Республикæмæ кусæгон балцы æрцæуæг Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министры хæдивæг Игорь Кошин æмæ РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик азылдысты нæ горæты Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объекттыл. Семæ ма уыдысты Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Зæгъойты Эдуард æмæ профилон ведомствоты сæргълæуджытæ.

Уыдон фыццаг рады бацыдысты Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры арæзтадмæ. Ацы объекты ма ис чысыл аразинæгтæ æмæ уыдон дæр æввахс рæстæджы æххæст æрцæудзысты, афтæмæй объект æввахс рæстæджы эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн.

Уый фæстæ Игорь Кошин бабæрæг кодта Хъайтарты уынджы кæрон бирæуæладзыгон хæдзæртты арæзтад. Генподрядон организаци ООО «СТМ-Юг»-ы къухдариуæггæнæг Коцты Олег бæстонæй базонгæ кодта уазæджы арæзтады уавæримæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ объекты кусы 160 бынæттон кусæджы. Кæронмæ фæхæццæ кæнынц 8 секцион бирæуæладзыгон хæдзары арæзтадон куыстытæ. Уый æмрæнхъ æххæстбæрцæй цæуынц бирæуæладзыгон мидæггагон хæдзæртты иннæ куыстытæ. Августы мæйы райдиан эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн 200 фатерон цæрæнуатон комплекс. Уыцы æмгъуыдмæ фæуыдзысты йæ алыварс территорийыл хæрзарæзтадон куыстытæ дæр.

Операцион-хирургион комплексыл дæр куыста ООО «СТМ»-Юг». Ацы дыууæуæладзыгон бæстыхайы æвæрд æрцыд нырыккон домæнтæн дзуапдæттæг ифтонгад. Уырдæм баконд æрцыдысты рынчындоны исæн хайад, сæйраг стерилизацигæнæн хайад, операцийы агъоммæйы цæттæгæнæн залтæ, реанимацион хайад, интенсивон терапийы палатæ, гемодиализы хайад æмæ компьютерон томографийы хайад. Æппæт уыцы арæзтадон куыстытæн хатдзæгтæ скæнгæйæ, Игорь Кошин загъта, куыстытæ кæй сты бæрзонд æмвæзадыл конд.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Зæгъойты Эдуард куыд загъта, афтæмæй ацы медицинон уагдон цæттæ у эксплуатацимæ раттынмæ.

Инспекцион азылды хайадисджытæ бацыдысты Гуырæн хæдзары ног арæзтадмæ дæр. Ацы арæзтад нырма ис райдайæн стадийыл. Арæзтады министр куыд банысан кодта, афтæмæй ацы медицинон уагдон дзуапп дæтдзæн æппæт нырыккон домæнтæн.

 

НЫХАС БАКÆНГÆ   КУЫСТЫ ФÆДЫЛ

Инспекцион азылды фæстæ РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли ауагъта æмбырд Хицауады уæнгтæ æмæ арæзтадон организациты къухдариуæггæнджытимæ, цыран дзырд цыд Инвестицион программæйы 2015-2017 азты реализаци кæныны хатдзæгты фæдыл æмæ 2018-2019 азты Инвестпрограммæ куыд æххæст цæуы, ууыл.

«Республикæйы арæзт æрцыдысты бирæ социалон нысаниуæджы объекттæ, бирæ арæзт æрцыд инженерон, фæндагон инфраструктурæйы фæдыл дæр. Фæлæ уый фаг нæу æмæ дарддæр дæр мах кусдзыстæм республикæйы цæрджыты цардуагон уавæртæ фæ-хуыздæр кæныныл», – загъта Бибылты Анатоли.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Зæгъойты Эдуард, 2015-2017 азты Инвестпрограммæйы фæстиуджытыл дзургæйæ, загъта: «2015-2017 азты Инвестпрограммæ æххæст æрцыд 90  процентæй. Бæрæг аххосæгтæм гæсгæ иуæй-иу объекты арæзтад хаст æрцыд 2018 азмæ, уыцы нымæцы Паддзахадон драмон театры арæзтад дæр. Сæвзæрди дзы бæлвырд проблемæтæ.  Ныртæккæ куыст цæуы уыдон аиуварс кæныныл.  Ахæм объекттæм ма хаст æрцыд горæты цæгатфарс медицинон-социалон нысаниуæджы центр. Арæзтады кæройнаг æмгъуыдтæ хаст æрцыдысты объективон аххосæгтæм гæсгæ. Уыцы аххосæгтæ баст сты арæзтады рæстæджы объектæн ивд кæй æрцыдис йæ функционалон нысаниуæг æмæ афтæмæй арæзт кæй цыд.

Зæгъойты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ ацы объекты сæйраг куыстытæ сты фæуд. Марты мæйы фæудмæ ацы медицинон-социалон нысаниуæджы центр хъуамæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуа, æмæ йæ алыварс территори та хæрзарæзт фæуыдзæнис фæстæдæр. Апрелы мæйы райдианмæ та фæнд кæнынц рæуджыты низы диспансеры капиталон-цалцæггæнæн куыстытæ фæуын. Ныртæккæ та уым цæуы мидæггагон куыстытæ. Министры ныхæстæм гæсгæ Ленингоры районы иумæйагахуырадон скъолайы, зæгъæн ис, æмæ фæуд сты сæйраг куыстытæ. Скъолайы ифтонггæрзтæ ныридæгæн бынаты сты, йæ территори дæр хæрзарæзт æрцыд, арæзт дзы æрцыд спортивон фæзуат.

Хъайтарты уынджы кæрон цы хæдзæрттæ арæзт цæуынц, уыдон æмрæнхъ Гуыбаты æфсымæрты уынгыл дæр арæзт æрцæудзæнис дыууæ бирæуæладзыгон хæдзары. Уым ныридæгæн цæуынц сыгъдæггæнæн куыстытæ, ам цы зæронд бæстыхай уыд, уый æрцыд демонтажгонд.

Республикон гуырæн хæдзар гинекологон хайадимæ хъуамæ арæзт æрцæуа 2019 азы кæронмæ. Уый фæдыл Бибылты Анатоли загъта ахæм хъуыды, ома, гæнæн ис, уыцы объект æмгъуыдæй раздæр фæуа арæзт. Подрядон организаци ООО «СТМ-Юг»-ы къухдариуæггæнæг ныфс бавæрдта, æцæгæйдæр, объект снысангонд æмгъуыдæй раздæр кæй æрцæудзæнис лæвæрд эксплуатацимæ.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.