Ирыстоны зæхх бирæ курдиатджын адæймæгтæ радта нæ адæмæн. Уыдон æрвон стъалытау цæхæртæ калынц Ирыстоны арвыл, æмæ сæ кæмæн куыд фылдæр бантыст, йæ курдиаты тых кæмæн куыд стырдæр уыд, афтæ тынгдæр цæхæртæ калы. Æмæ кæд адæймагæн йæ уæлион цард æнусон нæу, уæддæр æнустæм адæмы ‘хсæн цæргæйæ баззайынц йæ бакæнгæ хъуыддæгтæ.

Уыцы адæймæгтæм хауы Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг, нæ республикæйы сгуыхт нывгæнæг, ССР Цæдисы Нывгæнджыты цæдисы уæнг, бирæ Кады грамотæты хицау – Бестауты Таймураз. Ууыл ныр сæххæст уыдаид 70 азы, фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн, атыдта йæ æгъатыр мæлæт, афтæ тынг бирæ кæй уарзта, уыцы бинонтæй, йæ раттæг адæмæй.

Бестауты Таймураз нывкæнынадон аивады бæрзæндтæм лæгъзвæндæгтыл нæ хызт, никæйы фæлхатт кодта, æдзух уыд сфæлдыстадон агурæнты ардта ногдзинæдтæ æмæ сæ афтæмæй хаста кæттагмæ, адæмы размæ.

Бестауы фыртæн йæ курдиаты тых æрдзæй лæвæрд уыдис, йемæ райгуырдис Цхинвалы районы Мармазеты хъæуы. Фæлæ цахæмфæнды курдиатджын ма уай, уæддæр курдиат йæ тых, йæ хъомыс нæ равдисдзæн, дæхиуыл æвæллайгæ куынæ кусай, дæ дыстæ æдзух счъил куынæ уой æмæ дæ хид куынæ цæуа, уæд. Таймуразæн та кусын, змæлын, архайын йæ туджы уыд, йе уæнгты сабийæ ахъардтой æмæ суанг йæ амæлæты бонмæ дæр кусын домдта йæхицæй. Хатт, æвæццæгæн, æгæр бирæ дæр. Æдзух уыд сфæлдыстадон агурæнты, сфæлдыстады уацары. Тыхджын у аивад, йæ ад ын куы банкъарай, æрдзон тых дæм куы уа, уæд. Æмæ акодта, уыцы тых Таймуразы дæр йæ фæдыл. Хъæууон лæппу уæвгæйæ, Таймуразæн йæ зæрдæмæ иууыл æввахсдæр лæууыд хъæууон цард æмæ сæ ахорæнты руаджы арæхстджынæй æвдыста кæттагыл. Ахæмтæ сты хæххон хъæу «Мармазет», «Зымæг хæххон хъæуы» æмæ æндæр ахæмтæ. Ахæм нывтæм кæсгæйæ, адæймаг тынгдæр банкъары хъæууон царды хорз-дзинæдтæ, хæххон æрдзы алæмæттаг рæсугъддзинад.

1965 азы Таймуразмæ æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм. Службæ кодта Германы Советон Æфсады цы къорд уыдис, уым спорт ротæйы. Ам архайдта уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уыцыиу рæстæджы ма йæ снысан кодтой æфсæдты къорды сæйраг нывгæнæгæй. Службæйы рæстæджы аив сфæлыста спорты галуаны къулты. Сныв кодта æмбæстагон æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты портретты сери. Йæ куыстытæй сæ иу абон дæр æвæрд ис Германы музейтæй сæ иуы. Фæлæ хъуыд нывгæнæджы дæсныйадыл сахуыр кæнын æмæ уыцы бæллиц Таймуразы æркодта нæ горæты Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ.

Фесты студенты бонтæ дæр æмæ, йæ зонындзинæдтæ фæфылдæр кæнгæйæ, аныгъуылд сфæлдыстадон куысты æмæ йæ хайбавæрд хаста ирон нывкæнынады аивадмæ. Цы нывтæ сфæлдыста кæттагыл, уыдоны фылдæр хайæн сæ темæ у нæ рагон фыдæлты цард. Нæ рагфыдæлты цардмæ бавнал, æвæдза, уым, канд нывгæнæджы арæхстдзинад нæ хъæуы, фæлæ ма хорз зонын хъæуы сæ истори, сæ цардуаг. Йæ нывтæй алкæцыйыдæр æвдыст цæуынц Ирыстоны царды нывтæ. Æвæццæгæн, æй фæндыд Ирыстонæн йæ ивгъуыд æмæ йæ абоны дуг æрæмных кæнын, хорзæй æмæ сæ æвзæрæй цы ис, уый рафæлгъауын.

Бестауты Таймураз йæ равзæрст фæндагыл цыдис ныфсджынæй, арæхстджынæй, фæндвидарæй, аивады бирæ зындзинæдтæ æмæ аивады тухæнтæ бырсгæйæ. Æмæ уыдоныл та æнæфæуæлахиз уæвæн нæй, сфæлдыстадон уæлтæмæнады куы цæрай, дæ адæм æмæ дæ райгуырæн бæстæ куы уарзай, уæд.

Таймураз активон хайад иста куыд областон, афтæ зоналон, республикон, æппæтцæдисон æмæ  дунеон равдыстыты дæр.

