Хуссар Ирыстоны дзыллон информацион фæрæзтæ – газеттæ «Хурзæрин», «Южная Осетия», ПТРК «Ир», радио «Ир-FM» Централон æвзарæн къамисы ауагътой халæппæрст авд политикон парти æмæ 99 иумандатонты ‘хсæн.

Халæппæрст ауагъдæуыд «РХИ-йы Парламентмæ æвзæрстыты тыххæй» Конституцион закъонмæ гæсгæ.

Халæппæрсты нысан у, депутаттæм кандидаттæн æмæ политикон партитæн республикон газетты фæрстыл лæвар цы фæзуат рахицæн æрцыд æмæ газетты кæцы номырты уыдзысты, уыдон базоныны нысанæн, телеуынынад æмæ радиойы та – алыгъуызон рекламон мадзæлттæ æмæ деб  эфирон рæстæг базоныны тыххæй. Уый тыххæй редакцитимæ хъуамæ саразой бадзырдтæ.

Централон æвзарæн къамисы нымæрдар Аулохты Кристинайы ныхæстæм гæсгæ, газетты фæрстыл рахицæнгонд бынæттæ дæр, æмæ телеуынад æмæ радиойы цы рæстæг рахицæн æрцыд, уыдон хъуамæ сфаг кæной, регистраци чи æрцыд æмæ парламентон æвзæрстыты хайад райсыны бар кæмæн ис, уыцы иумандатонтæ дæр æмæ политикон партитæ дæр. Газетты фæрстыл рахицæнгонд бынат дæр æмæ телеэфир æмæ радиоэфир дæр  иумандатонтæй алкæмæн дæр уыдзæн иугъуызон, политикон партитæн дæр газетон бынат æмæ эфир дæр уыдзысты иугъуызон.

Уымæй дарддæр куыд иумандатонтæн, афтæ партитæн дæр сæ бон у спайда кæной газетты фæрстыл аргъыл рахицæнгонд бынатæй æмæ эфирон рæстæгæй дæр, редакцитимæ бадзырдтæ саразгæйæ.

Хуыцаубоны ма Централон æвзарæн къамисы ауагъдæуыд халæппæрст, æвзарæн бюллетенты политикон партитæ æмæ иумандатонтæ кæцы номыр уыдзысты, уый сбæрæг кæныны нысанæн. Халæппæрст ауагъдæуыд, парламентон æвзæрстыты хайад райсыны бар кæмæн ис, уыцы авд политикон партийы æмæ иумандатонты ‘хсæн.

Политикон партитæ æвзарæн бюллетенты уыдзысты ахæм номырæй: №1 – парти «Фыдыбæстæ»; №2 –  Компарти; №3 – «Дзыллæты иудзинад»; №4 – «Ныхас»; №5 – Адæмон парти; №6 – «Иугонд Ирыстон»; №7 – Иудзинад.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.