Æвæццæгæн, зыгъарæг, хæфсы æмæ мысты фыд бирæ кæй уарзы, уый тыххæй йыл абадт джиппывæрдау ацы ном. Уæдæ, домбайы фыд кæм уарздзæн! Æниу æй чизоны уарзгæ дæр кæны, фæлæ гæды фиумæ куыд не `ххæссыд, афтæ уый та домбаймæ кæнæ иннæ стыр сырдтæм не  ‘ххæссы. Мæнæй-ма, кæм зыгъарæг, кæм та домбай, кæнæ арс æмæ бирæгъ – сæ тыхтæ иугъуызон кæм сты. Царды закъон та ахæм у æмæ тыхджындæр æдыхдæрыл кæддæриддæр тых вæййы. Уый канд цæрæгойты царды нæ зыны, фæлæ, уымæн æвдисæн адæмты цард дæр. Мах æхсæн дæр арæх вæййы, ахæм цаутæ, бынтон ницæйы тыххæй дæр, тыхджындæр æдыхдæры  куы бафхæры. Зыгъарæг бирæ сырдтау хæринагыл зыд нæ кæны. Стыр æхцондзинад райсы канд хæфс æмæ мысты фыд хæрынæй нæ, фæлæ алыгъуызон уырынгонтæй йæхи куы сæфсады, уæддæр. Йæхи нæ атигъ кæны, зайгæ чи кæны, ахæм хæринæгтæй дæр. Уæдæ бæлæсты уидæгты йæ фидар ныхтæй куы ракъахы æмæ сæ куы ахсыны, уæддæр ын мады æхсырау батайынц. Æмæ, йæ, ома, фидар ныхтæ  æрмæст зæхх ракъахынæн æмæ уидæгтæ æхсынынæн хъæуынц зыгъарæджы? Нæ. Уыдон ма йын сты “æрцытæ.” Фæлæ сæ барвæндонæй искæйы буары нæ фæсадздзæн.  Зыгъарæджы хыл кæнын никæимæ фæнды, фæлæ цард афтæ арæзт у æмæ дæхæдæг куынæ лæбурай искæмæ, уæддæр дын дæхимæ лæбурæг фæуыдзæн. Æмæ сæ уæд спайда кæны, хъæбатырæй тохы бацæуы æмæ фылдæр хатт уæлахизæй рацæуы. Уæдæ ма йæ æндæр цæмæн хъæуынц, йæ чысыл дзæмбытæ, ахæм ныхтимæ?

Йæ хæдзармæ бакæсын, уый фенын дæр цымыдисон у. Райдианы йæхицæн скъахы,  бирæ сырдтæн куыд вæййы, ахæм хуыггом. 2-3 метры æрфæн. Уый фæрсырдæм фæзилы æмæ кæронæй саразы сæрмагонд хатæн-ахстон. Фæлæ ууыл нæ фæвæййы йæ хæдзары арæзтад. Æрвылаз дæр æй арфдæр æмæ уæрæхдæр кæны, фæзыны дзы ног ацæуæнтæ, къæлидортæ, ахстон кæм саразы, ахæм хицæн бынæттæ. Цалдæр раны дзы саразы æддæмæ рахизæн хуынчъытæ. Афтæ йæ цæрæнбонты  аразы æмæ хуыздæр кæны йæ хæдзар-хуыггомы. Фæлæ ацы хъуыддаджы уæлдай активондæр вæййы фæззæджы, зымæгон фынæйы агъоммæ æмæ уалдзæджы, хæдзар зымæджы фæстæ æфснаинаг куы вæййы, уæд.

