20 сентябры Къостайыхъæумæ бацæуæны алцыдæр уыд бæрæгбонгъуыз. Нæ республикæйыл 26 азы сæххæсты боны цытæн ам нысан цыдис этнографион бæрæгбон «Наследие предков». Зæрдæ рухс кодта бæрæгбонмæ æрбацæуæг адæмы хъæлдзæг ныхас æмæ мидбылхудтæй, кæрæдзийæн сæ арфæйы дзырдтæ æмæ ныхæстæй.

Адæмы зæрдæтæ ноджы тынгдæр барухс сты се ‘хсæнмæ куы æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, Хицауады æмæ Парламеты сæрдæрттæ Хъуылымбегты Доменти æмæ Бибылты Анатоли, уæд. паддзахады разамонджытимæ ма уыдысты Уæрæсе, Цæгат Ирыстон, Абхаз, Хæххон Хъарабах, Луганск, æмæ æндæр регионты минæвæрттæ. Уыдоныл, куыд адæм, афтæ районты æмæ горæты минæвæрттæ дæр æмбæлдысты цины æмæ райзæрдæйы æнкъарæнтимæ.

Уазджытыл фыццаг фембæлдысты нæ республикæйы дзулфыцæн комбинаты минæвæрттæ. Æмæ æмбæлгæ дæр кодта афтæ, уымæн æмæ дзулæн нæ царды цы стыр нысаниуæг ис, адæмты ‘хсæн ын цахæм кад æмæ аргъ ис, уый æнæмбæрст никæмæн у. Уазджытыл дзаггарзимæ фембæлд комбинаты директор Цхуырбаты Вадим æмæ йæ фыццаг радта Тыбылты Леонидмæ. Уый коллективы кусджытæн раарфæ кодта Республикæйы боны цытæн. Загъта, цæмæй сын зæрдæрухсгæнæн æнтыстытæ уа, куыд куысты, афтæ бинонты ‘хсæн, царды. Уый фæстæ уазджытæ базонгæ сты комбинаты рауадзгæ продукцийы гъæд æмæ бирæнымæц хуызтимæ.

Паддзахады разамонджытæ æмæ уазджытæ дарддæр зонгæ кодтой «Бæгъиат»-ы заводы, Цхинвалы, Ленингоры, Знауыры, Дзауы районты продукцийы гъæд, горæт Цхинвал æмæ иуæй-иу амалиуæггæнæг куыстуæттæ æмæ хицæн адæймæгты конд, арæзт мигæнæнтæ æмæ республикæйы сывæллæтты арæзт нывтимæ. Ам фенæн уыд рагон ирон хæдзарон, алыгъуызон кусæнгæрзтæ æмæ мигæнæнтæ. Ацы хъуыддаджы сæхи хуыздæр бацæттæ кодтой Знауыры район. Уыд сæм чъеури царвцæгъдæн, пирæн, хснудæн, æлвисæн, чысыл дзоныгъ æфсондз æмæ æндæр ахæмтæ.

Бæрæгбон цы бирæ миниуджытæ æмæ архайдтытæй рафиыдыдта, уыдонæй иу уыд сабийы авдæны батухын æмæ йæ авдæны аузын. Сæ разы Паддзахад, Хицауад, Парламенты разамонджытæ æмæ уазджытæ дзырдтой арфæйы ныхæстæ. Уымæй дарддæр ма сын бакодтой материалон лæггад дæр.

Бæрæгбон тынгæй-тынгдæр кæны. Гомарвыбын арæзт сценæйæ хъуысынц ирон æмæ уырыссаг адæмы зарджытæ. Æххæст сæ кодтой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны зарæггæн-джытæ. Сæ рог æмæ арæхстджын кафтæй сæхимæ хуыдтой районты кафджыты къордты.

Ныр та мæ банысан кæнын фæнды цалдæр фиппаинæджы. Æмæ æрмæст уымæн нæ æмæ искæй смæсты кæнон, искæмæн фыдæнæн кæнын, фæлæ мæ фæнды, цæмæй ахæм æппæарццаг архайдтытæ мауал уа, куыд нæ адæмы ‘хсæн, афтæ нæ бæрæгбонты дæр.

Цæвиттон паддзахады разамонджытæ æмæ-иу уазджытæ кæй цурæй ацыдысты, уыцы районтæ-иу раст цыма хорз кæуыл узæлыдысты уыдоныйедтæмæ бæрæгбоны ничи уыдис, сæхи-иу равдыстой афтæ. Чи уыдысты, уыдоны кой нæ ракæндзынæн, фæлæ цас раст у æмæ æгъдау чи равдыста, уыдонæй æрдомой:

– Лæппутæ, разамонджытæ куыддæр махæй ацæуой, афтæ æрбатæрут машинæ, бакалут сæ (дзырдтой хæринæгтæй) æмæ адымдтам. Ахæм архайд никуы фидауы уæлдайдæр та бæрæгбоны, уымæй дæр ахæм стыр æмæ цытджын бæрæгбоны æмæ арæзт дæр ма хъуамæ цæуа.

Ахæм ми æрмæст-иу районы минæвæрттæ куы бакодтаиккой, уæд чизоны, нæ ракодтаин сæ кой, фæлæ, хъыгагæн, уыд ма дзы æндæр цаутæ дæр. Æз дæр сын хонын кодтон мæхи æргомæй, фæлæ марадз зæгъ.

Хорз зæрдæйыуаг æмæ рæдау армæй паддзахады разамонджытæ, уазджытæ æмæ хуымæтæг адæмæн чи балæггад кодта, алкæмæ дæр æцæг бæрæгбонон зæрдæ чи равдыста, уыдон уыдысты Ленингоры районы минæвæрттæ, йæ разамонæг Босыкты Алексеимæ. Бæрæгбонмæ æрцæуæг адæммæ алчидæр ахæм ахаст куы равдыстаид, уæд дзы иунæг адæймаг дæр хъæстагæй нæ баззадаид. Уырны мæ ацы уацæй хатдзæгтæ кæй сараздзысты æмæ бæрæгбонты сæхи ахæмæй кæй нал равдисдзысты, уый.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.