арæзт æрцыд, Цхинвалы районы фермерон хæдзарадтæ цы куыст бакодтой, уыдонæн. Районы статистикон хайады фæстаг зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй хæдзарадты стурты нымæц æдæппæт у 420, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 207. Æхсызгон у, фæстаг рæстæджы лыстæг фосы нымæц кæй фылдæр кæны, уый. Цæвиттон, абоны онг уал фыстæ æмæ сæгъты нымæц хæццæ кæны 400 æмæ, дызæрдыггæнæн нæй, фосдарджытæ ацы къабазмæ ноджы фылдæр хъусдард кæй аздахдзысты, ууыл. Районы иуæй-иу хæдзарадтæ кæнынц хуыдарды куыст дæр, кæд дзæвгар тых æмæ хæрдзтæ домы ацы къабаз, уæддæр. Ныртæккæ уал хуыдарджытæ зилынц 27 хуымæ. Амæйразмæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ кæд сæ нымæц фæкъаддæр, уæддæр нырма хæдзарады ис, мыддарды куыст райтынг кæнынмæ йе ргом чи аздæхта, ахæмтæ æмæ сæм мыдыбындзыты къæртатæ нымадæуы 14.

Фосдарды къабазы цот кæнын æмæ сæ хъомыл кæныны уавæр у ахæм: абоны онг уал хæдзарадты родтæ хъомыл кæнынц 239, хъыбылтæ – 21 æмæ уæрыччытæ æмæ сæныччытæ та сты 100. Уымæй дарддæр ма иуæй-иу хæдзарадтæ балхæдтой стуртæ 5, хуытæ -19 сæгътæ æмæ фыстæ та 100 æмæ мæргътæ та 200, фæлхасгæн-джытæн та ауæй кодтой 104 стуры æмæ 20 та хуытæ. Банысан кæнын хъæуы, иуæй-иу хæдзарадты стуртæ кæй амард 39 æмæ хуытæ та – 61. Фос æмæ мæргътæй æдæппæт (удæгас уæзæй ) реализацигонд æрцыд 144,5 центнеры, уыцы нымæцы стуртæ – 140 ц, хуытæ – 4,5 ц, афтæ ма æхсыр – 450 ц. Зонæнты ма æвдыст æрцыдысты, стуртæ, хуытæ, фыстæ æмæ сæгътæ, мæргътæн алыгъуызон комбихоллаг æмæ нæмыгонтæ цал центнеры хардзгонд æрцыд, уыдон дæр. Фæлæ зæгъын хъæуы иу цухдзинады тыххæй дæр, уый та у, статистикон зонæнты хæдзарадтæ æвдыст кæй не ‘рцыдысты ацы хатт, уый. Районы фермерон хæдзарадтæ дзæвгар ис æмæ сæ алкæмæн дæр фыст уыд йæ ном, стæй йын хъæууон хæдзарад æмæ фосдарды иу кæнæ иннæ къабазы цахæм æнтыстытæ уыд, стæй йæ мæгуырау фæстиуджытæ дæр. Уый та ахъаз уыд æмæ у, цæмæй хæдзарадтæ сæ кæрæдзийы куысты фæстиуджытимæ зонгæ кæной  æмæ тырной фылдæр æмæ хуыздæр æнтыстытæ къухты бафтын кæнынмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.