Зæронд зыгъарæгæн йæ хæдзары къæлидоры дæргъ вæййы 20 метрæй фылдæр. Ахæм хæдзар та йын фагæй бирæ фылдæр у. Уымæ гæсгæ кæд иунæгæй цæрын тынгдæр уарзы, уæддæр йæхимæ бауадзы цæрджыты – рувæсты. Хæларзæрдæ зыгъарæг хъæцид, цы сыхæгтæ йæм  фæзынынц, уыдоныл, фæлæ æгæр хивæнд æмæ, сæйраджыдæр, та чъизи цард фæкæнынц æмæ уыдæттæй фæлмæцы. Зыгъарæг йæхæдæг сыгъдæг цард уарзы, йæ хуыггомы алыварс ын иу стæг, иу хæринаджы баззайæццаг не ссардзынæ иннæ сырдты хъауджыдæр. Ахæм сыгъдæг у, æмæ кæм цæры, уымæй цалдæр метры æддæдæр скъахы сæрмагонд арф дзыхъхъ – къахæвæрæн. Уæрм куы байдзаг вæййы, уæд æй сыджытæй бамбæрзы æмæ та ног дзыхъхъ саразы. Æгæрыстæмæй, цалынмæ къахæвæрæнмæ бацæуа, цалынмæ йæ царм, цы сыджыты муртæ йыл аныхæсынц, уыдонæй не ссыгъдæг кæна, иудзырдæй, цалынмæ йæхимæ нæ базила, уæдмæ цуаны дæр нæ ацæудзæнис. Афтæмæй йæ фарсмæ та – рувæстæ, смаггæнаг, сæ алыварс – стæджытæ, хæринæгты баззайæццæгтæ. Зыгъарæг йæхи æвзæр хатын райдайы, хатт афтæ дæр рауайы æмæ йæ хæдзар уыдоны тыххæй ныууадзы. Фæлидзы сæ æмæ дард, æндæр ран райдайы хæдзар аразын. Йæ хæдзары цæрджытæ йæ куыннæ фæтыхсын кæнынц, уæд йæхицæн æнцой цард фæкæны. Æхсæв цуаны ацæуы йæ хуыггомæй 10 километры æддæдæр.

Зыгъарæгæн ма йæ æнцой цард фехæлы лæппынтæ йын куы фæзыны, уæд. Уыдон вæййынц 3-5, æнæбон, фондз къуыримæ цæстæй нæ ракæсынц. Кæд мадæн йæ дæргъ иу метры бæрц вæййы, йæ уæз та – 20 килограммы, уæд йæ лæппынтæй иуы уæз та бæрцæй вæййы 15 граммы. Лæппынтæ вæййынц хъысхъысгæнаг. Фыццаг æртæ боны мад сæ цурæй нæ рахизы. Уый фæстæ цыбыр рæстæгмæ куы рахизы, уæддæр нал фенцайынц сæ хъыс-хъысæй.

Зыгъарæджы хæдзары алы къуыммæ дæр уæлдæф хорз цæуы, цыма рог уæлдæф пайда кæй у, уый зонгæ кæны. Ахæм уæлдæф лæппынтæн дæр мæгуырау кæм у. Зыгъарæг ма зоны, йæ лæппынтæн хуры ваннæтæ дæр пайда кæй сты æмæ сæ хурбоны рахæссы æддæмæ. Мæй æмæ сыл æрдæг куы рацæуы, уæд сæхæдæг райдайынц æддæмæ хизын. Рацæуы ма цалдæр къуыри æмæ сæхæдæг дæр райдайынц тезгъо кæнын. Сæрды фæудмæ сæхæдæг хицæнтæй райдайынц тезгъо кæнын, хæринаг амал кæнын.

Фæззæг куы æрбалæууы, уæд æрцæуы мад æмæ лæппынтæн хæрзбон кæныны рæстæг. Мад йæ хæдзар цалцæг кæнынмæ æрывналы. Лæппынтæй та алчи йæхицæн хæдзар саразыны, зымæгон фæсауæрцтæ самал кæныны хъуыдыйыл вæййы. Зыгъарæджы уæз фæззæджы фæфылдæр вæййы 4-6 килограммы бæрц. Уый йын фæахъаз вæййы йæ организм цæрдхъомæй дарынæн, зымæгмæ цы хæринæгтæ æрымбырд кæны, уыдон та фæхæры, рæстæгæй-рæстæгмæ куы райхъал вæййы, уæд.

Зымæджы фынæйы агъоммæ зыгъарæг йæ хæдзар-ахстонмæ æрбахæссы, хъæдгом дзæбæх кæнынæн чи ахъаз кæны, ахæм хъуына æмæ зианхæссæг уырынгонты чи мары, уыцы ромашкæйы. Лыстæн та йæхицæн бакæны æртæсыфон кæрдæгæй. Уый сыбар-сыбур нæ кæны.

Гъе, афтæмæй йæ зымæг арвиты зыгъарæг æмæ уалдзæджы къæсæрыл дзæбæхæй сæмбæлы.

Æрмæгыл бакуыста

БЕСТАУТЫ Валя   

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.