Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинмæ

Цытджын Владимир Владимиры фырт!

Зæрдæбынæй дын арфæ кæнын Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн!

Уæрæсейы бирææнусон истори хъæздыг у уæрæсейаг æфсæддоны хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинады цæвиттонтæй. 2008 азы гуырдзиаг неофашистты агресси, кæцы баст уыд Хуссар Ирыстоны адæмы физикон æгъдауæй скуынæг кæнынимæ, урæд æрцыд уæрæсейаг хæстоны ‘руаджы. Уый кæддæриддæр уыд сабырады æмæ адæмты сæрибар рæзты æвварс.

Хуссар Ирыстоны адæм бузныг сты уæрæсейаг хæстонæй, не ‘взонг паддзахад бахъахъхъæнын æмæ сфидар кæныны хъуыддагмæ стыр бавæрд кæй бахаста, уый тыххæй.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны дæуæн, цытджын Владимир Владимиры фырт æмæ Уæрæсейы Федерацийы бирæнацион адæмæн мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, сабырад æмæ фæрныгад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведевмæ

Цытджын Дмитри Анатолийы фырт!

Айс мын мæ иууыл хъармдæр арфæтæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн  æгæрон хъæбатырдзинады, Райгуырæн бæстæ æмæ æфсæддон хæсыл æнувыддзинады бæрæгбоны цытæн.

Ацы бæрæгбон у хæстон кады бæрæгбон, йæхимæ райста Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны хъуыддаджы хуыздæр традицитæ. Баст у адæймаджы хъæддых характерыл, хъæбатырдзинадыл æмæ уды фидардзинадыл.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Дмитри Анатолийы фырт, фидар æнæниздзинад, æвидигæ хъару æмæ æнтыстджын архайд Уæрæсейы Федерацийы бирæнацион адæмы хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

 

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ

Цытджын Вячеслав Зелимханы фырт!

Айс мын мæ иууыл хъармдæр арфæтæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны  æнæкæрон хъæбатырдзинады, Райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнын æмæ æфсæддон хæсыл æнувыддзинады бæрæгбоны цытæн.

Алчи дæр ацы бæрæгбон алыгъуызон æмбары. Иутæ 23-æм февраль нымайынц, æфсæддон службæ чи рацыд, уыдоны бæрæгбоныл. Æндæртæ та йæ нымайынц, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд чи тох кодта, уыдоны. Фæлæ куыдфæнды ма уа, уæддæр иу кæны æцæг нæлгоймæгты – намысджын æмæ хъæбатыр, фидар удысконд æмæ Райгурæн бæстæйæн лæггад кæнынæн йæ цард чи снывонд кодта, уыдоны.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Вячеслав Зелимханы фырт, фидар æнæниздзинад, сабырад, фæрныгад æмæ Райгуырæн бæстæйы æдасдзинад æмæ авторитет сфидар кæныны хъуыддаджы æнтыстытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

 

Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министр, армийы инæлар Сергей Шойгумæ

Цытджын Сергей Кужугеты фырт!

Зæрдæбынæй дын арфæ кæнын дæуæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты æппæт рæнхъон скондæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн.

Ацы бæрæгбон у, бирæ азты дæргъы намысджынæй чи æххæст кодта йе ‘фсæддон æмæ службæйон хæс, Райгуырæн бæстæйы æдасдзинад сфидар кæныны хъуыддагмæ йæ бавæрд чи хæссы, уыдоны.

Ацы бон нын нæ зæрдыл лæууын кæны нæ хъайтарты сгуыхтдзинæдтæ, кæцытæ зын уавæрты нæ Райгуырæн зæхх, сæ бинонты хъахъхъæдтой. Æмæ бафидар кодтой æфсад æмæ адæмы ‘хсæн æнæфæтасгæ бастдзинад кæй ис, уый.

Ацы бæрæгбоны, Цытджын Сергей Кужугеты фырт, дæуæн æмæ   Фыдыбæстæйы æппæт хъахъхъæнджытæн мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, хъæбатырдзинад, быхсындзинад æмæ лæггад кæнын Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли ма бæрæгбоны цытæн арфæйы телтæ арвыста: Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уæвæртæ æмæ стихион бæллæхты фæстиуджытæ аиуварс кæныны Министр Владимир Пучковмæ, Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимбамæ, Донецкы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Александр Захарченкомæ, Луганскы Адæмон Республикæйы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Леонид Пасечникмæ, Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Президент Вадим Красносельскимæ, Республикæ Арцахы Президент Бако Саакянмæ, Уæрæсейы Федерацийы Хуссар æфсæддон зылды 58-æм иумæйаг æфсæддон армийы командæгæнæг, инæлар-майор Евгений Никифоровмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.