Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй нæ республикæйы æрæджы арæзт æрцыдис онкологийæ рынчын сывæллæтты хæрзаудæн фонд «Подари крылья», зæгъгæ, ахæм номимæ. Сывæллæтты хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы президент Цхуырбаты Татьянæ стыр куыст бакодта ацы   хъуыддаджы. Йæ фарсмæ æрбалæууыдысты не ʻмбæстæгтæ дæр. Онкологийы низ æгъатыр у æмæ йæм куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсынц, уыдон се ʻххуысы къух фæдаргъ кодтой фонды сырæзты хъуыддагмæ.

Ацы хъуыддаджы нæ республикæйы æмбæстæгтæ равдыстой æмбаргæдзинад. Уый бæрæг уыдис, 28-æм ноябры киноконцертон зал «Чермен»-мæ цы бирæ адæм æрбацыдис, уымæй. Алкæйы дæр фæндыд йе ‘рбацыдæй равдисын, ацы фонды фарс кæй сты, æмæ йын йæ сырæзтыл кæй цин кæнынц, уый. Уымæн æмæ ацы æгъатыр низ бирæ бинонтæн  æрхаста æнамонддзинад. Абон онкологион низ катай æвзæрын кæны æхсæнадмæ. Уый канд мах проблемæ нæу, фæлæ дунейы бирæ бæстæты, уыдон æмрæнхъ Уæрæсейы дæр. Уæрæсейы Федерацийы бирæ зындгонд адæмæй рацыд ахæм хъарм ахаст ацы низæй рынчынтæм æмæ арæзт æрцыдысты тынг бирæ хæрзаудæн фондтæ æмæ организацитæ. Уыдонæн сæ куыст у фæстиуæгджын æмæ сæ куыст цæуы нысанмæздæхтæй.

Фонд «Подари крылья»-йы презентацийы мадзалы размæ уал адæм аргъгæнæг уыдысты, киноконцертон зал «Чермен»-ы фойейы Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы ахуыргæнинæгтæн фондæн æххуысы нысанæн цы нывтæ равæрд æрцыдысты, уыдонæн. Нывтæ уыдысты алыгъуызон темæтыл. Зындысты сæ сывæллæтты сыгъдæг удты æнкъарæнтæ. Хуызджын ахорæнты фæрцы æвдыстæуыд рæсугъд царды тæлмæнтæ. Иудзырдæй, адæймаг сæ иста стыр æхцондзинад. Æрбацæуæг адæмæй алкæмæн дæр йæ бон уыдис ацы нывтæй балхæнын, цæмæй уыцы æхцатæ стæй хынцыд æрцыдаиккой фондмæ. Фойейы ма æвæрд æрцыдис асыкк дæр, цæмæй адæмæн уыдаид се ʻххуысы фæрæзтæ уым нывæрыны фадат.

Презентаци райдыдта хъæлдзæг му-зыкæйы зæлтæй. Концертон программæйы фылдæр архайдтой нæ кæстæр фæлтæр. Активон хайад дзы истой нæ горæты Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы ахуыргæнинæгтæ, гимназ «Альбион», 2-æм астæуккаг скъола æмæ скъола-интернаты ахуыргæнинæгтæ. Концертон программæ саразыныл æнувыд куыст бакодта нæ театры артисткæ Саппиаты Залинæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ залыбадæг адæм стыр райгондæй кæй баззадысты сценæйыл ар-хайджытæй. Цæстæвæрæн уыдысты сæ хъæздыг æмæ рæсугъд уæлæдарæсæй.

Адæм тынг æхсызгонæй сæмбæлдысты Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сгуыхт артист Бекъойты Вано, Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Хадыхъаты Аллæ æмæ Уæрæсейы бирæ конкурсты лауреат, зарæггæнæг Руслан Кабалотийыл.

