РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæн ног ахуыры азы æрбалæуды сæраппонд.

«Абон мæнæн иттæг æхсызгон у сымахæн ног ахуыры азы райдианы сæраппонд раарфæ кæнын. Мах сымахмæ æнхъæлмæ кæсæм ахуыры стыр æнтыстытæм. Ма тæрсут уæ креативондзинадæй, фæсивæд æппæт рæстæджыты дæр уыдысты æппæт хъуыддæгты змæлынгæнæг. Тых кæнут зонады сусæгдзинæдтыл. Размæ æмæ æрмæстдæр размæ!», – загъта паддзахады сæргълæууæг университеты цытджын линейкæйы ног ахуыры азы райдианы цытæн.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстоны æмæ уымæн æдтейæ дæр сентябры фыццаг бонтæ баст сты, 13 азы размæ Беслæны чи æрцыдис, уыцы трагедиимæ. «Мах кæддæриддæр хъуыды кæндзыстæм æмæ сæ рухс нæмттæ ардзыстæм æнæаххосæй фæмардуæвджытæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Беслæны трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ æрæмбырдуæвджытæ æрымысыдысты иу минут æмырæй алæууынæй.

Дарддæр раныхас кодта университеты ректор Тедеты Вадим. Фыццаг рады уый раарфæ кодта, уæлдæр ахуыргæнæндоны къæсæрæй фыццаг хатт чи бахызтысты, уыцы студенттæн, уæлдæр ахуырад райсынæн ацы ахуыргæнæн уагдон кæй равзæрстой, уый тыххæй.

«Æз бузныг дæн нæ фыццагкъурсонтæй, уæлдæр ахуырад райсыны тыххæй нæ университет кæй равзæрстой, уый тыххæй. Фæнды мæ банысан кæнын, азæй-азмæ нæ уæлдæр ахуыргæнæндоны абитуриентты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæй кæны, уый у æхсызгон  хъуыддаг», – загъта уый.

Тедеты Вадим ма  бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы разамынадæн, университетмæ стыр хъусдард здæхт кæй цæуы, уый тыххæй, банысан кодта ХИПУ-йы кадджын ректор, историон зонæдты доктор, профессор Цыбырты Людвигы нысаниуæг ХИПУ-йы ахуырады процессы.

Йæ рады Цыбырты Людвиг дæр раарфæ кодта университеты æппæт ахуыргæнджыты коллективæн æмæ студенттæн ног ахуыры азы райдианы сæраппонд.

«Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетæн ацы аз у зæрдылдарæн – æххæст ыл кæны 85 азы. Æмæ мах иууылдæр æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсæм, йæ ног бæстыхай эксплуатацимæ лæвæрд кæд æрцæудзæн, уымæ», – загъта Цыбырты Людвиг.

Уый ма радзырдта уæлдæр ахуыргæнæндоны рæзты фæндагыл, банысан кодта, æппæт рæстæджыты дæр, куыд ныртæккæ, афтæ кæй уыдис кадрты куырдадз æппæт республикæ-йæн æмæ йæ куыст кæй никуы ныууагъта, гуырдзиаг бандитты  æхстыты бын куы уыдис, уæд дæр.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.