«Цытджын Æхсар Ендыры фырт!
Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ мæхи номæй дын арфæ кæнын дæ Райгурæн боны цытæн!
Дæ фæлтæрддзинад, зонындзинæдтæ æмæ хъарутæ ды хардз кæныс республикæйы æмбæстæгты бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ хъахъхъæныны сæраппонд. Коррупци æмæ æмвæнд фыдракæнддзинæдтимæ тох, конституцион арæзтад, бæстæйы сабырад æмæ фæтк ифтонг кæнын — адон сты, дæу æмæ дæ ведомствойы раз цы бирæнымæц хæстæ лæууы, уыдонæн сæ иу хай. Дæ архайд æгасæйдæр амад у бæрзонд профессионализмы, лæджыгъæды, стыр фæразондзинады æмæ удуæлдайдзинады домæнтыл.
Ацы бон дын æппæт зæрдæйæ, цытджын Æхсар Ендыры фырт, хæлар кæнын æнæниздзинады, амонды, хæрзиуджыты æмæ ног æнтысты фæндиæгтæ республикæйæн лæггад кæныны уæззау хъуыддаджы».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.