Республикæ Хуссар Ирыстоныл 27 азы сæххæсты цытæн нæ паддзахады алы къуымты дæр уагъд цæуынц алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæ.

Знон, 19-æм сентябры нысан цыдис Паддзахадон тырысайы бæрæгбон æмæ уый сæраппонд республикæйы столицæ горæт Цхинвалы Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы уагъд æрцыдис не ’мбæстæгтæн дзыллон республикон хъусгæфыст, куыд ирон, афтæ уырыссаг æвзагыл дæр. Уымæн æмæ ацы дыууæ æнусы дæргъы кæрæдзийыл баст æвзæгтæн нæ паддзахады ис сæрмагонд бынат, сæ дыууæ дæр сты паддзахадон æвзæгтæ.

Республикон хъусгæфыст ныффыссыны хъуыддаджы официалонæй хайад райстой нæ Президент Бибылты Анатоли æмæ РХИ-йы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ.

Ирон æвзагыл хъусгæфыст ныффыссынмæ сæхи цæттæ кодтой нæ республикæйы æмбæстæгтæй бирæтæ æмæ дзы хайад райстой республикæйы уагдæтты кусджытæ, уыдис дзы районтæй дæр.

Президент Бибылты Анатоли фыццаг бацыдис æмæ бæрæгбоны цытæн арфæ ракодта, уырыссаг æвзагыл хъусгæфыст чи фыста, уыдонæн æмæ уый фæстæ та раарфæ кодта йæ хайадисджытæн. Президент хъусгæфыст фыссынæн равзæрста фыццаг стъол æмæ дзы æр-бадтис арфæйы ныхæстимæ.

Мадæлон æвзагыл хъусгæфыст ауадзыны хъуыддаг сорганизаци кодта РХИ-йы Культурæйы министрад æмæ йæ ауадзын бахæс кодтой ирон æвзаджы дæсны специалисттæ – Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уырыссаг филологи, журналистикæ æмæ фæсарæйнаг æвзæгты факультеты декан Биазырты Аллæ æмæ нæ горæты Колыты Аксойы номыл Аивæдты лицейы ирон æвзаг æмæ литерату-рæйы ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæйæн. Уыдон дæр сæ рады арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ загътой, мадæлон æвзагмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй нæ кæсынц æмæ йын стыр аргъ кæй кæнынц, уый тыххæй. «Бузныг уын уе ‘ппæтæн дæр, рæстæг кæй ссардтат æмæ зæрдиагæй бæрæгбонон хъусгæфысты  хайад кæй исут. Уымæн æмæ абон мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын у махæн нæ сæйраг хæс. Цæмæй мадæлон æвзаг размæ цæуа æмæ рæсугъдæй рæсугъддæр кæна, уый тыххæй ахæм мадзæлттæ уадзын ахсджиаг сты. Сымах уæ мадæлон æвзагыл хъусгæфыст  фыссын кæй равзæрстат, уый тыххæй уын зæгъын стыр бузныг. Абон у бæрæгбон, ирон тырысайы бæрæгбон æмæ мæ фæнды, цæмæй Ирыстоны арв уа, абон куыд сыгъдæг у, афтæ. Ирыстоны сæрмæ кæддæриддæр тырыса фæйлауа, Ирыстоны нæра мадæлон дзырд, ирон музыкæ æмæ ирон кафт макуы банымæг уæт, уый у нæ хуыздæр фæндиаг. Ирон адæм сæрибарæй, уæнгрогæй æмæ хъæлдзæгæй цæрынæй цы бафсæдой, уыцы амонд нын стыр Хуыцау зæгъæд», – загъта йæ арфæйы ныхасы Гæбæраты Фатимæ.

Арфæты фæстæ Биазырты Аллæ бакастис скъуыддзаг Хетæгкаты Къостайы «Дзæбидырдзуан»-æй. Уый райдианы текст бакастис æмæ уый фæстæ æрæвнæлдтой хъусгæфыст фыссынмæ.

Хъусгæфыст фысджытæн бай-уæрстой сыгъдæг, ирон тырысайы хуызджын нывимæ сыфтæ æмæ фыссæнтæ.

