Гæбæраты Агуындæ,  дизайнер:

– Президенты Ныстуан хъæздыг æмæ мидисджын у, куыд къухыбафтгæ æнтыстытыл лæмбынæг афæлгæст æмæ анализæй, афтæ нын нæ дарддæры царды æнæмæнгхъæуæг чи уыдзæн, ахæм нысанæрцæуæг хæстæй дæр. Нæ республикæйы размæцыды фæстаг рæстæджы хорзырдæм цы ивындзинæдтæ æрцыд, уыдон алчи дæр уыны. Уыдоныл лæмбынæг æрдзырдта Президент йæхæдæг дæр. Уыцы æнтыстытæ махæн хъуамæ дæттиккой, фидæны нæ бон ноджы фылдæр саразын кæй бауыдзæн, ахæм ныфс. Фæлæ гæххæттыл алцы дæр æнцон ныффыссæн у, аразын зындæр у, уымæн æмæ аразынæн аразджытæ хъæуы. Махæн та не ‘хсæн фылдæр ис, аразынæй амонын æнцондæр кæмæ кæсы, ахæмтæ. Амонджытæ æмæ æфхæрджытæ.

Знон аразын кæй хæс уыд, фæлæ бынтондæр чи ницы сарæзта, уыдон абон махæн сты зондамонджытæ, цы сарæзтам, ууыл дæр фаутæ æвæрынц, кæрæдзийыл нæ ардауынц. Махæй та абон рæстæг æндæр цыдæртæ домы. Цæмæй Президенты Ныстуаны цы хæстæ ис, уыдон царды сæххæст уой, уый тыххæй иу адæймаджы архайд фаг нæу. Уый у æппæтадæмон хъуыддаг æмæ æххæст дæр æр-цæудзысты æрмæстдæр адæмы иумæйаг архайды фæрцы.

Козаты Ахмæт, пенсиисæг:

– Мидисджын æмæ алыварсон ныстуан сарæзта бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Æхсызгон та уый у, æмæ ныридæгæн сæ реализаци кæнынмæ кæй æрæвнæлдæуыд. Уый æхсæнады уæлдай ныфс уадзы.

Мах бирæ æфхæрд баййæфтам хæстон рæстæджыты, цы – удæй æфхæрд, цы – бæстæйы размæдзыд æмæ æнтыстыты хъуыддæгты. Хæстон дуг нын стыр цурк ныссагъта нæ разы, æмæ нæ нал æвдæлд, нæдæр – зæххы куыстмæ æмæ нæдæр æндæр хæрзиуæгон хъуыддæгтæ аразынмæ.  Нæ заводтæ æмæ фабрикæтæн банымæг сæ куыст, науæд та никæй нал хъæуы сæ рауадзгæ продукци. Æмæ цæмæй, нырыккон домæнтæн цы куыстуæт-тæ дæттой дзуапп, ахæмтæ скусой, уымæн нæ хъуыд сабыр æмæ рæзты фæндиæгтæ. Уыдон дæр нæ къухы æфтынц Стыр Уæрæсейы руаджы æмæ æв-дисæн стæм, куыд хъомысджын кæнынц бирæ куыстуæттæ азæй азмæ, зæрæстон æмæ рагæй пайда цы зæххытæй нæ цыд, уыдон адæймаджы руаджы бонæй бонмæ цæуынц сæ раздæры уагмæ – змæлынц дзы адæм æмæ сæ æркæнгæ продукцийæ фæхай кæнынц цæрджытæн дæр. 

Иууыл стырдæр æтыстытыл æз банымайдзынæн политикон æмæ социалон фадгуыты ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын мадзæлттæ биноныг кæнын. Уый æмрæнхъ ма цæрæнуаты хъуагдзинад цы æмбæстæгтæ æййафынц, уыдонæн фадат кæй уыдзæн, цæрæнуатон фондæй бадзырдмæ гæсгæ æххуырсты лæвæрд кæй цæудзæн æмæ йын уый фæстæ балхæныны фадат кæй уыдзæн. Медицинæ, культурæ, ирон адæмы геноцид, бæстæйы экономикон рæзт, рæзгæ фæлтæры хъомылады фарстатæм – æмæ сæ чи фæнымайдзæн, цы фадгуытæ банысан кодта йæ Ныстуаны нæ  Президент.

Мæн стыр ныфс ис, æмæ уыцы хъуыдытæ æмæ хæстæ цадæггай нæ бæстæйы цардархайды кæй цæудзысты биноныг æмæ дарддæр бæстæйы æнтыстытæ, дунейы бæстæты ‘рдыгæй нæ хæдбардзинад банымайыны æмæ размæдзыды æвдисæнтæ кæй уыдзыстæм мах.

Бæстæйы сæргълæууæг, адæмы æвзæрст лæг архайы æмæ хъазуатон куыст кæны йæ адæмы хæрзæбонæн æмæ мах дæр уый архайдæй райгонд куыд уæм æмæ уый дæр йæ адæмæй сæрыстыр куыд уа, ахæм арфæ уый дæр уæт æмæ мах дæр!

Бекъойты Дианæ, хæдзарон æфсин:

– Президент æмбæлон министрадтæ æмæ уагдæтты бæрны бакодта социалон фадыджы уавæр фæхуыздæр кæнын. Ахсджиагдæр здæхтытыл  ма уый банымадта хæст æмæ куысты ветерантæн пособитæ фæфылдæр кæныны хъуыддаг, уыдоны æмрæнхъ ахуырад æмæ зонады рæзты мадзæлттыл бакусын. Иумиагæй сисгæйæ, Ныстуаны амынд цæуынц ахсджиаг здæхтытæ.

Ахсджиаг у, бирæсывæллонджын бинонты фарс балæууын. Æмæ ныр уыдон æрвылмæй дæр иу мин сомтæ кæй исдзысты суанг астæуккаг скъола каст фæуынмæ, уый хорз социалон нысан у, уымæн æмæ ныры дуджы сывæллæтты сæ царды фæндагыл бафтауынæн хорз фæрæзтæ хъæуы æмæ уыцы фæрæзтæ фæахъаз уыдзысты цасдæр бæрцæй мах хуызæттæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.