Президент Тыбылты Леонид фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон финансты центры директор, УФ-йы Экономикæйы уæлдæр скъолайы Национ раиртæстыты унивеситеты професссор Татьянæ Абанкина æмæ Уæрæсейы Федерацийы Экономикæйы уæлдæр скъолайы Ахуырады рæзты интситуты директор Иринæ Абанкинаимæ.

Фембæлды ма хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали.

Бæстæйы сæргълæууæг арфæ ракодта уазджытæн, æмæ банысан кодта, зæгъгæ Уæрæсеимæ æнгом æмгуыстады фæрцы бæлвырд у Хуссар Ирыстоны ахуырады системæйы хорз размæцыд.

«Ахуырадон процессы цæуы бæстон ивддзинæдтæ. Хуыздæргонд цæуы ахуырады гъæд. Ныфс нæ ис, Уæрæсейы Федерацийы Ахуырад æмæ зонады минисрадимæ нæ бастдзинæдтæ дарддæр дæр кæй рæздзысты. Алы фадыджы дæр, уæлдайдæр та ахуырады фадыжы, махæн хæстæг сты уæ позицитæ. Æмæ мах, кæй зæгъын æй хъæуы, дарддæр дæр нæ архайд амайдзыстæм, ныридæгæн бæлвырдгонд чи æрцыд, уыцы бындуртыл», – банысан кодта Президент.

Сæхи рады уазджытæ загътой райгонды ныхæстæ Хуссар Ирыстоны сæргълæууæгæн, хъармзæрдæйæ сæ кæй райста, уый тыххæй, æмæ банысан кодтой, зæгъгæ республикæйы арæзт æрцыд бирæ хорз хъуыддæгтæ, æвæрццаг фæстиуджытæ сты цæстуынгæ.

«Ахуырады бындуртæ æмæ традицитæн стыр аргъ кæй ис, уый ахсджиаг у. Ацы æргъадтæн сæ нысаниуæг у æмбæрстгонд, æмæ уый ахъаз у сæ бахъахъæхънынæн, ныртæккæ ногдзинад, ахуыргæнджыты хæдбындурдзинад æмæ сфæлдыстадон курдиаты фæрцы сæм цы бафтыд, ууыл æнцойгæнгæйæ», – загъта Иринæ Абанкина.

Уымæй дарддæр ма банысанчындæуыд, ахуырады системæйы райрæзтæн æнæмæнгхъуæг уавæртæ саразын ахсджиаг кæй у, куыд Хуссар Ирыстоны хицауиуæгады, афтæ йæ социалон-экономикон рæзты хъуыддаджы дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.