Кæд нырма Ног азы æрбалæудмæ дыууæ къуырийы бæрц ис, уæддæр ныридæгæн райдыдтой ногазон мадзæлттæ. Иу ахæм ногазон хæрзаудæн акци сорганизаци кодтой нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ сæ ахуырдзаутимæ. 15-æм декабры ацы скъолайы 6, 7, 8, 9 æмæ 10-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытæ Гæззаты Юрина,  Садзаглишвили Маринæ, Козаты Маринæ, Медойты Аллæ, Рассохина Надежда дзадджын хуынтæ æмæ концертон программæимæ фæуазæг сты пансионат «Аудындзинад»-мæ, цæмæй пансионаты цæрæг æвæгæсæг адæймæгты зæрдæтæ ба-хъæлдзæг кодтаиккой, ацы хæрзаудæн акцийæ уыдонæн равдыстой æхсæнадæй рох кæй не сты, уый. Хæрзаудæн акци сорганизаци кодтой ацы скъолайы англисаг æвзаджы ахуыргæнæг Гæззаты Юринæ æмæ скъолайы организатор Садзаглишвили Маринæ. Лæвæрттæ балхæныны тыххæй æхцайы фæрæзтæ  æрæмбырд кодтой скъолайы ахуыргæнджытæ сæхи хардзæй сæ директор Александрова Людмилайы сæргълæудæй.

Пансионаты директор Теблойты Чермен раарфæ кодта уазджытæн æмæ зæрæдты хæдзары цæрджыты базонгæ кодта сæ уазджытимæ. Концертон программæ цалынмæ нæ райдыдта, уæдмæ скъоладзаутæ ногазон лæвæрттæ бакодтой пансионаты цæрæг зæронд адæймæгтæн,  фынгтыл сын авæрдтой ирон уæливыхтæ æмæ æндæр хæрзад хæринæгтæ, суанг минералон дæттæ æмæ адджинæгты онг. Уый фæстæ скъоладзаутæ кастысты æмдзæвгæтæ, сæххæст кодтой зарджытæ, кæфтытæ æмæ сын фысымтæ дæр къухæмдзæгъд кодтой. Зарджытæм хъусгæйæ, пансионаты ацæргæ адæймæгтæй цалдæр сæхи нал баурæдтой æмæ уыдон дæр зарын райдыдтой скъоладзаутимæ, зындис сыл кæддæр се взонджы бонты зарын кæй уарзтой, уый. Зæронд, æвæгæсæг адæймæгтæм кæсгæйæ, сæ тæригъдæй ахуыргæнинæгтæй бирæтæн се ‘взонг рустыл æруадысты судзгæ цæссыгтæ.

Концертон программæйы фæстæ пансионаты директор Теблойты Чермен ноджыдæр иу хатт бузныджы ныхæстæ загъта 6-æм скъолайы коллективæн, ахæм хæрзаудæн акцийы тыххæй. «Арфæ уын кæнын уæ хæрзиугæон архайды тыххæй, стыр бузныг уе ‘рхъуыдыйæ. Æз федтон мæнæ цалдæр скъоладзауы сæ цæстысыг кæй нæ баурæдтой ацæргæ, æвгæсæг æмæ рынчын адæймæгтæм кæсгæйæ. Уый хорз хъуыддаг у, æгайтма сын афтæ æнкъараг зæрдæтæ ис. Фæлæ цæстысыгы бæсты, хуыздæр уаид мæнæ ахæм акцитæ аразын. Уарзут уæ алыварс адæмы, уæ хиуæтты, уæ ныййарджыты. Афтæ куы уа, уæд нал уаиккой мæнæ ахæм пансионаттæ дæр», – загъта уагдоны директор.

Кæй зæгъын æй хъæуы, цалынмæ 6-æм астæуккаг скъолайы минæвæрттæ не ‘рбацыдысты, уæдмæ бацымыдис кодтам пансионаты цæрæг зæронд адæймæгты цардуагон уавæртæм æмæ азылдыстæм хатæнтыл. Тынг æхсызгон нын уыд, пансионаты ныр цалдæр азы кæй кусы хъæрмадон системæ æмæ ахæм зымæгон уазæлтты хатæнтæ  хъарм кæй сты, уый. Хатæнтæй сæ иуы къулыл мæ цæст схæцыд телевизорыл, йæ разы та æвæрд уыдысты бандæттæ. Ацы хатæны зымæгон даргъ æхсæвты пансионаты цæрджытæ сæхи фæирхæфсынц телевизормæ кæсгæйæ.

