Хорздзинад саразынæн æмæ ном ссарынæн бирæ нæ хъæуы. Æрæджы Дзауы районы ветеранты советы сæрдар йæ дæлбаруæвæг ветерантæн æххуысы хуызы байуæрста бынаты æркæнгæ картоф.

Дзауы районы ветеранты совет кæуыл аудой æмæ кæй сбуц кæной, уыцы цытджын ветерантæ сæм ис. Стыр Фы-дыбæстæйон хæсты ветерантæй ма райо-ны цы иунæг сылгоймаг ветеран уыдис, 9-æм майы Уæлахизы боныл 75 азы сæххæсты боны цытæн арфæтæ чи иста, уый дæр æрæджы фæхъуыдис а-дунейæ. Гитлерон фашистты хъизæмæрттæн чи бафæрæзта æмæ уæззау хæстон фæндæгтыл чи рацыд, уый уыдис хъæбатыр сылгоймаг Магкоты Соня.

Дзауы районы ветеранты советы номхыгъды сты, фæсчъылдым чи тох кодта гитлерон фашизмимæ, уыцы вете-рантæ, фæллойы æмæ æндæр категориты ветерантæ дæр. Уыдонæй бирæтæн æрæджы æххуысы хуызы районы ветеранты советы сæрдар Гатыгкоты Мананæ арфæйы ныхæстимæ байуæрста дæсгай килограмты бæрц бынæттон картоф. Гатыгкоты Мананæ куыд загъта, уымæ гæсгæ йæ фæндыд, цæмæй ацы аз Дзауы районы цы картоф æрзад, уымæй фæхай кодтаиккой йæ дæлбаруæвæг ветерантæн. «Цалдæр азы фæд-фæдыл нæ районы бæрзонд хъæуты байтауынц картоф æмæ сæ районы администрацийы къухдариуæгадæй байуарынц скъолатыл, сабидæттыл, организацитыл, афтæ ма æххуысхъуаг бинонтыл. Æз, куыд районы ветеранты советы сæрдар, афтæ мæ бафæндыд, цæмæй ацы аз уыдон номхыгъдмæ бахастаиккам ветеранты дæр. Бахатыдтæн нæ районы хистæр Джиоты Андреймæ æмæ мын тынг æхсызгонæй сæмбæлдис мæ хъуыдыйыл. Ветеранты номхыгъд стыр у, фæлæ дзы æз рав-зæрстон ахæмты, кæцытæн хъуыдис æххуыс кæнын. Кæд сын голлæгтæ нæ байуæрстам, уæддæр сын ссардтам сæ нæмттæ æмæ сын сæ радтам. Ацы хæрзиуæгон хъуыддагыл тынг æхсызгонæй сæмбæлдысты нæ ветерантæ æмæ-иу мын загътой стыр бузныджы ныхæстæ. Сæрмагондæй ма арфæ кодтой нæ районы администрацийы сæрдар Джиоты Андрейæн. Бирæтæм-иу дзы телефоны куы бадзырдтон æмæ-иу сын куы загътон, зæгъгæ, сын ветеранты совет æххуысы хуызы рахицæн кодта дæсгай килограммы бæрц картофтæ, уæд-иу стыр бузныг загътой æмæ-иу сæ нæ бакуымдтой, зæгъгæ, сæхимæ фаг ис. Уыцы адæмы хæйттæ-иу уæд байуæрстон, номхыгъды мын чи нæ уыд, уыцы ветерантыл. Дзырд ацы чысыл æххуысыл нæ цæуы, фæлæ, ветерантæ дæр сæхæдæг куыд загътой, уымæ гæсгæ сæм хъæуы хъус дарын æмæ сыл хъæуы аудын. Уый у сæ иууыл стырдæр лæвар хистæр кары адæмæн», – банысан кодта Гатыгкоты Мананæ.

Уый ма нын куыд радзырдта, афтæмæй йæ хæсыл нымайы, цæмæй дарддæр дæр йæ хъус дара æмæ йæ бон кæм уа, уым-иу йæ дæлбаруæвæг адæймæгты фарсмæ æрбалæууа æмæ-иу сын æвæрццагæй аскъуыддзаг кæна, рæгъмæ цы фарстытæ хæссой, уыдон.

ЦХУЫРБАТЫ Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.