23 февралы Республикæ Хуссар Ирыстны Гарзджын тыхты сырæзтыл 25 азы сæххæсты сæраппонд æфсæддон полигон «Дзарцъем»-ы уагъд æрцыдысты масштабон æфсæддон ахуыртæ. Хайад дзы райстой нæ Гарзджын тыхты æфсæддон дæлхæйттæ. Æфсæддон дæлхæйтты арæхстдзинад æмæ цæттæдзинадмæ кастысты бынаты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, афтæ ма Республикæ Абхаз æмæ Донецкы Адæмон республикæты минæвæрттæ. Æфсæддон ахуырты хайадисджытæ цытджын уазджыты раз æвдыстой алыхуызон зын уавæрты хæстон архайдтыты методтæ. Афтæ ма æвдыст æрцыд Хуссар Ирыстоны территоримæ знаджы æрбабырсты сценари дæр, цыран нæ Гарзджын тыхтæ равдыстой стыр арæхстдзинад æмæ зонындзинæдтæ æфсæддон хæцæнгарзимæ архайыны хъуыддаджы æмæ «знаг» æрцыдис куынæг. Уый стыр аргъ скодта ахуыртæн, сæ хайадисджытæн, æфсæддон дæлхæйттæн. Сæ разы æрæвæргæ хæстæ сæххæст кодтой бæрзонд æмвæзадыл æмæ сын уымæ гæсгæ æвæрын хорз нысан. Уæлдай тынгдæр мæ банысан кæнын фæнды уыцы дæлхæйтты, кæцытæ знаджы ныхмæ тох кодтой стыркалиброн хæцæнгарзæй, уымæн æмæ уыдон равдыстой стыр профессионализм. Сæ командирты командæтæ æххæст цыдысты, æфсæддон нормæтæ куыд домынц, афтæ.  Тынг æхсызгон у уый, æмæ цы хæцæнгæрзтæй пайда æрцыд абоны ахуырты, уыдонæй арæхстджынæй кæй архайдтой. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ нæ Гарзджын тыхты дæлхæйттæ цæттæ сты знагæн аккаг ныхкъуырд радтын æмæ сæ разы æрæвæргæ хæстæ сæххæст кæнынмæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

РХИ-йы Гарзджын тыхты службæгæнджытæ  æфсæддон полигоны канд хæцæнгарзы алыхуызтæй пайда кæнынæй нæ æвдыстой сæ арæхстдзинад, фæлæ  физикон æгъдауæй куыд цæттæ сты, уый дæр. Уый та бæрæг уыд, ахуырты рæстæджы цы физикон фæлтæрæнтæ æвдыстой уазджыты раз, уымæй.

Республикæ Абхазы Гарзджын тыхты министры фыццаг хæдивæг Беслан Цвижба загъта, зæгъгæ, æфсæддонты цæттæдзинад ис егъау æмвæзадыл. «Æфсæддон хъарудзинад сæм кæй ис, уымæн мах ам æвдисæн стæм. Уæлдай тынгдæр мæ æппæт ацы æфсæддон ахуырты ‘хсæн рахицæн кæнын фæнды РХИ-йы Гарзджын тыхты гранатæхсæг дæлхайы. Йе службæгæнджытæ равдыстой стыр профессионализм терроризмы ныхмæ тохы. Фæнды мæ арфæйы ныхæстæ зæгъон бæрæгбоны цытæн канд æфсæддон службæгæнджытæн нæ, фæлæ æмткæй Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн, уыдонæн уæлдай æхсызгон у ацы бæрæгбон, уымæн æмæ æфсæддон дæлхæйтты службæ кæнынц æмæ Фыдыбæстæйы раз сæ хæс æххæст кæнынц сæ фыдтæ, се ‘фсымæртæ æмæ сæ хъæбултæ.

