РХИ-йы Парламенты депутат Уалыты Розæ бабæрæг кодта Ленингоры районы сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгты.

Парламентариимæ ма уыд вокалон къорд «Арвырон»-ы аивадон къухдариуæггæнæг Саппиаты Залинæ, кæцы сывæллæтты хъомылгæнинæгтæн балæвар кодта музыкалон номыртæ.

Уазджытыл сæмбæлд Ленингоры районы сывæллæтты хæдзары директор Беджызаты Фатимæ, ацы районы администрацийы культурæйы хайады хистæр Битарты Виссарион æмæ районы администрацийы аппараты къухдариуæггæнæг Тыджыты Леонид. Уазджытæ азылдысты уагдоны хатæнты, базонгæ сты йæ хъомылгæнинæгтæ сæ рæстæг куыд æрвитынц, , спортæй кæм архайынц æмæ улæфынц, уыдæттимæ, афтæ ма хæдзары коллектив цы музейон экспозицитæ сарæзта, уыдонимæ дæр. Уымæй дарддæр ма, Беджызаты чызг уазджыты базонгæ кодта уагдоны иууыл чысылдæр хъомылгæнинæгтæ – Знауыры районæй хо æмæ æфсымæримæ.

Сывæллæттæ иууылдæр актон залы куы æрæмбырд сты, уæд сын Саппиаты Залинæ чысыл экскурс сарæзта ирон адæмон инструментты, уыцы нымæцы ирон фæндыры историйы фæдыл. Уый фæстæ æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта Уалыты Розæ, кæцы сын раарфæ кодта аивгъуыйгæ бæрæгбонты сæраппонд. «Иууыл сæйрагдæр бæрæгбон у Ног аз æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг хорз у æххæст бинонты ‘хсæн ыл куы сæмбæлай, уый, цыран дæ алчидæр уарзы. Фæлæ абон æз уынын, сымахæн ам дæр æвзæр нæу, уæ алыварс адæм сты зæрдæхæлар, афтæ ма уын ис хорз уавæртæ дæр», – загъта Уалыты Розæ.

Депутат ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, уый афтид къухæй не ‘рцыд æмæ республикæйы Президенты номæй сывæл-лæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæн радта ногазон лæвæрттæ. Уымæй дарддæр ма РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петры  æмæ парти «Иугонд Ирыстон»-ы номæй сывæллæтты хæдзарæн лæвæрд æрцыд музыкалон центр.

Кæронбæттæны парламентари æрсидт уагдоны хъомылгæнинæгтæм, цæмæй активондæрæй ахуыр кæной ирон æзаг. Йæ рады Ленингоры районы сывæллæтты хæдзары директор Беджызаты Фатимæ  уазджытæн загъта арфæйы ныхæстæ сæ лæвæртты æмæ сывæллæттæн æрхæсгæ æвæрццаг эмоциты тыххæй.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.