РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик бабæрæг кодта, Цхинвалы бирæпрофилон колледжы. Уым Урсы къуырийы цытæн сарæзтой цы Масленицæйы бæрæгбон.

«Уалдзæджы æрбалæуды символ цы бæрæгбон у, уый нысан кæнынц æппæт постсоветон тыгъдады, уыцы нымæцы – Хуссар Ирыстоны дæр. Уый у хорз æфсон рæстæг хъæлдзæгæй арвитынæн. Æмæ уый дзæгъæлы Стыр мархойы размæ нæ вæййы. Мæ цæст уын уарзы, цæмæй уын ацы бæрæгбон алы хæдзармæ дæр æрхæсса уарзондзинад, хорздзинад æмæ кæрæдзимбарынад», – загъта Пухаты Эрик, æмæ бузныджы ныхæстæ загъта, бæрæгбон чи сорганизаци кодта, æппæт уыдонæн.

Уый ма банысан кодта, Цхинвалы бирæпрофилон колледж кæй у астæуккаг æмвæзады кадрты куырдадз, кæцытæй Хуссар Ирыстон æййафы стыр хъуагдзинад.

«Республикæйы Президент, æххæсткæнынадон хицауады органтæ стыр æххуыс кæнынц колледжæн, материалон-техникон æмæ организацион фарстытæ скъуыддзаг кæнгæйæ. Æмæ мах ныфс ис, колледжы къухдариуæггæнæгæн кæй бантысдзæн ахуырадон уагдоны архайд фæбæрзонддæр кæнын ног гъæдон æмвæзадмæ, техникон професситæ сахуыр кæнынмæ фæсивæды æрбахонын», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Хицауады Сæрдар æмæ мадзалы хайадисджытæ базонгæ сты ахуырадон æрмадзтимæ æмæ ахуырдзауты куыстытимæ, афтæ ма сæ цæст ахастой бæрæгбонон программæйы концертон номыртыл æмæ конкурсты, кæцытæ сæрмагонд тыхтæй бацæттæ кодтой колледжы ахуыргæнджытæ æмæ     ахуырдзаутæ.

Мадзалы ма хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.