Цал æмæ нæ цал хатты бахъуыд зæрдæрыстæй афтæ зæгъыны сæр: «Хуыцауы дæр хуыздæр удтæ хъæуынц…». Афтæ фæзæгъæм, нæ хуыздæрты сæ уæлион дунейæ се ‘нусон бæстæм фæндараст кæнгæйæ.

Æмæ та ногæй…

Ныр та нæ Къарджиаты Эльбрусы тыххæй бахъуыд афтæ зæгъыны сæр… Кæд ирон æвзаг тынг хъæздыг у, уæддæр зын ссарæн сты ацы фарны лæджы аккаг ныхæстæ – йæ удварн, йæ уæздандзинад, йæ куырыхон зонд, йæ диссаджы интеллектуал равдисынæн.

Фыццаг хатт йемæ базонгæ дæн нæуæдзæм азты райдианы, Дзæуджыхъæуы. Кæд нæ рæдийын, уæд уыцы рæстæджы уыди Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдары хæдивæг… Иу стыр æмбырды мын ныхасы бар радтой. Цæуыл хъуамæ уыдаид мæ ныхасы сæр? Уыцы рæстæджы нæ низы хатт, нæ дзуринаг æрмæстдæр нæ фыдыбæстæ уыд. Æмбырды фæстæ мæ æрцагуырдта. Фырæфсæрмæй мæхицæн бынат нал ардтон, фæлæ цы бакодтаин… Базонгæ стæм. Уый мæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг хатт федта, æз æй уæды онг дæр зыдтон адæмы ныхæстæм гæсгæ, дзыллон-информацион фæрæзты фæрцы.

– Æхсызгон мын у, кæстæр фæлтæр сæ сомбоны хъысмæтыл афтæ кæй тыхсынц, уый. Хорз раныхас кодтай, дæ алы дзырд дæр мæ зæрдæйыл сæмбæлд…

Загъта мын уыцы ныхæстæ æмæ мын мæ къух ногæй уыцы зæрдиагæй  нылхъывта.

Мæ кары кæмæн нæ уыдаид æхсызгон, хъуыстгонд лæг, стыр бынаты кусæгæй ахæм ныхæстæ фехъусын… Фæлæ йын цæмæдæр гæсгæ йæ ныхæстыл кæронмæ æууæндгæ дæр нæ бакодтон, нæ мæ бауырныдтой, цалынмæ мемæ бирæ фæныхæстæ кодта, уæдмæ. Уымæн æмæ уæд, хистæртæй, уæлдайдæр бæрзонд бынæтты чи куыста, ахæмтæй æрмæстдæр уайдзæфтæ хъуыстам… Æгæр сæртæг кæй уыдыстæм, «æнæфæныкæй хъал митæ кæй кодтам», уый тыххæй. Уæд нæ хъысмæтыл тох кæнын кæмæ æмбæлд, уыцы хистæртæн сæ бæрæг фылдæр хаймæ худæг каст, Хуссар Ирыстонæн республикæйы статус баззайа, уый. Уæд нæ бынысæфт, не скуынæгыл архайæг Гуырдзыстоны ныхмæ нæ сæйраг хæцæнгарз «ма фæрæди» уыди!..

Æмæ æппæт уыдæттæ мæ зæрдыл даргæйæ, дис кодтон, уыцы фæрнджын лæг, æндæртимæ абаргæйæ, æндæргъуызон кæй хъуыды кодта, æндæр позицийыл лæуд кæй уыд, ууыл.

– Ныртæккæ рæстæг тынг хæццæ у. Чысыл адæмты хъысмæт никæй æндавы, нырма стырдæр проблемæтæ лæууы Уæрæсейы раз, гуырдзыйæн дæр бирæ сæрылхæцджытæ ис æмæ махæн, хицауады æмвæзадыл нæ бон алцы нæу… Фæлæ адæм, ома, хуымæтæджы адæм сæхæдæг хъуамæ дзурой, тох кæной сæ фидæны сæраппонд, уæлдайдæр та – сымах, фæсивæд. Кæд уæдмæ царды уаг дæр фæивид хуыздæрырдæм…

Æмæ уыцы бон уыцы фæрнджын лæг мæ цæстыты раз сыстад дзуары, зæды хуызæнæй. Æмæ афтæмæй баззад мæ цæстныдзæвæны уыцы бонæй абоны онг, йæ мæлæты хабар ын фехъусыны онг…

Цалынмæ ма уыцы бынаты куыста, ома, Хицауады, уæдмæ-иу искæмæй куы фехъуыстон йæ хорзы кой, уæд-иу мæхицæй ныббуц дæн, ахæм диссаджы лæгимæ лæгæй-лæгмæ зонгæ кæй уыдтæн, уый тыххæй. Йæ хорзы кой та-иу ракодтаид алчи дæр – чи йæ зыдта, ардыгæй-иу уырдæм чи ныххауд æмæ-иу Ирыстоны хуссар хаймæ Къарджиайы фырты зæрдæбын ахаст чи банкъардта, уыдонæй.

