15-æм ноябры нæ горæты Сывæллæтты республикон библиотекæйы уагъд æрцыд цымыдисон æмæ æнахуыр хъарм мадзал – тымбыл фынг: «Артек абон – Артек кæддæриддæр», зæгъгæ. Ардæм æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы къухдариуæггæнæг Сергей Комиссаров, Уырыссаг хæдзары кусæг Алла Мандражи, Советон Цæдисы рæстæджы Хуссар Ирыстонæй  Артекы чи баулæфыд, уыдонæй цалдæр адæймаджы –  Гæззаты Фатимæ, Клименко Ксения, Дзигойты Маринæ, Пухаты Александр, Джиоты Ларисæ æмæ Пæрæстаты Инал. Фембæлды уыдысты ацы аз сæрды нæ горæты скъолаты ахуыргæнинæгтæй ацы лагеры баулæфыны амонд кæмæ æрхаудта, уыцы скъоладзаутæ – гимназ «Альбион»-æй – 11 ахуырдзауы, 6-æм æмæ 2-æм астæуккаг скъолатæй – фæйнæ иу ахуырдзауы æмæ Знауыры районы Балтайы хъæуы астæуккаг скъолайæ та – 2 скъоладзауы. Уыдон иууылдæр систы конкурс «Люди Артека»-йы уæлахиздзаутæ.

Мадзал байгом кодта æмæ æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта библиотекæйы директор Джиоты Аллæ. «Советон Цæдисы рæстæджы кæцыфæнды ахуыргæнинаг дæр бæллыд, йæ ном æнæхъæн Цæдисы æмæ фæсарæнты дæр хъуыстгонд кæмæн уыд, уыцы Артекы баулæфынмæ. Уæд Хуссар Ирыстоны автономон область уыд Гуырдзыстоны  сконды æмæ-иу нын рахицæн кодтой æрмæстдæр 2 кæнæ 3 бынаты. Уый дæр алыхатт нæ уыд афтæ. Ацы аз Россотрудничествойы æххуысæй хуссарирыстойнаг 15 скъоладзауæн фадат фæцис уым баулæфынæн. Уырны нæ, нырæй фæстæмæ дæр нæ сывæллæттæ кæй уыдзысты ацы лагеры уазджытæ. Хуссар Ирыстоны тынг курдиатджын фæсивæд ис. Уырыссаг хæдзар, Уæрæсейы фæрцы нæ сывæллæттæ ахуыр кæнынц Уæрæсейы Федерацийы хуыздæр ахуыргæнæндæтты», – загъта уый.

Уый фæстæ абоны артеконтæ бакастысты ацы лагерыл фыст æмдзæвгæтæ, ра-дзырдтой, сæ улæфт сыл цахæм тæлмæнтæ ныууагъта, уыдоны тыххæй дæр. «Махæн тынг æхсызгон у, Артекы баулæфыны фадат нын кæй фæцис, уый. Алцыдæр райдыдта æхсæнадæмон акци «Люди Артека»-йæ. Нæ республикæйы 40 адæймагæй фылдæр хайад райстой конкурсы. Нæ куыстытæн æрмæджытæ агурыны рæстæджы бацымыдис кодтам, Хуссар Ирыстонæй цал сывæллоны уыд Артекы йæ уæвынады рæстæгæй фæстæмæ. Райдианы мах сахуыр кодтам лагеры истори, базыдтам тынг бирæ, сарæзтам презентацитæ, ауагътам артекаг уроктæ. Уроктæ æмæ презентацитæм бацæттæ кæныны рæстæджы базыдтам, хуссарирыстойнаг сывæллæтты царды Артек кæй фæзынд ивгъуыд æнусы 50-æм азты. Базыдтам уый дæр, æмæ нæ уæды областæй фыццаг артекон кæй ссис зынгæ хореограф Саулохты Мэлс Мухтары фырт (балцæг рамбылдта адæмон кæфтыты фестивалы фæуæлахизы тыххæй). 1950 азты ма лагеры уыдысты Бекъойты Риммæ Елиозы чызг (фидæны педагог æмæ журналист) æмæ Тадтаты Зоя Михаилы чызг. Уыдон ахуыр кодтой фæндзтыл æмæ уыдысты ногдзауты змæлды активисттæ. Базыдтам уый дæр, æмæ 1956 азы онг чызджытæ æмæ лæппутæ кæй цардысты хицæн лагерты. Уый фæстæ алы æмæ алы азты дæр Артекы уыдысты хуссарирыстойнаг скъоладзаутæ. Уыдонæй бирæтæ фæс-тæдæр систы зынгæ æхсæнадон архайджытæ, алыгъуызон къабæзты хорз специ-алисттæ. Се ‘хсæн ис ахуыргæндтæ, эконо-мисттæ, дохтыртæ, аразджытæ, политиктæ, адæмон æмæ сгуыхт ахуыргæнджытæ…», – дзырдтой скъоладзаутæ.

Хуссар Ирыстонæн 90-æм уæззау азты Артек райста 50 скъоладзауы бæрц, æмæ 2018-2020 азты та 30 адæймаджы делегаци лагермæ ацыд нымад республикæйæ. 1965 азы Артекы байгом ногдзауты кусджыты скъола æмæ-иу æрвылаз дæр скъолайы хъусджытæ систы бæстæйы æппæт республикæты педагогон професситы хуыздæр минæвæрттæ. Хуссар Ирыстонæй  ацы скъолайы фыццаг хъусджытæ систы Валера Авильцев – Ногдзауты хæдзары кусæг, Плиты Дзерассæ, Пæрæстаты Виктор, Гæззаты Фатимæ, Ксения Клименко æмæ Джиоты Женя.