25 азы размæ цы уыд, уый абоны бонæй тынг егъау хицæн кæны. Уый бæрæг у республикæйы æфсæддон дæлхæйтты цæттæдзинадæй æмæ профессионализмæй, фæлæ иуран лæууын нæ хъæуы, хъæуы æрмæстдæр ног æнтыстытæм æмæ ногдзинæдтæм тырнын. Махæн нæ республикæты ‘хсæн ис бирæ сразыдзинæдтæ, уыдоны ‘хсæн æмгуысткæнынады план дæр. Уыцы сразыдзинæдтæм гæсгæ мах уæрæхæй-уæрæхдæр кæнæм нæ иумиаг ахаст æмæ æмархайд. Мах план кæнæм, цæмæй нæ республикæмæ хуынд æрцæуа Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты фистæг æфсады колоннæ, цæмæй 30 сентябры уыдон хайад райсой нæ республикæйы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы бæрæгбонон мадзæлтты. Афтæ ма хуынд æрцæудзысты бархионтæ, кæцытæ хайад истой нæ республикæйы суверенитет бахъахъхъæныны тыххæй хæстон архайдтыты», – загъта Беслан Цвижба.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Беслан Цвижба бархионæй кæй уыд. 2004 азы нæ республикæйы цы хæстон архайдтытæ цыдысты, уым. Афтæ ма 2012 азы Абхазы цытджын делегацийы минæвæртты ‘хсæн уыд нæ респуб-ликæйы хæдбардзинадыл 20 азы куы сæххæст, уæд.

«Æфсæддон полигон «Дзарцъем» у диссаджы бынат, цæмæй дзы уагъд цæуой егъау æмæ уæрæх æфсæддон ахуыртæ», – загъта Донецкы Адæмон Республикæйы Гарзджын тыхты министр Владимир Кононов. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ацы ран, гæнæн ис, æмæ уагъд цæуой æрмæст фæдагуырды æмæ Сæрмагонд нысаниуæджы дæлхæйттæ нæ, фæлæ ма танкæйон дæлхай дæр. Ацы полигоны территори-йы гæнæн ис, цæмæй дзы æцæгæйдæр æвдыст æмæ цæттæ цæуой æфсæддон ахуырты сценаритæ: «Абон æфсæддон архуыртæн æз дæттын стыр нысаниуæг. Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты служ-бæгæнджытæ сты æцæг æфсæддонтæ,  бæрæг у, кæй сты сæ Райгуырæн зæхх хъахъхъæнынмæ цæттæ. Фæнды мæ раарфæ кæнын Хуссар Ирыстоны зæрдæрыст æмбæстæгтæн, цæмæй мауал бавзарой зындзинæдтæ, цæмæй уæ кæстæртæ рæзой æмæ цæрой цъæх арвы бын, уæ республикæ та азæй-азмæ дидин æфтауа», – банысан кодта Кононов.

Нæ Гарзджын тыхтыл 25 азы кæй æххæст кæны, уый фæдыл нæм фæуазæг нæ раздæры Гарзджын тыхты министр Валери Яхновец. Уый стыр цымыдисæй каст æмæ аргъ кодта йæ раздæры службæгæнджыты архайдмæ æмæ цæттæдзинадмæ. Банысан кодта, зæгъгæ, адæймаг цахæмфæнды фадыджы дæр куы куса, уæддæр уый æппæт дæр аразы, цæмæй йæ куыстæй йæ адæмæн æрхæсса пайда æмæ йæ куыстæн та уа хорз фæстиуæг.

«Æз ацы куыстæй куы цыдтæн, уæд мæ фæндыд, цæмæй куыст дарддæр цæуа ног æнтыстытæм тырнгæйæ. Æмæ æз абон ам æвдисæн дæн, куыст йæ бынаты кæй не ‘рлæууыд, фæлæ размæ кæй ацыд. Нæ Гарзджын тыхты дæлхæйттæ алыварсонæй фæхуыздæр сты. Æфсæддонтæ равдыстой сæ цæттæдзинад æмæ зонындзинæдтæ æхсæн-гæрзтимæ архайыны фæдыл. Арфæ сын кæнын, цæмæй хæцæнгарзæй пайда кæной æрмæстдæр æфсæддон ахуырты сценариты рæстæджы».

Ахуырты фæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент æмæ цытджын делегацийы минæвæрттæ сæ арæхстдзинад равдыстой хæцæнгарзæй æхсынæй. Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, æз кæдфæнды дæр хорз архайдтон хæцæнгарзимæ æмæ, зæгъгæ, мæ абоны фæстиуæг нымайын хорзыл.

 

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.