Теблойты Чермен нæ рæдау фысымау фæхуыдта йæ кабинетмæ æмæ нын  бацайдагъ ныхас. «Пансионаты бынат ис 25 адæймагæн. Ныртæккæ нæм ис 18 адæймаджы, уыдонæй бирæтæн нæдæр сывæллæттæ ис æмæ нæдæр æввахс хиуæттæ. Ис нæм ахæмтæ дæр, кæцы-тæн ис хъæбултæ æмæ мады зæнæгтæ, фæлæ уæддæр цæрынц ам. Хæлцадон продукттимæ нын проблемæ нæй, боны  дæргъы хæрынц æртæ хатты алыгъуызон хæрзад хæринæгтæ. Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ мах иу ирон бæрæгбоны фæрсты дæр кæй никуы ахизæм, алыхатт дæр сæ банысан кæнæм, цæмæй зæронд адæймæгтæ сæхи иппæрдæй ма хатой. Хъæрмадон системæ нæм кусы ныр дæс азы дæргъы, зæронд рудзгуытæ кæй нал бæззыдысты, уымæ гæсгæ сæ раивтам пластикон рудзгуытæй».

Уæдмæ уагдоны директормæ телефоны чидæр æрбадзырдта. Сæ ныхасмæ гæсгæ, бамбæрстам ногазон Наз бæласы тыххæй кæй цæуы дзырд. «Æрвыл Ног азы дæр сæвæрæм Наз бæлас, ныр дæр та ныридæгæн бадзырдтон, æввахс рæстæджы йæ æрласдзыстæм æмæ йæ сывæрдзыстæм, сфæлындзыстæм куыд Наз бæлас, афтæ зал дæр. Уадз, æмæ сын йæ уындæй æхцондзинад хæсса, уымæн æмæ зæронд адæймаг сывæллонæй уæлдай нæу. Арæх нæм фæуазæг вæййынц Президент Тыбылты Леонид, Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Григори Кулиджанов. Уыдон нæм дарынц лæмбынæг хъусдард. Кæй зæгъын æй хъæуы, Президент дæр нæм афтид армæй не ‘рбацæуы. Æвæгæсæг адæймæгтæй исчи куы фæрынчын вæййы, уæд фæдзурæм Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрмæ. Уый нæ базивæг кæны æмæ нæм æрбацæуы, бынаты басгары рынчыны æмæ куы бахъæуы, уæд æй схуыссын кæнæм республикон соматикон рынчындоны. Уæ газеты ‘руаджы мæ стыр бузныг зæгъын фæнды Президент Тыбылты  Леонид æмæ Григори Кулиджановæн. Уыдонæй дарддæр ма нæ арæх абæрæг кæнынц, ацы зæронд адæммæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, ахæм цæрджытæ. Зæгъæм, нæ горæты цæрæг Къæбулты Æхсарæн ис мыды чыргъæдтæ æмæ сын  æрвылаз дæр æрбахæссы мыд. Ныр дæр та уыд афтæ, пансионаты цæрджытæн æрбахаста  14 килограммы мыд. Нæ горæты цæрæг Чехойты Оля дæр нæ рохуаты нæ уадзы, æрбарвиты нын лæвæрттæ, мæнæ къæлидоры цы палас ис, уый дæр нын Оляйы лявар у. Нæ горæты цæрæг Бекъойты Алан та нын æрæджы æрбаласта хæлцадон продукттæ, кæд цух не стæм, уæддæр. Арæх нæ бабæрæг кæнынц аргъуаны служ-бæгæнджытæ дæр. Иннæ ахæм нæ горæты цæрджытæй бирæтæ æрбадзу-рынц кæнæ та æрбацæуынц æмæ сын æрбахæссынц уæлæдарæс, кæд пансионаты цæрæг зæронд адæймæгты нæхæдæг дæр цух нæ уадзæм, уæддæр сæ фæбузныг вæййæм сæ хъусдарды тыххæй. Нæ республикæйы уæвæг Сырх   Дзуары Дунеон комитет дæр нын хорз æххуыс кæны. Æрæджы нын æрбаластой гобантæ, хуыссæны цъæрттæ, базтæ, хъæццултæ. Иннæ ахæм нын балæвар кодтой электрогенератор æмæ стыр митуарды аххосагæй рухс куы ахуысса, уæддæр нæ фæтыхсдзыстæм», – радзырдта Теблойты Чермен.

