Цхинвайлаг спортсмен Гасситы Сосланæн та дунейы аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд армспортæй. Уый ныр 4-æм хатт ссис фæсивæды ‘хсæн дунейы чемпион. Ерыстæ уагъд цыдысты Венгрийы. Сосланæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 90 кг уæзы категорийы. Чемпионаты фыццаг бон спортсментæ сæ тыхтæ фæлвæрдтой галиу къухæй. Ам финалы Сослан æнцонтæй рамбылдта Уæрæсейы иннæ минæвар Юрий Кольчины. Ерысты дыккаг бон та Гассийы фырт рахиз къухæй финалы рамбылдта украинæйаг спортсмен Александр Кулишевы. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ æрдæгфиналы æнцонтæй кæй рамбылдта Гуырдзыстоны минæвар Давид Тедорадзейы, кæцыйы ма ацы аз рамбылдта Польшæйы уагъдцæуæг Европæйы чемпионаты дæр. Уым та хæцыдысты финалы. Ныр Сослан райсом, 10-æм сентябры та майдантыл тох кæндзæн хистæр кары спортсменты ‘хсæн.

Чемпионаты ма цхинвайлаг спортсментæй бронзæ майдан рамбылдта Дыгъуызты Миленæ. Уымæн ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд +70 кг уæзы категорийы галиу къухæй хæцгæйæ. Йæхи ма хорз равдыста Хæбæлаты Арсен дæр. Уый рамбылдта 4 тохы, фæлæ стæй фæхæрд.

Спорстменты бацæттæ кодтой тренертæ Джиоты Валери æмæ Бететы Алан.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.