Бæрæгбонон хъусгæфыст фæцис тагъд æмæ алчидæр цымыдис кодта, йæ куыст куыд ныффыста æмæ йын цы аргъ скæндзысты ахуыргæнджытæ, уымæ. Бирæтæ-иу бацыдысты æмæ-иу сæ куыстытæ раст кæнынмæ радтой ирон æвзаджы специалисттæм, цæмæй сæ ны-сæнттæ развæлгъау базыдтаиккой. Раст кодтой Президент Бибылты Анатолийы фыст дæр, фæлæ сæхæдæг, мадзалы организатортæ куыд загътой, афтæмæй хъусгæфысты фæстиуджытæ фехъусын кæндзысты телеуынынад æмæ газетты руаджы.

Хъусгæфыстæн цы нысаниуæг дæтты нæ бæстæйы сæргълæууæг æмæ йыл цы тæлмæнтæ ныууагъта, уый тыххæй радзырдта журналисттæн.

«Абон мæм ацы хъусгæфыст  ныффыссыны хъуыддаг сæвзæрын кодта, раст ма нæ Республикæйы Президентон æвзæрстыты агъоммæ цы фæлтæрæн лæвæрдтон, цæмæй уагъд æрцыдаин Президентон æвзæрстытæм, ахæм тæлмæнтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, адæймаг фæтыхсы. Уæлдайдæр та хайад куы исай стыр аудиторийы, æхсæнады æмæ дæ алчидæр куы уына. Мæн фæндид, цæмæй-иу ахæм мадзæлтты хайад исой фидæны Президенттæм æмæ ма уый размæ чи уыдысты, уыцы кандидаттæ дæр. Цæмæй ахæм мадзæлтты æвдисой сæ ахуырдзинад æмæ цæттæдзинад мадæлон æвзаджы граммати-кæйы растфыссынады, ома, сæ мадæлон æвзаг куыд зонынц æмæ йæ куыд уарзын кæнынц адæмæн дæр, уый.

Кæй зæгъын æй хъæуы, адæймаг скъолайы фæстæ, рæстæг куы рацæуы, уæд ферох кæны бирæ цыдæртæ æмæ ахæм мадзæлтты хъусгæфыст куы фыссай, уæд æрхъуыды кæндзынæ бирæ фæткойтæ грамматикæйæ. Раст дæр кæм хъæуы къæдзгуытæ нывæрын, дамгъæтæ куыд растдæр хъæуы фыссын хицæн æмæ хицæн вазыгджын дзырдты æмæ афтæ дарддæр. Ирон æв-заг вазыгджын у æмæ хъæуы канд хъусгæфыст нæ, фæлæ сочиненитæ дæр фыссын. Уымæн æмæ уæд рабæрæг вæййы, адæймаг йæ хъуыдытæ куыд хæссы æмæ темæ куыд æмæ цас райхалы, уый. Хъыгагæн, нæм ис ахæм ахуыргæнинæгтæ, æмæ сæ мадæлон æвзагыл лæгъзæй зæгъой сæ хъуыдытæ, уый сæ бон нæу. Уымæн йæхи ах-хосæгтæ ис æмæ хъæуы кусын мадæлон æвзаджы рæзтыл», – загъта Бибылты Анатоли.

Мадæлон æвзагыл хъусгæфыст ныффыссын нæ бæстæйы сæргълæууæг цæмæн равзæрста, журналистты уыцы фарстæн та Президент радта ахæм дзуапп, зæгъгæ, йæ уый кæй сбаста ирон паддзахадон тырысайы бæрæгбонимæ æмæ растыл банымадта мадæлон æвзагыл бæрæгбонон хъусгæфысты хайад райсын. «Раст уын куы зæгъон, уæд мæнæн бирæ æнцондæр у уырыссаг æвзагыл ныффыссын хъусгæфыст. Чизоны, худинаг дæр у, æмæ уырыссаг æвзаджы грамматикæйæ фидардæр кæй дæн, уый дзурын, фæлæ афтæ у. Абоны текст зын нæ уыдис, фæлæ ма йæ сфæлхат кæнон, рагæй куынæ фыссай æмæ дæхиуыл куынæ кусай, уæд адæймагæн зын вæййы. Вазыгджын у ирон æвзаг æмæ йæ ахуыр кæнын хъæуы. Куыд уынут, афтæмæй йæ ахуыр кæнын æмæ сидын алкæмæ дæр, цæмæй нæ ирон æвзаг ахуыр кæнæм æмæ йыл лæгъзæй дзурæм, уартæ йыл Гæбæраты Юри, Плиты Гацыр, Хъазиты Мелитон æмæ бирæ æндæр ирон æвзаджы дæснытæ куыд дзурынц, афтæ йыл дзурæм иумиагæй», – загъта Президент Бибылты Анатоли.

