РХИ-йы Парламенты депутат Уалыты Розæ парти «Иугонд Ирыстон»-ы минæвар Козаты Сосланимæ бабæрæг кодтой Знауыры районы Ходабули æмæ Хъорнисы хъæуты æвæрæз бинонтæй сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæркæнинаг кæмæн сты, уыдоны. Семæ уыд Знауыры районы Администрацийы сæргълæууæг Гæбæраты Инал дæр. Уый тыххæй фехъусын кодта РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон службæ.

Фыццаг уал уыдысты гуырдзиаг агрессийы ныхмæ активон тохгæнæг Козаты Аланы хæдзары. Уымæн йæ цæрæнуат 2008 азы хæстон архайдтыты рæстæджы бахъыгдард. Козайы фыртæн дыууæ азы размæ сарæзтой хъæдæй хæдзар, фæлæ бæстыхай куыд æмбæлы, афтæ арæзт не ‘рцыд æмæ къæвдайы рæстæджы йæ агъуыст тæдзы.

Козайы фырт цæры иунæгæй. Ис ын 6 сывæллоны, кæцытæй иутæ ахуыр кæнынц республикæйæн æдтейæ, иннæтæ та æд бинонтæ цæрынц Цхинвалы. Уый уæддæр бахатыд парламентон партийы минæвæрттæм, цæмæй йын баххуыс кæной арæзтадон æрмæджытæ æмæ кусæгдыхæй. Партийы минæвæрттæ æмæ районы сæргълæууæг ныфс бавæрдтой хæдзары хицауæн, кæй йын баххуыс кæндзысты проблемæ аскъуыддзаг кæныны хъуыддаджы.

Йæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнын хъæуы Ходабулийы цæрæг Шавердаты Эммæйæн дæр. Уый 25 азы дæргъы цæры цæрæн æфсæн вагоны. Кæд йæ кæрты арæзтадон æрмæджытæ ис, уæддæр Эммæйы ныхæстæм гæсгæ, уыдон фаг не сты, æмæ сæ цас хъæуы, уыйбæрц арæзтадон æрмæджытæ куы уаид, уæд хæдзар сæхæдæг саразиккой.

Уалыты Розæ Шавердаты Эммæмæ байхъусгæйæ,   загъта, йæ фарст ын партийы къухдариуæгады раз кæй æрæвæрдзæн. Районы сæргълæууæг та йын ныфс бавæрдта 2018 азы йын кæй рахицæн кæндзæн цемент, змис,  æндæр арæзтадон æрмæджытæ æмæ аразджыты бригадæйы, кæцытæ йын ныккалдзысты йæ хæдзарæн фундамент.

Партийы уæнгтæ сæ балцы рæстæджы бабæрæг кодтой Хъорнисы цæрæг  Кокойты Хъауырбеджы хæдзар дæр. Уый хæдзар дæр у ныппырхæввонг. Уымæн дæр ныфс бавæрдтой, йæ цæрæнуатон проблемæ аскъуыддзаг кæныны йын кæй баххуыс кæндзысты.

Партийы минæвæрттæ уыдысты Цхинвалы Шанхайы микрорайоны дæр æмæ ныхас кодтой йæ цæрджытимæ. Ацы микрорайонмæ фæндаг, кæцы советон дуджы дæр уыд æдзæллаг уавæры, æрæджы цалцæггонд æрцыд. Бынаты куыд рабæрæг, афтæмæй асфальтгонд не ‘рцыд Талахъомылгæнæджы корпусы цурмæ фæндаг, кæцыйы дæргъ у 200 метры. Гудзабары хъæууон администрацийы сæргълæууæг Дыгъуызты Леуаны ныхæстæм гæсгæ, канализацийы зæронд трубæтæ ивд кæй не сты, уый аххосæй уыцы фæндагæн цалцæггæнæн нæй. Коммуникацитæ баивынæн баххуыс кæнынæй сын ныфс бавæрдта Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Плиты Алан. Коммуникацитæ баивынæн рæстæг кæй хъæуы, уый тыххæй уыцы уынджы асфальтгæнæн куыстытæ хаст æрцыдысты фидæн азмæ.

Дыгъуызты Алан ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы районы фæнд цæуы сывæллæттæн хъазæн фæзуаты арæзтад дæр, уыимæ ма банысан кодта микрорайоны донифтонгады æмæ æхсæнадон транспорты проблемæ дæр. Уыдæттæм нæ кæсгæйæ, микрорайоны цæрджытæ райгонд сты сæ уынгтæ хæрзарæзт кæй æрцыдысты, уымæй.

Шанхайы цæрæг Хъуылымбегты Нонна куыд загъта, афтæмæй «микрорайоны аразинаг нырма бирæ ис, фæлæ уыдон цадæггай арæзт цæуынц, нæ уынгтæ сты асфальтгонд, уынгты æхсæвыгæтты судзынц рухсытæ дæр». Микрорайоны цæрджытæ бузныджы ныхæстæ загътой Уалыты Розæйæн, йæ хъус сæм лæмбынæ кæй дары, уый тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.