Горæт Цхинвалы «Московский» микрорайоны дарддæр цæуы Иоанн Аргъауæджы чырыстон аргъуаны арæзтад.

Раздæр аргъауаны арæзт æрлæууыд, æхцайы фæрæзтæ дзы кæй нæ фаг кодта, уый тыххæй. Фæлæ ныр РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ парти «Иугонд Ирыстон»-ы æххуысы фæрцы арæзтадон куыстытæ сног сты.

Хуссар Ирыстоны Парламенты спикер Гасситы Петр, базонгæ ис бынаты куыстытæ куыд цæуынц, уыимæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, аргъуаны арæзтадæн парти «Иугонд Ирыстон»-ы ‘рдыгæй æххуыс уыд раздæрдæр.

«Арæзтады райдианы парти баххуыс кодта фундамнент ныккалыны хъуыддаджы. Иннæ куыстытæ арæзт цыдысты фыд Сергийы æмæ аргъуанмæ цæуджыты финансон æххуысы фæрцы. Æхцайы фæрæзтæ кæй нæ фаг кæны, уымæ гæсгæ аргъуаны уагæвæрæг ногæй бахатыд парти «Иугонд Ирыстон»-мæ æххуысы тыххæй, æмæ уыдон та æвæстиатæй сæ хъус æрдардтой ацы фарстмæ», – загъта Гассийы фырт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, арæзтад адарддæр кæныны тыххæй æхцайы фæрæзтæ рахицæн кодта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли дæр.

«Анатоли Ильяйы фырт, æвæццæгæн, алкæмæй активондæрæй æххуыс кæны Хуссар Ирыстоны аргъуантæ сцалцæг кæнын æмæ саразыны хъуыддаджы. Æмæ йын сæвзæргæ уавæры тыххæй куыддæр фехъусын кодтон, афтæ уый рахицæн кодта æхцайы фæрæзтæ. Ныр арæзтадон куыстытæ райдыдтой æмæ мæ ныфс ис, Республикæйы къухдариуæгад æмæ парти «Иугонд Ирыстон»-ы иумæйаг тыхтæй аргъуаны арæзтад тагъд рæстæджы кæй фæуыдзæн», – банысан кодта Парламенты Сæрдар.

Гассийы фырт банысан кодта, зæгъæ,  Ирыстоны чырыстон дин фæзынд рагзаманты, æмæ уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны аргъуантæ сцалцæг кæнын у æнæмæнгхъæуæг.

«Йæхæдæг Андрей Первозванный саргъуыдта Аланийы, æмæ уымæ гæсгæ Ирыстоны ис бирæ аргъуантæ, уыцы нымæцы рагæттæ дæр. Æмæ мах куы бахатыдыстæм хистæр Ипполитмæ ахæм фарстимæ: Цы хъæуы саразын Аланийы сæндидзын кæнынæн, зæгъæ, уæд  уый загъта, аразут аргъуантæ, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ Республикæйы ног аргъуантæ саразыны хъуыддагмæ мах уазал цæстæй ма хъуамæ кæсæм», – загъта Парламенты спикер.

Аргъуаны уагæвæрæг фыд Серги, йæ рады бынысан кодта, аргъуан кæронмæ кæй æрцæудзæн арæзт.

«Хуыцау загъта: «Дыууæ кæнæ æртæйæ кæм æрбамбырд уой Мæ номы тыххæй, уым се ‘хсæн Æз уыдзынæн». Партийы æмæ аргъуанмæ цæуджыты æххуысы фæрцы арæзтад кæронмæ фæхæццæ кæны», – загъта фыд Серги.

Подрядгæнæг Хъотайты Сæрмæт, æххæст кæны объектты куыстытæ. Уый радзырдта, арæзтад цы стадийыл ис, уый тыххæй.

«Ныртæккæ аразæм монолитон лæсгæр. Дарддæр цар монтаж кæндзыстæм æмæ аргъуаны централон куполæн барабан аразынмæ æрæвналдзыстæм. Стæй ма нын аразинаг уыдзæн дзæнгæрæгдон æмæ уый фæстæ сæрдыны куыстытæ», – банысан кодта уый.

Хъотайы фырт аргъуаны арæзтады кусы лæварæй, æмæ йæ хъуыдымæ гæсгæ, уый афтæ хъуамæ уа.

«Аргъуаны арæзтадыл ме ‘мбарынадмæ гæсгæ хъуамæ куыст цæуа лæвар æмæ дзы хъуамæ кусой адæм иумæйагæй. Æмæ, Хуыцауы фæрцы абон бирæ ис, ахæмтæ, кæцытæ цæттæ сты аргъуаны арæзтадæн баххуыс кæнынмæ», – загъта Хъотайы фырт.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй аргъуаны арæзтадæн чи æххуыс кæны, æппæт уыдоны нæмттæ фыст цæуынц аргъуаны къулыл, æмæ йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон бонæй-бонмæ кæнынц фылдæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.