Цхинвалы Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры уагъд æрцыдис Дзæуджыхъæуккаг ансамбль «Хохаг»-ы бæрæгбонон концерт. Ардæм фæуазæг сты бæстæйы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Концертмæ æрбацыдис бирæ адæм, – сæрибар бынат дзы нал баззад. Ӕмæ, раст зæгъгæйæ, æнæхъуаджы цыд нæ фесты, уымæн æмæ концерт рауад тынг цымыдисон. Кафджыты арæхстдзинадæн адæм зæрдæбынæй æмдзæгъд кодтой. Сæ репертуар уыд хъæздыг, – сæххæст кодтой ирон адæмон æмæ æндæр кавказаг кæфтытæ. Сæ уалæдарæс дæр уыд тынг аив æмæ артисттæн уый уæлдай фидауц лæвæрдта. Афтæмæй сæ бакастæй æмæ сæ уæнгты змæлдæй зæрдæ радис.

Ансамбль «Хохаг» арæзт æрцыдис 1961 азы горæт Дзæуджыхъæуы Паддзахадон хæххон аграрон университеты æмæ дзы йæ сырæзтæй фæстæмæ архайдтой æрмæстдæр студенттæ. Сæ хорз  æнтысты фæрцы бирæ хæттыты фæуæлахиз сты алыгъуызон фестивалты æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр. Ныртæккæ коллективы аивадон къухдариуæггæнæг у Цæгат Ирыстоны адæмон артист Ӕлборты Юри. Ӕнтыстджын кæй сты, уый тыххæй æппынæдзух вæййынц алыгъуызон æппæтадæмон фестивалты хайадисджытæ.

  ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.