Æрæджы Хуссар Ирыстоны Мидæггагон хъуыддæгты министрады, милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды агъуысты ауагъд æрцыд æмбырд президентон æвзæрстытæ æмæ референдум æдыхст æмæ æнæфыдбылызтæй ауадзыны сæраппонд. Æмбырды хайад райстой Мидхъуыддæгты министрады хицæн хайадты æмæ къордты, афтæ ма горæтты æмæ районты милициты разамонджытæ. Æмбырд байгом кодта æмæ дзы раныхас кодта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министры хæдивæг, милицийы инæлар-майор Пухаты Мераб. Уый банысан кодта, зæгъгæ, цæмæй президентон æвзæрстытæ æмæ референдум ацæуой бæрзонд æмвæзадыл, уый тыххæй бакуыст æрцыд сæрмагонд нывæст. Уыимæ мах базонгæ уыдзыстæм бæстондæр, æмæ кæд фарст искæмæ фæзына, уæд уый дæр æрцæудзæн скъуыддзаг.

Æвзæрстытæ æмæ референдумы рæстæджы Мидхъуыддæгты министрады кусджытæй фæткмæ сæ хъус дардзысты 906 адæймаджы. Уыдон дихгонд æрцыдысты хицæн къордтыл æмæ сын снысан кодтой, районты æмæ го-рæтты мидхъуыддæгты къордтæн чи разамынд кæндзæн, афтæ ма æвзæрстытæ æмæ референдумы рæстæджы æвзарæн фадгуытæм йæ хъус чи дардзæн, уыдон дæр.

Уый фæстæ Пухаты Мераб республикæйы цы 72 æвзарæн фадыджы ис, уыдон тыххæй æрдзырдта бæстон: кæм цал хъусдарæджы уыдзæн, цы хæстæ сыл ис, уыдоны тыххæй дæр. Банысан ма кодта, зæгъгæ, кæд уа исты инцидент, уæд æй хъуамæ афоныл хъусын кæной мидхъуыддæгты управленимæ.

Æвзæрстыты боны паддзахадон автоинспекцийы минæвæрттæ сæ хъус лæмбынæгдæр дардзысты транспортон змæлдмæ. Шофыртæн бар нæ дæтдзысты, цæмæй æвзарæн фадгуытæм сæ машинæтæ уромой хæстæг, хъыг дарой æвзарджыты. Фæтк чи фехала, уыдон иууылдæр конд цæудзысты Мидхъуыддæгты управленимæ æмæ сæ архайды тыххæй дзуапп кæндзысты уым. Уымæй дарддæр ма сæ ахаст æмæ цыдæй цæсты чи хауа, уыцы транспортон фæрæзты сын бæрæг кæндзысты сæ документтæ. Мидхъуыддæгты кусджытæ ма  дзуапп домдзысты æвзарæн фадгуыты йæ уагахаст нывыл кæмæн нæ уа, йæхи куыд æмбæлы, афтæ чи нæ дара, уыцы æвзарджытæй дæр.

– Нæ кусджытæ ма хæсджын сты, цалынмæ æвзарæн фадгуытæ нæ байгом уой, уæдмæ басгарой æмæ сбæлвырд кæной æвзарæн фадгуыты цæттæдзинад, – зæгъы Пухаты Мераб. – Сæ хæс уыдзæнис, цæмæй æвзарæн фадгуыты ма  уа уæлдай дзаумæттæ, рудз-гуытæ ма хъуамæ уой гом, стъолтæ æмæ скъаппытæ хъуамæ уой афтид.

Уымæй дарддæр ма милицийы алы къорд дæр хæсджын у, цæмæй æххуыс куы бахъæуа, уæд уый тыххæй фехъусын кæной бæрнон адæймæгтæн афоныл æмæ æвæстиатæй, цæмæй æвзарæн процесс ма фæстиат кæна.

Гæззаты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.