Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта Цхинвалы бирæпрофилон колледж.

Паддзахады сæргълæууæг РХИ-йы ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ колледжы директор Козаты Лирæимæ базонгæ ис ахуырадон процессы организаци æмæ проблемæтимæ, афтæ ма азылд колледжы пайдаджын æмæ минералон къахæггæгты музейыл, ахуырадон уагдоны аудиторитæ æмæ æрмадзты.

Директор Козаты Лирæйы ныхæстæм гæсгæ, колледжæн хицæн æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ 5 милуан сомæй фылдæр æрмадзтæ сифтонг кæнын, компьютерон къласæн, автомеханикты æрмадзæн, цыран арæзт цæуы компьютерон басгæрст. Автомеханиктæ уыдзысты иууыл нырыккондæр автомобилты хуызты специалисттæ.

«Уый у тынг хорз æххуыс, уымæн æмæ сывæллæттæ æрмадзты цайдагъ кæнынц сæ дæсныйадыл. Нæ колледжы хæс уый нæу æмæ сывæллæтты дипломтæй ифтонг кæна, фæлæ не скъолаты рауагъдонты разæнгард кæнæм махмæ æрбацæуынмæ, сахуыр сæ кæнæм, професси  сын радтæм æмæ Хуссар Ирыстоны куыстадон базар баххæст кæнынæн ахъаз кæна. Уый у нæ нысан», – загъта колледжы директор.

Уый банысан кодта ахуыргæнджыты æмæ мастерты бæрзонд æмвæзад, афтæ ма загъта абитуриентты райсыны æмæ ахуыртæм сæ цæуыны проблемæйы тыххæй дæр.

«Æрдæг азы дæргъы мах арвыстам 62 студенты, кæцытæ нæ цыдысты сæ ахуырмæ», – загъта Козаты Лирæ.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, адæммæ нырма ис советон æмбарынад, профессионалон-техникон ахуыргæнæндон куы цæттæ кодта ахуыры фæстийæзайджыты. Фæлæ директоры ныхæстæм гæсгæ, абон Цхинвалы бирæпрофилон колледж нал цæттæ кæны саукусджыты, фæлæ астæуккаг æмвæзады хорз кусджыты.

Паддзахады сæргълæууæг ахæм хъуыды загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны скъолаты хъæуы профориентацион куыст бакæнын, кæцы здæхт уыдзæн уыдоны интерестæ химæ раздахын æмæ активондæр кæнын.

«Æнæмæнгæй хъæуы информаци дæттын, цæмæй адæмы хъуыдыкæнынад фæива куыд кусынмæ цæттæдзинады, афтæ карьерон фæндаг равзарыны хъуыддаджы дæр. Уымæй хуыздæр цы ис, хъæуæг специалист куы уай? Зæгъæм, хъæдыл нывæфтыд кæнын», – загъта Бибылты Анатоли.

Козаты Лирæ ма хъусдард аздæхта ахæм проблемæмæ, кæцы хауы колледжы æрмадзтæм, цыран хъуамæ практикæ цæуой æндадзджытæ, аразджытæ æмæ электромонтажниктæ, арæзт у микрорайон «Шанхай»-ы фæсивæдæн спортзалæн. Директор бахатыд Президентмæ, цæмæй ацы фарстмæ æркастæуа.

Бибылты Анатоли сæвзæргæ уавæрæй рахизыны фарстатыл нысанæн ныфс бавæрдта, кæй баххуыс кæндзæн, микрорайоны фæсивæд йæ сæрибар рæстæг кæм æрвита, уыцы бæстыхай сцалцæг кæныны хъуыддаджы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.