Уæдæй фæстæмæ бирæ рæстæг рацыд, бирæ цыдæртæ фесты рох, дунейы амæттаг. Абон Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмы фылдæр хай Къарджиаты Эльбрусы зонынц, куыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы фыццаг Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар, афтæ.

Йæ царды фæндаг та тынг вазыгджын æмæ мидисджын у. Зæгъæм, алчи нæ зоны, æхсайæм азты æмбисы Къарджиаты Эльбрус Дзæуджыхъæуы Цæгат Кавказы Хæххон-металлургон институты куы ахуыр кодта, уыцы рæстæджы нымад кæй цыд нæ хуыздæр зарæггæнджытæй сæ иуыл. Фæлæ йæ хъысмæт аивады фæндагыл кæронмæ нæ бафтыдта.

1987 азы каст фæцис Мæскуыйы СЦКП цур Æхсæнадон зонæдты Академи æмæ йæ райгуырæн Ирыстоны, фæстæдæр Уæрæсейы Федерацийы куыста алы æмæ алы бæрнон бынæтты.

Уыдис Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Федерацийы субъекттæ, парламенттæ æмæ æхсæнадон организацитимæ бастдзинæдты фæдыл Департаменты сæргълæууæг.

Уый фæстæ нысан æрцыд Турчы Уæрæсейы Федерацийы Генералон консулæй, фæстæдæр та Турчы Уæрæсейы Федерацийы минæварады уынаф-фæгæнæгæй.

2007 азы ногæй кусын райдыдта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады. Нысан æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады хъуыддæгты фæдыл цыппæрæм департаменты сæйраг уынаффæгæнæгæй.

2008 азы августы хæсты фæстæ, Уæрæсейы Федераци нæ бынтон скуынæгæй куы бахызта, стæй нын нæ хæдбардзинад куы банымадта, æмæ не ‘хсæн дипломатон ахастытæ куы сфидар кодта, уæд Республикæ Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгад йæ фыццаг Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæварæй æрæрвыста Къарджиаты Эльбрусы.

Уæдæй суанг 2017 азы онг не ‘хсæн фæцард æмæ фæкуыста, нæ туг не стæг, фæлæ æндæр, æфсымæрон паддзахады Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæварæй. Уыцы азты дæргъы нын йæхи афтæ базонын æмæ бауарзын кодта, цыма ам, не ‘хсæн райгуырд æмæ схъомыл. Алчи дæр æм каст хиуоны, æввахс адæймаджы цæстæй. Уый-иу цы мадзæлтты райста хайад, уыдон уæлдай мидисджындæр æмæ зæрдæмæхъаргæдæр уыдысты. Йæ уæздан, йæ куырыхон раныхас-иу арф ныххызт алкæй зæрдæмæ дæр. Йæ амæлæты уæззау хабар фехъусыны хæфæстæ йæ нæ Республикæйы Президент Бибылты Анатоли хуымæтæджы не схуыдта Ирыстон æмæ Уæрæсейы стыр патриот.

Куы йæ снысан кодтой, уый фæстæйы фыццаг фембæлд дæр мæ никуы ферох уыдзæн. Йæ уæздан, йæ хурæнгæс цæсгомыл фæлмæн æмæ æхцон мидбылхудт ахъазыд, афтæмæй мын дзуры, кæй зæгъын æй хъæуы, цæгаттаг ирон ныхасыздæхтыл:

– Мæ должность иронау куыд хуыйны, уый газет «Хурзæрин»-ы фæрцы базыдтон – Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар!.. – загъта, йæ амонæн æнгуылдз хæрдмæ сдаргæйæ, æмæ уыцы зæрдиагæй бахудт.

Æмæ йæ ахæмæй базыдтам æмæ бауарзтам. Зæрдиагæй æмæ зæрдæбынæй. Æцæг патриотæй, уæздан æмæ куырыхон хистæрæй, хуыцауысконд ирон лæгæй, профессионалон дипломат æмæ тадзгæ-баргæйæ хъуыдыгæнæг политикæй. Боныфæстагмæ – хуымæтæджы зæххон, фæлмæнзæрдæ, рухс адæймагæй.

Æмæ йæ ахæмæй бадардзыстæм нæ зæрдыл.

Рухсаг у, нæ диссаджы æмзæххон!..

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.