Куыстимæ æдзух кæй зæрдæ дзуры, исты хорздзинад æрхæссон мæхицæн дæр æмæ æхсæнадæн дæр, зæгъгæ, афтæ чи хъуыды кæны, уымæ кæддæриддæр æнхъæлмæ кæсæн ис хорз фæстиуджытæм. Ахæм удыхъæды хицау у, кæй кой ракæнынмæ хъавын, уыцы нæлгоймаг дæр. Уый йæ цард сбаста фосдарды куыстимæ æмæ рæстæджы цыдимæ иумæ йæ къухы æфты хуыздæрæй-хуыздæр æнтыстытæ. Хъæууонхæдзарады фадыджы куыстытæй иу дæр æнцон нæу, хъару, иузæрдиондзинад æмæ фердæхтдзинад фæдомынц адæймагæй. Æмæ уыдонæй та хайджын чи фæвæййы, уымæн йæ хъуыддæгтæ дæр фæцæуынц зæрдæйы фæндиаг, барухс сæ вæййынц канд йæхи нæ, фæлæ æндæрты зæрдæтæ дæр. Сиукъаты Роберт ахæм раппæлинаг миниуджытæй раджы фæци хайджын, хъæууон хæдзарад нæ уарзы талф-тулф куыстытæ, уый йæ чысылæй фæстæмæ æмбары æмæ дзы йæхи иуварс нæ кæны. Ныры хæдзарад сырæзты агъоммæ дæр ын уыд чысыл хæдзарад, фæлæ йæм уый фаг нæ фæкаст æмæ хъуыды кодта уый рауæрæхдæр кæныныл. Уымæ гæсгæ зæхкусæгон-фермерон хæдзарад сырæзт 2013 азы. Уæдæй абонмæ афтæ бирæ рæстæг нæ рацыд, фæлæ ныридæгæн йæ фæстиуджытæй рухс кæны адæймаджы зæрдæ, иу æнтыст йæ къухы æфты иннæйы фæстæ. Раст у, райдианы алцыдæр зын вæййы, фæхъæуы йын æххуыс кæнын æмæ уыцы аудындзинад банкъардта нæ Хицауадæй. Сиукъайы фырт уæлдай бузныгæй баззад Национ банчы хистæр Зассеты Феликсæй, кредитæй сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй. Уæлдай тынгдæр дзы фæбузныг, æнæпроцентон кредит ын кæй радта, уый тыххæй. Уый уыд хæдзарад йæ къахыл слæууын кæнын æмæ размæцыдæн стыр ахъаз. Уыцы аудындзинад зæрдыл даргæйæ, намысджын фæллойгæнæг цыбыр рæстæджы фæстæ райдыдта йæ хæс фидын.

Нæ рæвдауæндæтты сабитæ экологион æгъдауæй сыгъдæг æхсырæй кæй пайда кæнынц, уый у тынг раппæлинаг хъуыддаг, уымæн æмæ хуыздæрæрдæм æндавдзæн се ’нæниздзинадыл. Æрвылбон дæр Роберт сæумæрайсом барвиты йæ продукци æмæ дзы уый тыххæй бузныг сты рæвдауæндæтты сæргълæуджытæ æмæ ныййарджытæ дæр. Нæ рæвдауæндæттæм æхсыр æрвитын — уыцы фарст аскъуыддзаг кæныныл та ахадæн уыд йæ архайд Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрикæн æмæ уымæн дæр Сиукъайы фырт нæ чысыл хурты номæй зæгъы бузныг.

Сиукъаты Роберт мын куыд радзырдта, афтæмæй 2012 азы йæ цæрæн хæдзар басыгъд, фæлæ уæддæр зындзинæдтæн нæ фæтасыд. Ноджы фæдывæр йæ хъару, æрбамбырд кодта йæ тыхтæ æмæ æрæвнæлдта цард ногæй сæндидзын кæнынмæ йæ райгуырæн хъæу Елтъурæйы. Дыууæ азы фæцардысты йæ бинонтимæ вагоны, æнцон сын кæм уыд, фæлæ уæддæр быхста. Йæ сомбон рæсугъддæр кæй уыдзæн, ууыл æууæндыд æмæ нæ фæци фыдæнхъæл. Уыд ын зондамонджытæ дæр, ома, дæ фæллой ауæй кæн æмæ дæхицæн сараз хæдзар, фæлæ уыцы фæндоныл не сразы. Раст уыд йæ хъуыды, уымæн æмæ кæд хæдзар сарæзтаид, уæд фæстæмæ та алæууыдаид йæ фермерон хæдзарад, чизоны ма зынтæй сындидзыдаид. Ныр йæ райгуырæн хъæуы цæрæн хæдзар дæр сырæзт æмæ уый æмрæнхъ фермерон хæдзарад дæр ноджы размæ акъахдзæф кодта.

Хæдзарады куыст дзæвгар ис, уымæн æмæ 64 стурмæ æрвылбон дæр кæсын хъæуы. Стурты нымæцы ис 28 хъуджы, се ’хсæн ис бынæттон мыггаджы стуртæ дæр. Фæлæ зæгъын хъæуы, сæ фылдæр кæй сты, Уæрæсейы æндæр бынæттæй кæй æрласта, ахæм хорз мыггаг стуртæ. Уыдон бынатмæ фæхæццæ сты, нырма æвзæнгтæ куы уыдысты, уæд, æрцахуыр сты нæ климатыл æмæ сæ ныр рухс кæны йæ зæрдæ. Хорз та уымæй сты, æмæ се ‘хсыры æрдыгъд у дзæвгар, ома суткæйы дæргъы дæттынц 15-25 литры. Къуыри фондз боны рæвдауæндæттæм æхсыр фæхæццæ кæны 300-400 литры хæрзгъæд æхсыр. Цы æхсыр ма йæм баззайы, уымæй та цæттæ кæны нæлхæ æмæ йæ уæй кæнынмæ ласы нæ горæты дыууæ продуктон магазинмæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй чысыл зынаргъдæр у, фæлæ уый хыгъд та йæ гъæд у иттæг хорз. Ацы аз хъомыл кæны 5 роды, иннæты ауæй кодта. Уый хыгъд æндæраз схъомыл кодта 22 роды.

Ныртæккæ æрбалæууыд фосæн зымæгмæ холлаг цæттæ кæныны рæстæг, уый тыххæй йын ис, кæм æркæрда, ахæм быдыр. Йæ фæнд у, цæмæй бафснайа 5000 иуæджы холладжы тыхтæттæ æмæ уæд та йæ разы æвæры æндæр ахсджиаг хæс. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ быдыртæ рæстæджы цыдимæ иумæ къутæр кæнынц. Цæмæй дарддæр уымæй хызт уой, фосæн сæрвæттæ дæр фаг уа æмæ уыгæрдæнтæ дæр, уый тыххæй йæ зæрды ис хъалмыхъаг стуртæй 100 бæрц балхæнын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон хорз ахъаз уыдзысты быдыртæ къутæрбæлæстæй бахизынæн.

Ахæм сты Сиукъаты Роберты хæдзарады куысты фæстиуджытæ, йæ фæндтæ æмæ хъуыдытæ æмæ йын сæххæст уæд йæхи фæндиаг!

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.