Дыууæ хатты йæ куыстытæ æвдыст æрцыдысты Мæскуыйы централон равдыстыты залы. Уыцы куыстытæй сæ иу уыдис ССР Цæдисы æмæ фæсарæнты цæугæ равдыстыты. Йæ ныв «Зонкъар арæзт цæуы», зæгъгæ, æвæрд ис Мæскуыйы музейтæй сæ иуы. Æртæ хатты та йын уыдис персоналон равдыстытæ. Нывкæнынады аивады йын стыр æнтыст кæй уыд, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæджы кадджын ном. Фæстæдæр та –  Республикæ Хуссар Ирыстоны Адæмон нывгæнæджы кадджын ном. Таймураз канд нывкæнынады нæ, фæлæ архайдта спорты æмæ йын уым дæр уыдис æнтыстытæ, уæгъдибар хъæбысхæстæй ссис ССР Цæдисы спорты мастер.

Бестауты Таймуразы нывтæм кæсгæйæ, æнæзæгъгæ нæ фæуыдзынæ, мæнæ гъе, Ирыстоны истори кæттагыл. Цæстыты раз уайынц æндæр æмæ æндæр дугтæ, фæлæ иууылдæр баст сты иу хъуыдыйы  реализаци æмæ актуалондзинадæй. Фæлæ нывтæй иу иннæйы хуызæн нæу, кæд иу къухæй конд сты, уæддæр нæ фæлхатт кæнынц кæрæдзийы. Уый нæ, фæлæ ма кæрæдзийæ хицæн кæнынц хуызты æмахаст æмæ характертæй, ома, хуызты гаммæ æмæ тоналондзинадæй. Уый сын ирддæр æмæ æргомдæр кæны сæ мидис æмæ сæ алчи дæр бæрæг дары йæхирдыгонау.

Адæймаджы йæ къах нал фæхæссы Таймуразы конд нывты цурæй. Уыйбæрц тæлмæнтæ… Уыйбæрц æнкъарæнтæ… Сфæлдыстадон æрмдзæфы тых… Рæсугъд аивады тых. Адæймаджы зæрдæйы æхцон æнкъарæнтæ чи гуырын кæны, эстетикон базыртæ йыл чи садзы, ахæм дæсны къухæй конд, уыйбæрц аивад…

Æвæллайгæ куыст фæкодта Таймураз. Йæ иууыл уарзондæр кусæн бынат уыд йæ æрмадз. Æмæ йын æнтысгæ дæр бирæ бакодта. Фæлæ, дзы, стыр хъыгагæн сафгæ дæр бирæ фæкодта гуырдзыйы агрессийы фæстиуæгæн. Зындгонд у, нывгæнджытæн уæд сæ æрмадзтæ кæй басыгъдысты. Таймуразæн йе ‘рмадзы æвæрд уыдис 400 куысты бæрц. Раласынмæ сæ бæргæ хъавыд, фæлæ йын нæ бантыст. Æмæ басыгъдысты. Басыгъдысты йæ бирæ азты фыдæбæттæ. Таймуразæн уый стыр цæф уыдис, раст ын цыма, цъылынæгыл цы цонгæй хæцыд, уый рачындæуыд бындзарæй. Фæрыст йæ зæрдæ æгæрон рыстæй. Уыцы хъуыддаг бандæвта йе ‘нæниздзинадыл æмæ уыдис йæ низы райдайæн. Æмæ кæд фæрыст, уæддæр йæ ныфс нæ асаст, йе сфæлдыстадон цæхæр нæ фæнымæгдæр. Уый нæ, фæлæ, цыма, ноджыдæр йæ тыхыл тых бафтыд, йæ ныфсыл та – ныфс. Нæ фæллад йæ къух цъылынæгыл хæцынæй. Дарддæр кодта дуджы æмдзу. Цы дуджы цардис, уым цы ахсджиаг цаутæ, цы ивындзинæдтæ  цыдис,  уыдон-иу сæ бынат ссардтой кæттагыл. Гуырдысты йæ нывтæ иу иннæйы фæдыл æмæ æгъатырæй æвдыста йæ нывты гуырдзиаг лæгмарты фыдмитæ ирон адæмæн.

Ивгъуыды мысинаг цаутимæ, Таймуразы куыстыты мах уынæм нæ адæмы абоны цард, сæ тырнындзинæдтæ, сæ сомбоны бæллицтæ дæр.  Йæ риуыбæрц лæгæрста размæ йе сфæлдыстадон фæндагыл, ныхасмæ чъынды чи уыд, куыстмæ та æцæг зиууон, уыцы нывгæнæг – Бестауты Таймураз. Æдзух агурæнты фæндагыл, сфæлдыстадон хъуырдухæнты, иу къæпхæнæй – иннæмæ, иу бæрзæндæй  иннæмæ хизгæйæ нæ фæлладис Бестауы фырт.

Таймураз амондджын уыдис канд сфæлдыстадон хъуыддаджы нæ, фæлæ бинонты царды дæр. Бантыст ын хъæрмуд бинонтæ саразын. Йæ цардæмбал Санахъоты Фатимæимæ схъомыл кодтой дыууæ лæппу æмæ иу чызг æмæ сæ бафтыдтой сæ царды фæндагыл.

Бестауты Таймураз адæмы рæгъмæ цы нывтæ рахаста, уыдон фенын кодтой нывгæнæджы алыфарсон курдиат æмæ ахæм адæймæгтæ та нæ мæлынц, се сфæлдыстады руаджы адæмæн æнустæм фæцæрынц сæ хъуыдыйы, сæ зæрдæйы.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.