РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли хайад райста Фыдыбæстæ хъæхъхъæнæджы боны цытæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны дислокацигæнæг 4-æм уæрæсейаг æфсæддон гвардион базæйы сæрмагонд сконды цытджын рæнхъæйлæуды.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн йæхи æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы номæй паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта базæйы командæкæнынад æмæ сæрмагонд скондæн. Банысан кодта уæрæсейаг æфсад аккаг ахаст кæй дарынц се ‘фсæддон хæстæ æххæст кæнынмæ æмæ кæй сты Хуссар Ирыстоны æдасдзинады гарант.

«Базæйы уæхски-уæхск лæууынц алыгъуызон нацийы минæвæрттæ, уыдон сты Уæрæсейы Федерацийы тых æмæ хъомыс. Уе ‘фсæддон хæс намысджынæй кæй æххæст кæнут, уымæ гæсгæ стут Хуссар Ирыстоны адæмы иууыл бæрзонддæр арфæтæ æмæ æппæлæн ныхæсты аккаг», – загъта Президент.

Æфсæддон службæгæнджыты номыл арфæйы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов дæр. Банысан кодта, хуссарирыстойнаг зæххыл æдасдзинад чи ифтонг кæны, уыцы æфсæддон-гвардионты æвæллайгæ куыст.

«Æдасдзинады хъуыддагмæ сымах хæссут уе стыр хайбавæрд. Кадджынæй æмæ аккагæй сымах дарддæр кæнут нæ фыдты æмæ уыдон фыдты традицитæ, кæцытæ сæ цард рауæлдай кодтой сабыр царды сæрвæлтау. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уæ хъуыддæгты уат ныфсджын, уæ алы ныхасы фæстæ уа фидар архайд. Фидар æнæниздзинад æмæ уын æнтыстытæ уæнт уæ уæззау æфсæддон фæндагыл», – загъта Марат Кулахметов.

Дарддæр сæрмагонд скондæн арфæ ракодта 4-æм æфсæддон базæйы командæгæнæг Александр Кравцов. Уый банысан кодта, ацы бæрæгбон кæй у æппæт ветеранты, бæстæйы сабырады сæрыл йæ цард чи радта, Уæрæсейы Федерацийы интерестæ хъахъхъæныны хъуыддаджы ныртæккæ хæцæнгарзимæ йæ æвæджиаг хæс чи æххæст кæны, уыдоны.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Фыдыбæстæ хъахъхъæнын кæдфæндыдæр уыд алы æмбæстаджы кадджын мисси. Уымæ гæсгæ сын йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад, бинонты фæрныгад æмæ фылдæр æнтыстытæ.

Мадзалы кæрон базæйы службæгæнджытæ хорзæхджын æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æдасдзинад ифтонг кæнын æмæ сабырады хъуыддагмæ сæ егъау хайбавæрд, æфсæддон хæс намысджынæй æххæст кæнын æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон нысан кæныны цытæн Бибылты Анатоли къорд службæгæнæджы схорзæхджын кодта майдантæй «За службу на страже мира». Уымæй дарддæр ма æфсæддон службæгæнджытæ хорзæхджын æрцыдысты РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады ведомствæйон хорзæхтæ æмæ арфæйы фыстæджытæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.