2015-2017 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ хаст объекттæ арæзт цæуынц дарддæр. Уыдонмæ стыр хъусдард здæхт цæуы нæ республикæйы разамынады ‘рдыгæй. Ныр дæр та, 17-æм марты, Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей азылдысты æмæ базонгæ сты, 2017 азы аразын кæй райдыдтой, уыцы  объектты куыстытæ куыд æххæст цæуынц, уыдæттимæ.

Фыццаг уал Хицауады Сæрдар бабæрæг кодта республикон соматикон рынчындоны территорийыл арæзтцæуæг операцион-хирургион корпус. Аразы йæ генералон подрядон организаци – арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «СТМ-Юг».

Ам арæзт фесты фыццаг уæладзыджы къултæ, цæттæ сты сæрдæн куыстытæм, уыцыиурæстæджы арæзт цæудзысты электрохæххытæ дæр. Ныр уал ам куыст цæуы дыккаг уæладзыджы æддаг къултæ аразыныл æмæ  мидæггагон хатæнты лæсгæртæ амайыныл.

Кусджыты иузæрдион куыст фенгæйæ, Хицауады Сæрдар бацымыдис кодта, сæ куыстмызд рæстæгыл райсынц æмæ разыйæ баззайынц, æви нæ, уымæ. Разыйы дзуапп фехъусгæйæ, Хъуылымбегты Доменти бузныджы ныхæстæ загъта кусджытæн сæ зæрдæбын куысты тыххæй æмæ райгондæй банысан кодта, кæй архайдзысты сæ рады уыдон дæр, цæмæй арæзтадæн объект аразгæйæ, мацы къуымыхдзинæдтæ æвзæра.

Арæзтадон объекты сæргълæууæг Хъантеты Таймураз куыд загъта, афтæмæй ам ныртæккæ кусынц 80 адæймаджы бæрц æмæ иу стæмтæй дарддæр уыдон сты бынæттон цæрджытæ. Кусæгдых сæм фаг кæй ис, уымæй ныфсæвæргæйæ, Хъантейы фырт банысан кодта, рæстæгыл кæй бакæндзысты æппæт куыстытæ дæр æмæ банысангонд æмгъуыдмæ лæвæрд кæй æрцæудзæнис эксплуатацимæ.

Хъуылымбегты Доменти бафæдзæхста, цæмæй рæстæгыл бадзурой «Дор-экспострой»-имæ æмæ йæ кæрт дæр хæрзарæзт æрцæуа афоныл.

Уырдыгæй Хицауады Сæрдар ацыдис æмæ бабæрæг кодта, Кировы уынджы асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уый. Ам ивд цæуынц канализацион хæххытæ, уый фæстæ æрæвналдзысты донуадзæн хахх аразыны куыстытæм дæр. Бауадздзысты сæ хæ-дзæрттæм дæр. Ацы куыстытæ æххæст кæны «Водоканал».

Хъуылымбегты Доменти цымыдис кодта, сæ разы исты къуылымпыдзинæдтæ æвзæры æви нæ, уымæ æмæ бафæдзæхста, цæмæй куыстытæ æххæст цæуой æнæаиппытæй, гъæдджынæй. Асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæ ма æххæст кæнынц Калинины æмæ Скъолайы уынджы дæр.

Хъуылымбегты Доменти ма бабæрæг кодта университеты комплексы арæзтад дæр.

Ам арæзтадон куыстытæ цæуынц цырд темптæй. Кусынц дзы 87 кусæджы. Уыдон дæр, иу стæмтæй дарддæр, сты бынæттон цæрджытæ. Хицауады Сæрдар ноджыдæр бафæдзæхста, цæмæй куыстытæй фыццаг рады ифтонг цæуой бынæттон адæм. Университетон комплексы æппæт куыстытæ дæр æххæст кæны арæнгонд бæрндзинады организаци «Мегаполис Т», йæ къухдариуæггæнæг у Джуссойты Константин.

Ацы объект у республикæйы территорийыл арæзтцæуæг ахсджиагдæр объекттæй сæ иу. Уый æрмæст нырыккон комплекс нæ уыдзæн, фæлæ ма, бæрзондквалификациджын специалисттæ кæм цæттæ цæудзысты, ахæм ахуыргæнæндон.

Джуссойты Константин куыд зæгъы, афтæмæй уый йæ дуæрттæ æрбакæндзæнис ацы аз фæззæджы, Зонындзинæдты бон – 1-æм сентябры.

«Арæзтадон куыстытæ ам цæуынц графикæй раздæр. Мах нæ хъус дарæм æппæт куыстыты гъæдмæ дæр. Алцы дæр цæуы планмæ гæсгæ. Хъармгæнæн системæ уагъд æрцыд, æвæрд æрцыдысты рудзгуытæ, къултæ цæттæ сты ахорæнæй байсæрдынмæ, астæрдыл æвæрд цæуынц плиткæтæ. Уыцы куыстыты фæстæ хæрзарæзт æрцæудзæнис йæ кæрт дæр. Æвæрд дзы æрцæудзæнис фæхсбандæттæ, рухсытæ. Уыдзæн дзы фонтан дæр», – загъта Джуссойты Константин.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.