12-æм августы РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды къухдариуæгадæй уагъд æрцыдис 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл штабы радон рабадт. Рабадты хайад райстой Хицауады Сæрдары хæдивджытæ Тъехты Алан æмæ Пухаты Эрик, ведомствоты, подрядон организациты, контролгæнæг органты къухдариуæггæнджытæ.

Куыд фæтк, афтæ та ныр дæр рабадты уынаффæ цыдис, Инвестпрограммæмæ хаст цы объекттæ æрцыдысты, уыдоны арæзтадон куыстытæ цы уавæры сты, цахæм проблемæтыл æмбæлынц æмæ куыд иуварс цæуынц, уыдæттыл.

Рабадты райдианы байхъуыстæуыд республикæйы Арæзтады, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуарды раныхасмæ. Уый æрдзырдта, ивгъуыд рабадты сын цы хæстæ лæвæрд æрцыд, уыдон куыд æххæст цæуынц, уыдæттыл. Уыдон та сæйраджыдæр уыдысты Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры арæзтадон   организаци  «Эверест»-ы кусджытæн сæ мызд рæстæгыл бафидыны фарст аскъуыддзаг кæнын, æмæ куыстытæ графикæй фæстейæ цы аххосæгтæм гæсгæ баззайынц, уый сбæлвырд кæнын.

Арæзтады министр Зæгъойты Эдуард банысан кодта, зæгъгæ, куыстытыл фæтых уыдзыстæм мæйы кæронмæ, бацархайдзыстæм кусæгдых фæфылдæр кæныныл æмæ сæ рæстæгыл арæзтадон æрмæджытæй ифтонг кæныныл. Уый бамбарын кодта, ивгъуыд къуыри куыстыты темптæ чысыл кæй æрхаудтой. Уый тыххæй та уыдон фехъусын кодтой Цæгат Кавказы фæдыл министрадмæ, сæ коллегæтæн, афтæ ма Уæрæсейы Президенты Администрацимæ. Ацы фарсты фæдыл Цæгат Кавказы министрады уагъд æрцæудзæнис рабадт. Кусджыты куыстмызды тыххæй та министр фехъусын кодта, зæгъгæ, «Эверест»-ы инженерон-техникон кусджытæн сæ куыстмызд бафыст не ‘рцыдис ныр дыууæ мæйæ фылдæр. Уымæн та йæ аххосаг уыд,  рæстæгыл хыгъдон документаци бацæттæ кæй не ‘рцыдис, уый.

Президент фæндон бахаста, цæмæй подрядон организациты ныхмæ ист æрцæуа санкцитæ æмæ æрдомдта, цæмæй подрядон организациты къухдариуæггæнджытæ рæстæгыл аразой æмбæлон документацитæ æмæ уый аххосæй арæзтады ма уа къуылымпыдзи-нæдтæ æмæ финанскæнынад. Зæгъойты Эдуард куыд фехъусын кодта, афтæмæй сæ ныхмæ ист æрцыд цалдæр санкцийы. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй 2015 азы цы объекттæ арæзт цыдысты, уыдонæй дыууæ организацийæн иварон санкцитæ рахаст æрцыд 1 милуан  æмæ 900 мин сомы бæрц æмæ уыцы хъуыддаг дарддæр дæр араздзыстæм, – зæгъгæ.

Горæты уынгты арæзтадыл дзургæйæ, Зæгъойты Эдуард банысан кодта, ныртæккæ арæзтадон куыстытæ уымыты кæй цæуынц æнæкъуылымпыйæ.

«Ныртæккæ арæзтадон куыстытæ æххæст цæуынц Горькийы уынджы. Уым кусынц 16 адæймаджы, техникæйæ сты ифтонг. Ахæм хæрзарæзтадон куыстытæ æххæст цæуынц Хетæгкаты Къостайы уынджы дæр. Аразынц тротуартæ, æвæрынц фæндагон змæлды ны-сæнттæ æмæ дзы садзынц цъæхдарæнтæ. Уыдæттыл кусынц 16 адæймаджы. Ис сæм фаг техникæ. Остъайы фырты уынджы фесты арæзтадон куыстытæ, куыст ма цæуы фæндагон нысæнттæ сæвæрыныл. Кобылы фырты уынджы та цæттæ кæнынц асфальты фыццаг фæлтæр сæвæрынмæ. Цхинвалы уынджы куыстытæ сты фæуынхъус. Энгельсы уынджы иуæй-иу бынæтты куыстытæ кæронмæ баконд не ‘рцыдысты, газуадзæн куыстытимæ дзы проблемæтæ кæй ис, уый  аххосæй.  Уыдон куыддæр скъуыддзаг æрцæуой, афтæ æрæв-налдзысты иннæ куыстытæ æххæст кæнынмæ дæр.

