Куыд алы бæстæты, афтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны дæр цытджын æгъдауæй нысан æрцæуы дзыллон информацийы фæрæзты кусджыты бон. Раздæр мыхуыры боныл нымад цыд 5-æм май. Фæлæ ныр цалдæр азы дæргъы дзыллон информацийы фæрæзты кусджыты бон фæнысан кæнынц 23-æм июлы. Уыцы бон æй уымæн фæнысан кæнынц, æмæ 1906 азы 23-æм июлы рухс федта фыццаг ирон газет «Ирон газет», зæгъгæ.

Уавæрæй спайда кæнгæйæ мæ, ацы нысаниуæгджын боны цыбыртæй радзурын фæнды газет «Хурзæрин»-ы коллективы зын, фæлæ ахсджиаг æмæ хъæуæг куысты тыххæй. Газет-кæсджытæ йæ куы зониккой, цас стыр фыдæбон бахъæуы газеты иу номыры рауадзыныл, уæд стырдæр аргъ кæниккой журналистты, иумиагæй сисгæйæ газет «Хурзæрин»-ы алы кусæджы куыстæн дæр, сæйраг редакторæй райдайгæйæ æмæ рæнхъон кусæгæй фæугæйæ. Уый æрмæстдæр фæрсырдыгæй зыны афтæ, ома, цы хъæуы газеты номыр рауадзынæн, фæлæ уый бынтон афтæ нæу. Газет цæмæй газеткæсджытæм фæхæццæ уа, уый тыххæй йыл уæззау фыдæбон бахъæуы. Нырма уал уацхæсджыты хъæуы афойнадыл æрмæджытæ бацæттæ кæнын, мыхуыргæнджытæ сæ хъуамæ смыхуыр кæной компьютертыл æмæ сæ бакæсой хайадты редактортæ, уый фæстæ сæ хъуамæ средакци кæной сæйраг редактор Цгъойты Аринæ æмæ сæйраг редакторы хæдивæг æмæ сæ радтой секретариатмæ, ома, редакицийы къæбицмæ. Уым бæрнон нымæрдар Дзебысаты Гуло æмæ йæ хæдивджытæ Гуыцмæзты Евелинæ æмæ Æлборты Агуындæ хъуамæ макеттæ саразой æмæ сæ бадæттой компьютерон версткæгæнджытæм. Уырдыгæй та æрмæджытæ бахауынц корректортæм, уыдоны æмрæнхъ газеты кæсы радгæс редактор дæр. Æппæт уыцы процедурæты фæстæ газеты макеттæй калькæтæ рауадзынц æмæ сæ арвитынц типографмæ мыхуыр кæнынмæ. Уæдæ, зынаргъ газеткæсæг, ды йæ æнæмæнгæйдæр кæд æх-хæстæй нæ, уæддæр бамбæрстай, цас фыдæбон бахъæуы газеты иу номыр рауадзыныл, уый. Бирæ хæттыты газеты номырыл дзуаппдæттæг радгæс редактор æмæ корректортæ сæ куысты уæлхъус баззайынц суанг 9-10 сахаттæм дæр. Уый уымæн, æмæ цæмæй сымах, нæ зынаргъ газеткæсджытæ, уæ къухмæ райсат уæ уарзон газеты радон номыр æмæ та дзы бакæсат алыгъуызон æрмæджытæ.

1989-2008 азты газет «Хурзæрин»-ы коллектив куыста уæззау уавæрты. Бирæ хæттыты-иу цырагъы рухсмæ дæр архайдтам газеты номыр рауадзыныл, уазалы-иу нæ къухты æнгуылдзтæ хатгæ дæр нал кодтам, афтæмæй. Фæлæ, ныр газет хæдбар паддзахады уадзæм æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ уавæртæ дæр бирæ фæхуыздæр сты. Кæд нырма нæ куыстмыздтæ зæрдæйы фæндиаг не сты, уæддæр ныр кусæм ног сцал-цæггонд кабинетты. Дæргъвæтин хæстон уавæрты кусгæйæ æмæ æрмæстдæр сæ фыссæн систæй хотыхджын уæвгæйæ, Хуссар Ирыстоны журналисттæ тырныдтой дуне-йæн рæстдзинад фехъусын кæнынмæ æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта.

Газет «Хурзæрин»-ы редакцийы, сæ сæргъ газеты сæйраг редактор Цгъойты Аринæ, афтæмæй ис куыстхъом коллектив. Ракæндзынæн уал уын сæйраг редактор Цгъойты Аринæйы кой. Ацы сылгоймаджы сæртæг уæхсчытæм æрхауд стыр уаргъ хæссын, фæлæ сылгоймаг фæразы уыцы стыр уаргъ хæссын. Æнæракæнгæ мын нæй сæйраг редакторы хæдивæг Биазырты Роланды кой дæр. Уый газеты коллективæн у се стыр ныфс, мах, йæ коллегæтæ йæ энциклопеди хонæм, уымæн æмæ йæ цæмæй фæнды дæр ма афæрс, дæ фарстæн дын ратдзæн бæстон дзуапп.

