Хъæууон хæдзарады  сæйраг къабæзтæй иу у фосдард. Цæмæй фылдæр æнтыстытæ къухы æфта, уый тыххæй та ацы фадыджы цы фермертæ кусы, уыдонæн Хицауад хъуамæ æххуыс кæна.

Цалдæр азы размæ Цхинвалы районы Къохаты хъæуы цæрæг Куымæридтаты Вале йæ бинонтимæ сфæнд кодта фыстæ æмæ сæгътæ дарын. Куымæридтайы лæппу бирæ азты дæргъы фæкуыста барадхъахъхъæнæг органты. Пенсийы ацæуыны фæстæ иуран бадынæй хуыздæрыл банымадта фермер суæвын. Баразæнгард æй кодта йе ‘фсымæр дæр, æхцайæ йæм фæкаст. Фосæн скъæт саразыныл кæд дзæвгар æхца  ацыд, уæддæр Вале паддзахадæй кредит райсын не сфæнд кодта. Йæхимæ цы æхцайы къапеччытæ уыд, уыдонæй балхæдта фыстæ æмæ сæгътæ. Афæдзмæ уыдон дыууæ хатты фæфылдæр сты æмæ Валейæн дæр йæ зæрдæ барухс. Йемæ быдырмæ цæрынмæ рацыдысты йæ цардæмбал æмæ йæ фырт дæр, цæмæй йын йæ къух фæрог кодтаиккой. Куымæридтаты Вале фос кæм дары, уым хæстæг адæм нæ цæры. «Ацы бынаты хæдзæрттæ рагæй нал ис, ам раздæр зæххытæ гуырдзиаг хъæу Ереды цæрджыты къухы уыдысты. Ныртæккæ мæ фос кæм хизын, уым-иу советон рæстæджы колхозы уыгæрдæнтæ уыдысты. Ам цы зæххытæ ис, уыдон хъæздыг сты, уымæ гæсгæ сæ бирæтæ сæхи бакодтой, зæххы куыстæн æппындæр чи ницы æмбары, ахæмтæ. Кусгæ дæр сæ нæ кæнынц æмæ схæмпæл сты. Мæнмæ гæсгæ, хъæуы ацы зæххытæй хуыздæр пайда кæнын. Уый æнцон нæу, фæлæ ахæм зæххытæ дæр æгуыстæй лæууой, уый дæр раст нæу. Зæгъæм, æз ныр фондз азы бæрц курын Хицауадæй, цæмæй мын баххуыс кæной æмæ мын мæ фермæмæ рухс рауадзой. Цæттæ дæн мæхæдæг дæр баххуыс кæнынмæ, фæлæ мын мæ куырдиатмæ йæ хъус ничи дары», – радзырдта  нын фермер.

Уый ма зæгъы, зæгъгæ, куыддæр мæ бон суа, афтæ фермæмæ рухс хъуамæ рауадзон. Æнæ электроны рухсæй фермер бирæ зындзинæдтыл æмбæлы. Æхсыры продукцийæн уазалгæнæнтæ кæй нæй, уымæ гæсгæ йын арæх фесæфынц. Стæй сæрвæтæй йæ фос куы æртæры, уæд æй фæфæнды бынæттон хабæрттæ базонын телеуынынадæй.

Йæ куысты йæ фарсмæ чи балæууа, ахæм дæр ничи ис. Æрцæуæггаг, Таджикистанæй, кусæг æм бæргæ уыд, фæлæ уый дæр сæхимæ ацыд. Нæлгоймаг иунæгæй кæй у, уымæ гæсгæ йæ фосыл не ‘ххæссы, фыдбылызтæ йын сыл арæх æрцæуы. «Быдыры сын кæрдæг куыннæуал фæфаг кæны, уæд сæ хъæдмæ хæстæг аскъæрын. Сырд сæм æмхиц у, æмæ дзы аскъæфы. Фыййау агурын, фæлæ кусын никæй фæнды», – зæгъы Вале.

Фермеры фарстам, зæгъгæ, хъавыс æви нæ ноджыдæр дæ фос фæфылдæр кæнынмæ. Фæлæ уый куыд загъта, афтæмæй йæ цымыдис кæны туризмы къабаз дæр. Цы бынаты ис, уымæй фæндид чысыл коттеджтæ саразын, цæмæй æрдзмæ тырной адæм. Сыгъдæг уыгæрдæнты сæрибарæй цы фос хизы, суадоны дон чи нуазы æмæ сыгъдæг уæлдæфæй чи улæфы, уыцы фосы фыдæй физонджытæ хæрзад хъуамæ уой. Фæлæ мын мæ фæндтæ тынг къуылымпы кæны, электроны рухс кæй нæй, уый», – загъта Куымæридтайы лæппу.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.