Уынгты арæзтады тыххæй «Дорэкспострой»-ы генералон директор Лалыты Мурат дæр бахаста йæхи баххæсткæнинæгтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Горькийы уынг эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн ацы аз сентябры мæйы. Хетæгкаты Къостайы уынгыл æвæрд æрцыдис асфальты фыццаг фæлтæр, цъæхвæлыст цæуы, арæзт фесты электрохызæгтæ, ауагъд ыл æрцæудзæн асфальты дыккаг фæлтæр æмæ цæттæ уыдзæн эксплуатацимæ радтынмæ. Къуырийы æмгъуыдмæ цæттæ уыдзæн Гаглойты Владимиры уынг дæр. Ныридæгæн цæттæ у фæндаджы иу хай. Горькийы уынг цæттæ уыдзæн къуырийы кæронмæ, афтæ Кобылы фырты уынджы иу хай дæр цæттæ уыдзæн тагъд рæстæджы. Мураты ныхæстæм гæсгæ, Интернационалон уынджы фæзындис проблемæтæ газы зæронд хызæгтимæ. Ныртæккæ уыдон иуварс цæуынц æмæ æрæвналдзысты дарддæр арæзтадон куыстытæм.

Йæ рады Президент банысан кодта, куыстытæ кæй хъуамæ æххæст цæуой гъæдджынæй.

«Сымах хъуамæ хынцат, куыстыты сезон кæронмæ кæй фæхæццæ кæны. Махæй ничи зоны, боныгъæд дарддæр куыд ахæсдзæнис, уый. Уымæ гæсгæ хъæуы тындзын, спайда хъæуы хорз боныгъæдтæй, цæмæй куыстытæ кæронмæ фæуой», – загъта Президент æмæ æрсидтис алкæмæ дæр, цæмæй бæрнондæр ахаст дарой сæ куыстмæ.

Сывæллæтты рынчындон æмæ хирургион корпусты арæзтадтыл дзургæйæ, арæзтадон организацийы минæвар банысан кодта, зæгъгæ, куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ.

Сывæллæтты рынчындоны æххæст цæуынц мидæггагон куыстытæ, фæуд кæнынц сантехникон куыстытæ дæр. Æвæрынц линолеум, афтæ ма æрæвнæлдтой йæ алыварс территорийы хæрзарæзтадмæ. Хирургион комплексы монтаж фесты артгæнæн. Арæзтады кусынц 75 адæймаджы. Куыстытæ æххæст цæуынц графикмæ гæсгæ æмæ сентябры кæронмæ фæнд кæнынц хъæуæг ифтонггæрзтæй йæ сифтонг кæныныл.

Президент бахæс кодта, цæмæй рæстæгыл цæттæ цæуа документаци, финанстæй æмбæлонæй пайда цæуа, цæмæй объекты арæзтад кæронмæ фæуа сфидаргонд æмгъуыдты. Рабадты ма дзырд цыдис ног Гуырæн хæдзары арæзтадыл дæр. Ацы фарсты фæдыл Арæзтады министр банысан кодта, ацы аз райст кæй хъуамæ æрцæуа йæ æххæст проект, цæмæй фидарæй, ныфсджынæй кусой.

Рабадты ма дзырд цыд Синагур-Карзман, Гуфта-Хъемултайы фæндæгты арæзтадыл. Гуыззыдтаты Эдуард куыд банысан кодта, афтæмæй фæндагарæзтадон куыстытæ цæуынц æнæкъуылымпыйæ.

Афтæ ма дзырд цыдис Исахъы уынджы базары, Цхинвалы бирæпрофилон колледжы æмæ дзулфыцæн комбинаты арæзтадтыл.

 

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.