Газеты фæрстыл мыхуыр цæуынц алыгъуызон характеры æрмæджытæ. Арæх газет «Хурзæрин»-ы фæрстыл мыхуыр æрцæуынц æддагон авторты æрмæджытæ дæр. Зæгъæн ис афтæ дæр, æмæ иннæ газеттæм абаргæйæ, ирон газеты фæрстыл æддагон автор-тæн мыхуыр кæй цæуынц иууыл фылдæр æрмæджытæ. Нæ республикæйы ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæн сæ хæдзæртты ссарæн ис газет «Хурзæрин»-ы алы номыр дæр, уымæн æмæ йæ сæ цæст аппарын нæ бауарзы. Ахæмтæм хауы, йæ мадæлон æвзагæн стыр аргъ чи кæны, уый — нæ горæты цæрæг Джиоты Роман дæр. Цхинвалы Октябры уынджы цæрæг Джиоты Азæ нæм фыссы: «Рагæй кæсын мæ уарзон ирон газет „Хурзæрин“-ы, бирæ цымыдисон æрмæджытæ дзы бакæсын, фæлæ дзы уæддæр иууыл тынгдæр фенхъæлмæ кæсын кроссвордтæм, кæцыты стыр цымыдисæй саразын. Фæнды мæ бахатын газеты къухдариуæгадмæ, цæмæй-иу кроссвордтæн сæ дзуаппытæ дæр мыхуыр æрцæуой, науæд иуæй-иу хатт айрох вæййынц, æмæ сæм адæм та æнæрхъæцæй фенхъæлмæ кæсынц. 23-æм июлы, дзыллон информацийы фæрæзты боны мæ фæнды раарфæ кæнын газеты коллективæн. Уадз, фылдæр уын бынтысæд нæ адæмы фæрныгадæн», — фыссы Джиоты Азæ.

Ацы нысаниуæгджын боны мæ фæнды æрæмысын, ирон мыхуыры уæхскуæзæй чи фæкуыста æмæ абон нæ фарсмæ чи нæуал ис, уыдонæй цалдæры. Куыннæ хъуамæ æрæмысæм газет «Хур-зæрин»-ы раздæры бæрнон нымæрдар Дыгъуызты Гришайы, йæ хæдивæг Гуыбеты Юрийы, мыхуыргæнæг, уæзадн сылгоймаг Беппиты Дуняйы æмæ бирæ æндæрты. Дыгъуызты Гришайæн йæ юмор йæ разæй цыд. Иу хатт мын атфæ бакодта, зæгъгæ, дам, ныл сæдæгай азтæ куы ацæуа æмæ дыл уынджы Гивиимæ куы амбæлон, не ’ртæ дæр лæдзугыты æнцой цæугæйæ, афтæмæй, уæд, зæгъ, уæм хæрдмæ скæсдзынæн æмæ уын зæгъдзынæн, сымах мæнæ мæ уарзон æмкусджытæ Катя æмæ Гиви куы стут, æмæ ма уæ тыхæй куы базыдтон, зæгъгæ. Бæргæ дæ хъазæн ныхæстæ куы сæххæст уыдаиккой, Гриша, æмæ сæдæ азмæ нæ, фæлæ ма фæйнæ дæс азы уæддæр куы фæцардаиккат, фæлæ дæу æмæ Гивийæн хъысмæт æндæр фæндаг схай кодта — цæрынхъуæгтæй а-дунейæ аивгъуыйын. Ныр ма уын уæ коллегæтæ арæх æрæмысынц уæ рухс нæмттæ, æндæр ма цы сæ бон у. Æрæджы мыхуыры рацыдысты мæ раздæры æмкусджытæ Хуыгаты Уасил æмæ Нартыхты Гришайы уацмысты æмбырдгæндтæ. Ацы бонты ног чингуытæн презентаци уыд Информаци æмæ мыхуыры комитеты æхсæ-надæмон пресс-центры æмæ телекомпани «Ир»-ы уый фæдыл репортажы мæ раздæры æмкусджыты мыггæгтæ æмæ нæмттæ куы фехъуыстон, уæд мын мæлæты æхсызгон уыд. Æхсызгон та мын уымæн уыд, æмæ дæргъвæтин азты дæргъы кæимæ фæкусай, уыдон тынг æввахс адæймæгтæ свæййынц кæрæдзийæн. Афтæ кæй у, уый уæлдай тынгдæр фæбæрæг вæййы, нæ фарсмæ куынæуал вæййынц, уæд. Æгайтма, сæ ном цæры æмæ цæрдзæн.

Абон мæ фæнды раарфæ кæнын мæ уарзон коллективæн сæ бæрæгбоны цытæн. Уадз, бирæ азты дæргъы æнæнизæй фæцæрут, уæ зæрдæтæ рухс кæнæд уæ цардæй, фæразон стут æмæ дарддæр дæр афтæ цы уат, уыцы амонд уæ уæд. Бирæ азты æнæнизæй лæггад кæнут уæ газеткæсджытæн!

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.