Ирон музыкалон аивады бирæ зындгонд архайджытæ уыдис æмæ абон дæр ис. Уыдоны ‘хсæн йæхи сæрмагонд бынат ис Плиты Жаннæйæн. Уымæн йæ ном раджы айхъуыст Ирыстоны, Уæрæсейы æмæ уыдонæн æдтейæ дæр. Номдзыд композиторыл ацы бонты сæххæст 70 азы æмæ исы арфæтæ йæ курдиатæн бирæнымæц табугæнджытæй. Хæдзармæ йæм бацыд æмæ йын зæрдæбын арфæтæ ракодта нæ республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли дæр. Президенты Барамындæй ма Плиты Жаннæйæн лæвæрд æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисты» кадджын ном

________________________________

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ

БАРАМЫНД

«Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисты» кадджын ном раттыны тыххæй

Музыкалон аивады фадыджы йе ‘нтыстыты æмæ бирæ азты дæргъы йе сфæлдыстадон куысты тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисты» кадджын ном лæвæрд æрцæуæд Плиты Жаннæ Василийы чызгæн – композитор, Республикæ Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

                                                      г.Цхинвал, 2018 азы 9 февраль

__________________________________________

Жаннæ кæд йæ царды  æнцон фæндæгтыл нæ цыд, уæддæр аивадыл йæ къух никуы ауыгъта, æнцойад агуырдта сфæлдыстадон куысты æмæ хызт иу æнтыстæй иннæмæ. Цхинвалы райгуыргæйæ æмæ хъомыл кæнгæйæ, уый æвзонгæй сбæлвырд кодта йæ фидæны царды фæндаг. Уыцы фæндаг æй райдианы æркодта Дзæуджыхъæуы аивæдты ахуыргæнæндонмæ, стæй та Ленинграды консерваторийы фортепианойы хайадмæ.

Плиты чызг бирæ хорзæхты аккаг ссис, хайад иста æппæтцæдисон, дунеон прести-жон сфæлдыстадон конкурсты æмæ йæм алы хатт дæр æнхъæлмæ каст æнтыст. У 6 симфонийы, 3 балеты, 4 концерты автор, афтæ ма бирæнымæц камерон, вокалон æмæ инструменталон уацмысты автор дæр. Анимацион киноныв «Волшебная свирель»-æн цы музыкæ ныффыста, уымæн анимацион кинойы IX-æм дунеон кинофорум «Золотая рыбка»-йы саккаг кодтой «Золотая рыбка». Фыццаг преми та йын лæвæрд æрцыд 1999 азы Æппæтуæрæсейон фестивалы. Йæ музыкалон уацмысты йын æххæст кæнынц Уæрæсе æмæ Европæйы хуыздæр оркестртæ. «Праздничная» увертюрæйæн та дирижериуæг кодта Гергиты Валери.

Жаннæ музыкæ ныффыста фыццаг ирон мультфильмтæн, афтæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны драмон театртæн дæр. Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Плиты Жаннæ 2002 азы Владимир Путины къухæй райста Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон преми. Исгæ та йæ ракодта балет «Небесное зеркало»-йы тыххæй, кæцы фыст æрцыд Нарты эпосмæ гæсгæ.

Йæ царды Жаннæ стыр рыст бавзæрста – фесæфта йæ иунæг хъæбул Артуры. Музыкæйы дæснытæ куыд зæгъынц, афтæмæй дзы стыр ныфс æвæрдтой. Уыдис композитор Тихон Хренниковы ахуыргæнинаг. Уый фыста музыкæ æндæр æмæ æндæр жанрты. Жаннæ йæ рыст равдыста, Мæскуыйы, Композиторты хæдзары уагъд чи ‘рцыдис, уыцы концертон программæ «Разговор сына с матерью»-йы.

Номдзыд композиторы тыххæй РЦИ-Аланийы Композиторты цæдисы правленийы сæрдар Макъоты Ацæмæз афтæ зæгъы: «Жаннæйæн йæ царды дыккаг æмбис зæрдæйы фæндиаг нæ рауад: низтæ, æнамонддзинæдтæ йæ æркодтой уæззау уавæрмæ, кæцыйæ рахизын тынг зын у. Плиты Жаннæ у дунеон æмвæзады композитор, XX-XIX æнусты стырдæр композитортæй сæ иу, кæцыйæн йе сфæлдыстад ныридæгæн бацыд историмæ… Мæнæн уый Софья Губайдулина, Родион Щедрин, Александр Чайковскиимæ ис иу бынаты…»

Йæ юбилейон бонты Плиты Жаннæйæн арфæ кæны газет «Хурзæрин»-ы коллектив дæр. Нæ цæст ын уарзы, цæмæй йе ‘нæниздзинад йæхи фæндиаг уа, ногæй раздæха сфæлдыстадон цардмæ æмæ дарддæр æхцондзинад хæсса йæ аивадæн табугæнджытæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.