Алы бинонты дæр, сывæллоны скъоламæ фæндараст кæнгæйæ, зæрдæбынæй фæфæнды, цæмæй сын хорз ахуыр кæна, уа æгъдауджын æмæ коммæгæс. Фæлæ æрмæст фæндондзинад фаг нæу. Скъоламæ цæуынмæ сывæллоны цæттæ кæнын хъæуы бирæ раздæр æмæ уыцы куыст æххæст кæнын хъæуы систематикон æгъдауæй, хъуамæ дæм уа быхсындзинад æмæ фæндвидардзинад.

Скъоламæ цæттæ кæнгæйæ стыр нысаниуæг ис сывæллæттæн сæ алыварс царды тыххæй зонындзинæдтæ фылдæр кæнынæн. Уыдон сты нæ бæстæйы тыххæй зонындзинæдтæ (куыд хуыйны нæ сæйраг горæт, кæцы горæт у), куыд хуыйны, кæм цæрæм, уыцы горæт, цы дзы ис фенддагæй, кæм кусынц хистæр адæм. Хъуамæ зоной сæ уынджы, сæ бинонты, се скъолайы тыххæй, фæндагон змæлды фæткойты тыххæй æмæ æндæр ахæмтæ.

6-7-аздзыд сывæллонмæ хъуамæ уа бæрæг зонындзинæдтæ æрдзы фæзындтыты тыххæй. Тезгъо кæнгæйæ, фæсгорæт экскурситы уæвгæйæ, зайæгойтæ, хæдзарон цæрæгойтæм зилгæйæ, сывæллæттæ райсынц хорз зонындзинæдтæ хæдзарон цæрæгойты, бæлæсты, кæрдæджыты, дидинджыты, мæргъты пайдайы тыххæй. Сывæллæттæ ахуыр кæнут æрдзы рæсугъддзинадмæ хъусдарыныл æмæ йæ æнкъарыныл, цæвиттон, цахæм вæййы бæрз сæрды æмæ фæззæджы, цæмæй хицæн кæны наз соцъийæ, бæрз хæрисбæласæй æмæ афтæ дарддæр. Алфæмблай царды цауты, æрдзы тыххæй зонындзинæдтæ хорз фæахъаз уыдзысты ахуыры рæстæджы.

Ахсджиаг у, сывæллæтты алцæмæ цымыдис кæнынмæ разæнгард кæнын: лæмбынæг сын дзуапп кæнын хъæуы сæ фарстытæн – цæмæн, цæй тыххæй. Хатт ныййарджытæ сывæллæтты фарстытыл нæ ахъуыды кæнгæйæ сæ къух ауигъынц, зæгъгæ мæ ма хъыгдар, рæстæг мын нæй. Ахæм дзуаппытæй уыдон нымæг кæнынц сывæллоны цымыдисдзинад. Гæнæн уæвгæйæ, сывæллæтты фарстытæн хъæуы раст дзуапп кæнын. Дæхæдæг та сывæллæттæм хъуамæ дæттай ахæм фарстытæ, кæцытæ сæ домынц ахъуыды кæнын: «цæмæн афтæ хъуыды кæныс», «куыд æй базыдтай» æмæ афтæ дарддæр. Скъолайы æнтысгæ ахуырæн ахсджиаг у ныхасы рæзтыл кусын. Ахсджиаг у, цалынмæ сывæллон фыццаг къласмæ нæ бацыд, уæдмæ дзурын зона ныхæсты æппæт зæлтæ дæр, уымæн æмæ раст куынæ дзура, уæд æй уый гæнæн ис, хъыг дара раст фыссыныл фæцайдагъ уæвыныл дæр.

Хорз уаид, сывæллон цалынмæ скъоламæ нæ бацыд, уæдмæ куы сахуыр уаид аргъау, чысыл радзырд, æмдзæвгæ раст дзурын. Цалынмæ сывæллон скъолайы къæсæрæй нæ бахиза, уæдмæ хъуамæ зона æнæкæсгæйæ 10-12 чысыл æмдзæвгæйы, цалдæр уыци-уыци æмæ æмбисонды.

Скъолайы агъоммæ рæзын кæнын хъæуы сывæллоны хъуыдыкæнынад, йæ цырддзастдзи. Хæдзары сывæллæттæн организаци кæнут ахуыртæ, фæлтæрут сæ конкретон предмæттæ нымайыны (кубиктæ, æнгузтæ æмæ æндæр ахæмтæ), уыдон хъуамæ уой дæс-дыууыны бæрц, ахуыр сæ кæнут хуымæтæджы рардтæ аразын, хуыздæр у цæстуынгæ конкретон æрмæджытæй пайда кæнын. Хъæзтыты рæстæджы сывæллæттæн сæ бон уыдзæн хъусдарын, иу предметтæ стырдæр, даргъдæр кæй сты иннæтæй, иутæ дзы æввахсдæр кæй сты, иннæтæ – дарддæр, иутæ дзы иуæрдыгæй кæй сты, иннæтæ та – иннæрдыгæй, уымæ, цайдагъ кæндзысты абарстытæ кæныныл.

Зындгонд у, сывæллæттæн зындæр кæй вæййы фыссыныл фæхæст уæвын. Фыссынмæ сæ бацæттæ кæнынæн баххуыс уыдзысты къухæй кæнгæ алыгъуызон ахуыртæ: сывæллон гæнæн ис ныв кæна, æлыг кæнæ пластилинæй араза алыгъуызон фигурæтæ, гæххæттæй, кардонæй, хъæдæй æмæ æндæр ахæмтæй хъазæнтæ араза. Стъолы фарсмæ ахуырты рæстæджы иттæг ахсджиаг у, сывæллон куыд бады, уымæ хъусдарын: къæхтæ хъуамæ æххæссой астæрдмæ, астæу хъуамæ æнцой кæна бандоны æнцойгæнæныл, цæнгтæ хъуамæ уой стъолыл. 5-6 азмæ сывæллонмæ фæзыны дамгъæтимæ базонгæ уæвыны фæндондзинад, уæнггай кæсынмæ цымыдисдзинад.

Сывæллон скъолайы уæд ахуыр кæндзæн æмæ йæхи хорз уæд æнкъардзæн, кæд æмæ уа æгъдауджын, йæ бон цы у, уымæй йæхæдæг архайа æмæ искæй æххуысмæ ма æнхъæлмæ кæса, аргъ кæна ахуыргæнæгæн æмæ йе ‘мбæлттæн.

Зæрдыл дарын хъæуы, скъоламæ сывæллоны цæттæ кæнын кæй хъæуы цыбыр æмгъуыдмæ нæ, фæлæ скъолайы агъоммæ кары азты дæргъы.

Бацæттæ йæ кодта

Дзебысаты Г.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.