Сывæллæттæ ауагътой викторинæ. Лæвæрдтой алыгъуызон фарстатæ, зæгъæм, цы нысан кæны Артек. Уый нысан кæны – маргъ. Чи уыд Саманта Смидт æмæ афтæ дарддæр. Раздæры азты артеконтæ бафарстой абоны артеконты, зæгъгæ, лагеры сахуыр кодтат артекаг вальс кафын. Æппæрццаг дзуапп куы райстой, уæд сын Гæззаты Фатимæ æмæ Ксения Клименко бацамыдтой вальс кафын. Иумæ азарыдысты Артекыл фыст зарджытæ.

Уый фæстæ сæ мысинæгтæ лагеры тыххæй радзырдтой раздæры азты артеконтæ. «1980 азты Хуссар Ирыстоны педагогон институт каст куы фæдæн, уæд кусын райдыдтой Зары хъæуы скъолайы ногдзауты раздзогæй. Ацы бынаты кусгæйæ, рацыдтæн кастинг ногдзауты лагермæ ацæуыны тыххæй æмæ мæм иу мæйы фæстæ æрцыд хонæн гæххæтт. Лагеры куыстон алы æмæ алы кары сывæллæттимæ. Абоны онг дæр ма мæ фынты уынын лагеры арвитгæ рæстæджытæ. Артек мæнæн у алцыдæр, уый мæнæн у аргъау», – радзырдта Гæззаты Фатимæ.

Пухаты Алыксандрæн дæр йæ зæрдыл æрлæууыдысты йе ‘взонджы азты лагеры арвитгæ хъæлдзæг бонтæ: «Советон Цæдисы рæстæджы лагеры улæфыдысты æртæ мæйы дæргъы. 1957 азы æз бахаудтæн ацы лагермæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, мæ ахуыргæнджытæ уыдысты иууыл хуыздæртæ. Æртæ мæймæ райстон уыйбæрц зонындзинæдтæ æмæ ме ‘мкарæнтæй уыдтæн бирæ цæттæдæр. Тынг цымыдисон фембæлдтытæ нын уыд. Абоны онг дæр цæрын уыцы мысинæгтимæ».

Джиоты Ларисæ загъта, зæгъгæ, лагеры арвитгæ рæстæджытæ йæ царды уыдысты иууыл хуыздæр æмæ хъæлдзæгдæр. «Советон Цæдисы рæстæджы скъолаты уыд ногдзауты дружинæтæ. Ахуыр кодтон 6-æм астæуккаг скъолайы æмæ «Зарница»-йы ерысты куы рамбылдтон, уæд аскъуыддзаг кодтой 6-æм скъолайæ мæн арвитыны тыххæй. Мемæ ма лагеры уыдысты алы æмæ алы бæстæты минæвæрттæ – Вьетнам, АИШ æмæ æндæр паддзахадтæй. Абоны онг дæр мын æвæрд у, лагеры цы значок дардтон, уый. Сæрыстыр дæн, Артекы баулæфыны фадат мын кæй фæцис, уымæй».

Артекы арвитгæ хъæлдзæг рæстæджыты тыххæй радзырдтой Ксения Клименко æмæ Дзигойты Маринæ дæр.

Скъоладзаутæ лагеры улæфгæйæ ссардтой бирæ ног хæлæртты. Уыдонæй Луганскы Адæмон Республикæйæ иу лæппу Маков Данил æрæджы æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ йæ ног ссаргæ  æмбæлттæ сæ уазæджы базонгæ кодтой ирон адæмы традицитæ æмæ æгъдæуттимæ. Фенын ын кодтой  Ирыстоны фенддагдæр бынæттæ. Уый размæ та уый уыд Цæгат Ирыстоны, бацыд Беслæны 1-æм скъоламæ дæр æмæ йæхи цæстæй федта, сывæллæтты æртæ боны дæргъы хъизæмарæй кæм мардтой, уыцы спортзалы пырхæнтæ.

Ныхасы рацыд Балтайы скъолайы кусæг Козаты Виктория дæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ  йæм куы бахатыдысты 15 сывæллоны Артекмæ акæныны тыххæй, уæд сразы. «Фæлæ куы ахъуыды кодтон 15 сывæллоны бæрны бацыдтæн, уæд хорзау нал фæдæн. Фæлæ алцыдæр рауад тынг хорз. Ацыдыстæм Хъырымы хидыл æмæ йæм сывæллæттæ кастысты стыр цымыдисимæ. Фæстæмæ сæ куы кодтон поездыл, уæд мын æзфæраздæронæй дзырдтой сæ тæлмæнтæ сæ улæфты тыххæй. Мæнæн дзы уыд мæхи чызг дæр», – загъта Козаты чызг.

Фембæлды организатортæн бузныджы ныхæстæ загъта Россотрудничествойы сæргълæууæг Сергей Комиссаров. «Хъыгагæн, æз нæ бахаудтæн Артекмæ. Иууыл хуыздæр лагертæ уыдысты «Артек», «Орленок» æмæ «Океан».  Уым-иу баулæфыдысты, иууыл хуыздæр æнтыстытæ кæмæн уыд, уыцы сывæллæттæ. Абон сымах ссардтат ног хæлæрттæ æмæ уын бастдзинад хъуамæ уа семæ. Сымахæн уæ бон у уæхи организаци саразын, цыран дзуриккат уæ мысинæгты тыххæй. Хъæуы стендтæ  æмæ æндæр мадзæлттæ организаци кæнын», – загъта уый.

Мадзалæй йæ хайадисджытæ баззадысты райгондæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.