Ныр та мæ зæгъын фæнды…. Æвзонг адæймаг афтæ фенхъæлы, ома цæрæнбонты афтæ æвзонгæй баззайдзæн æмæ никуы базæронд уыдзæн. Фæлæ зæронд хæцгæ низ у, кæнæ иу хатт иу æфсин йæ чындзæн куыд загъта,  фæлæу дæуæн дæр, дам, дæ фæндаг мæныл у, зæгъгæ. Абон пансионат «Аудындзинад»-ы цы зæронд, æвæгæсæг æмæ инвалид адæймæгтæ цæрынц, уыдон дæр кæддæр, се взонджы бонты  афтæ æнхъæл кæцæй уыдысты æмæ искуы сæ зæрыбонты бонæддæдæртæ искæйы къуымты кæндзысты. Цалдæр азы размæ уæрæсейаг каналтæй иуы алæвæрды æвдыстой Уæрæсейы  зæрæдты хæ-дзары цæрæг рынчын адæймæгты. Абоны онг дæр мæ цæстыты раз сыстынц сæ фæлгæндзтæ, мæгуыр,  лæгъстæгæнаг цæстытæ сын кæй уыд, уымæ гæсгæ. Пансионаты кусджытæ дзырдтой, ома, дам, махæн куыд нæ бон у, афтæ сыл аудæм. Фæлæ, зæгъ, сæ исчи куы фæрынчын вæййы, уæд, зæгъ, æппынæдзух цæстæй йæ хиуæтты фæагуры, тынг мæгуыргъуыз, дам, сын вæййы. Уагдоны кусæг сомихаг нæлгоймаджы ныхæстæ дæр бахъуыды кодтон. Уый загъта, зæгъгæ, дам, Сомихстоны худинаг у зæронд адæймаджы хæдзарæй раппарын.

Пансионат «Аудындзинад»-ы  цæрынц алыгъуызон хъысмæттимæ адæймæгтæ. Уыдон, æвæццæгæн, хъуыды дæр никуы  акодтаиккой, сомбоны сæ сæ сывæллæттæн, се ‘ввахс хиуæттæн уæлдай уаргъ суыдзысты, ууыл. Пансионаты цæрæг Пæрæстаты Маринæйы дæр йæ хъысмæт цалдæр азы размæ æрбахаста ардæм. Уый райгуырд 1946 азы Хуссар Ирыстоны. Йæ ныййарджытæ уыдысты дохтыртæ. Сæ чызг куы райгуырд, уæд бинонтæ цæрынмæ ацыдысты Тбилисмæ. Уым Маринæ каст фæци медицинон институт æмæ 27 азы Тбилисы бакуыста дохтыр-венерологæй. Маринæ чындзы ацыд æмæ йын райгуырд фырт. Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд куы райдыдта, уæд сæ бахъуыд Гуырдзыстонæй ацæуын. 13 азы бæрц фæцардысты АИШ-ы Калифорнийы. Фæлæ йæ иунæг фырт 33-аздзыдæй трагикон æгъдауæй куы фæмард, уæд æрæздæхт Хуссар Ирыстонмæ. Рæстæгмæ æрцард йæ хæстæджытæм. Кусын райдыдта цармы-венерологон диспансеры, рацыд æххуырст фатермæ. Фæлæ йе ‘нæниздзинад кæй фæцудыдта, уымæ гæсгæ йæ куыст ныууагъта æмæ иунæг пенсийæ та  æххуырст фатерæн куыд фыстаид. Уымæ гæсгæ 2013 азы æрцард пансионат «Аудындзинад»-ы.

Мæ уацы кæрон мæ фæнды банысан кæнын, уагдоны директоры стъолыл кæй баййæфтон бынæттон газеттæ, уыцы нымæцы иунæг ирон газет «Хурзæрин» дæр. Раст мын цыма стыр хорзы бацыд, ахæм бузныг фæдæн Теблойты Черменæй. Иннæ ахæм мæ уырны уый дæр, æмæ тагъд рæстæджы зæрæдты хæдзары бынаты кæй фæзындзæн нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм пансионат.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.