Хъусгæфыст ма хайадисджытæм цы тæлмæнтæ сæвзæрын кодта, уый тыххæй нын дзырдтой бирæтæ, зæгъгæ, арæхдæр кæй хъæуы уадзын ахæм мадзæлттæ, канд бæрæгбоны нæ, фæлæ æндæр бонты дæр.

РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады пресс-нымæрдар, журналист Остъаты Алан дæр хайад райста хъусгæфыст ныффыссыны мадзалы æмæ тынг райгондæй баззад организатортæй æмæ сын зæгъы бузныджы ныхæстæ. «Тынг хорз рауад нæ абоны мадзал. Карзæй цыдис, хатыртæ дзы никæмæн уыдис æмæ, хорз уаид, арæхдæр куы уадзиккой ахæм æнгæс мадзæлттæ, уый. Æхсызгон ма уый у, æмæ дзы фылдæрбæрцæй хайад кæй истой фæсивæд. Уыдис дзы тыхон структурæтæй дæр, федтон дзы æндæр уагдæтты кусджытæй. 1995 азы каст фæдæн нæ институт æмæ уæдæй нырмæ бирæ рæстæг рацыдис æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æз дæр абон бирæ цæуылдæрты дызæрдыг кодтон грамматикæйæ. Уымæн æмæ уыцы куыст куы нæ кæнай, уæд рох кæны алцы дæр. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ арæхдæр кæй хъæуы ахæм хъусгæфыст уадзын. Æвзæр ма нæ уаид, æмæ нæ паддзахадон уагдæтты документаци фыст куы цæуид ирон æвзагыл дæр», – загъта Остъаты Алан.

РХИ-йы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ дæр хъусгæфыст кæй ныффыста, уый йæм сæвзæрын кодта хорз тæлмæнтæ. «Текст зынфыссæн текстыл нымад у, фæлæ йæ фыстон зæрдиагæй. Ис нæм ахæмтæ, кæцытæ иронау кæсын нæ зонынц æмæ хъæуы хиуыл кусын. Кæсын хъæуы ирон чингуытæ.

Æз Казахстаны фæцардтæн 23 азы бæрц æмæ уым цæргæйæ мæ хæсыл нымадтон, цы зæххыл дæн, уыдон æвзаг сахуыр кæнын. Сахуыр дзы дæн фыссын æмæ сын кастæн сæ литературæ дæр, æмæ-иу хъуыды кодтон, стыр хъуыддаг кæй сарæзтон. Æмæ уæд мадæлон æвзаг та куыннæ хъуамæ зонæм æмæ йæ ахуыр кæнæм. Стыр бузныг алкæцы хайадисæгæн дæр. Мадзалы хайадисджытæй ацы туры чи ахиза, уыдонæн фæнд кæнæм дыккаг æмæ æртыккаг туртæ дæр саразын. Уыдзæн дзы викторинæтæ ирон символикæйы тыххæй. Æмæ æртыккаг туры та бакæндзыстæм уырыссаг символты тыххæй ахæм æнгæс викторинæ. Фæуæлахизуæвджытæм та æнхъæлмæ кæсы сюрприз».

Уæдæ, куыд рабæрæг, афтæмæй хъусгæфыстмæ адæм æрбацыдысты зæрдиагæй æмæ сæ организаторты зæрдæтæ дæр цы барухс уой æмæ се ‘ппæт дæр хорз нысæнттæ цы райсой, уыцы амонд сæ уæд.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.