Сывæллæтты хæрзаудæн фонд бакæныны мадзалы хайад райста нæ бæс-тæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Йæ раныхасы уый фыццаджыдæр банысан кодта, хæрзаудæн фонды сырæзт стыр хъуыддаг кæй у. Стыр бузныг загъта фонд «Подари крылья»-йы президент Цхуырбаты Татьянæйæн, ахæм хорз хъæппæрис кæй æвдисы æмæ хорз хъуыддагыл лæуд кæй у, уый тыххæй. «Ахæм адæймæгтæ, кæцытæ æххуыс кæнынц ацы низы уацары бахауæг сывæллæттæн, сты раппæлинаг. Уыдон сты тынг хорз адæймæгтæ, искæйы æнамонддзинадыл чи маст кæны æмæ йæ сæрты чи нæ ахизы. Фондæн цы баххуыс кодтон, уымæй дарддæр ма æз æрвылмæй дæр мæ мыздæй уырдæм æрвитдзынæн фондз мин сомы бæрц», – загъта Бибылты Анатоли. Президент ма банысан кодта, ацы сывæллæтты хæрзаудæн фонд фыццаг кæй у нæ республикæйы æмæ йæм кæй æнхъæлмæ кæсы хорз фидæн. Афтæ ма уый фæсидт нæ республикæйы æппæт политикон партитæ æмæ æхсæнадон организацитæм, цæмæй хæрзаудæн куыст кæной æмæ æххуыс кæной фондæн. Зæгъгæ, иумиагæй æмæ æмхуызон архайдæй махæн иу хъуыддагыл кусын æнцондæр уыдзæн æмæ афтæмæй та стыр æххуыс уыдзыстæм æххуысагур рынчынтæн.

Мадзалы раныхас кодта Цхуырбаты Татьянæ дæр. Уый æрæмбырдуæв-джытæн радзырдта, ацы фонд йе ʻмбал чызг Чилæхсаты Ирэнæйы рухс ном ары-ны тыххæй арæзт кæй æрцыд, уый. Радзырдта сын, зæгъгæ, абон онкологийæ рынчынтæ тынг бирæ сты æмæ сын рæстæгыл кæй фæхъæуы хос кæнын, уæлдайдæр та дзырд куы цæуа кæстæртыл, уæд. «Ме ʻмбал чызгимæ рынчындæтты уæвгæйæ, бирæ тæригъæддаг адæймæгты федтам. Уыдон тох кодтой сæ низы ныхмæ, сæ цæстыты зындис тас æмæ æрхæндæгдзинад, æнкъард хъуыдыты уæвгæйæ, бæллыдысты æнæниз цардмæ. Ахæм нывтæ фенгæйæ-иу адæймаджы зæрдæ скъуыдтæ кодта сæ уындæй. Æз-иу бирæ хатт мæ цæссыгтæ асæрфтон æмæ та-иу артистау ме ‘мбалы хъæлдзæг кæныныл архайдтон. Ныфсытæ йын æвæрдтон, фæлæ… Ахæм рынчынтæн сæ фарсмæ балæууын æмæ сæ æрмæст фæлмæн дзыхыныхасæй барæвдауын дæр у стыр хъуыддаг. Бузныг зæгъын, мæ фарсмæ чи ‘рбалæууыд æмæ мын мæ хъуыддаджы чи баххуыс кодта, æппæт уыдонæн. Стыр бузныг мæ сæрмагондæй зæгъын фæнды нæ цытджын Президент Бибылты Анатолийæн, фыццаг мæ фарсмæ уый кæй æрбалæууыд æмæ мын мæ фæндæгтæ уæрæхæй кæй байгом кодта, уый тыххæй. Мæнæн ме ʻмбал тынг уарзта сывæллæтты, æмæ уый номы тыххæй дæр иумæ равдисæм æххуысагур сывæллæттæм не стыр уарзондзинад. Адæймаг ныфсæй цæры æмæ ныфсджынæй æрæвналæм ацы хъуыддагмæ нæ рæсугъд сомбон саразыны сæраппонд», – дзырдта фонды президент.

Мадзалы кæрон ма Президент Бибылты Анатоли Хадыхъаты Аллæйæн радта Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисты ном музыкалон къабазы йе стыр æнтыстыты тыххæй. Уый-иу арæх æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ-иу хайад райста нæ бæрæгбонон мадзæлтты. Артисткæ йæхæдæг куыд банысан кодта, афтæмæй йын ацы хъуыддаг уыдис æнæнхъæлæджы æмæ бузныджы ныхæстæ загъта бæстæйы сæргълæууæгæн. Арфæ ракодта Хуссар Ирыстоны адæмæн, йæ цæст сын бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ уарзондзинад.

Мадзалы кæрон сценæйыл æмæ залы чи бадтис, уыцы кæстæрты фæхуыдтой адджинæгтæм æмæ ма сын мадзалы организатортæ сæ зæрдæтæ ссардтой рæсугъд хъазæнтæй дæр.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.