Цытджын æмбæстæгтæ!

Зынаргъ хæлæрттæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын мæхи номæй арфæ кæнын Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 12 азы сæххæсты цытæн.

Нæ адæмæн 26 август у сæрмагонд, бирæ кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, ахæм бæрæгбон, сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадмæ тырнынад равдисын, рæстдзинады уæлахизы символ. Ацы историон цаумæ мах цыдыстæм бирæ азты фæндвидарæй, уæззау тохтыл, уæлахизмæ æнæфæтасгæ тырнынад æвдисгæйæ. Нæ республикæйы цæрджыты бахъуыд бирæ хъизæмæрттæ бавзарын, бавзæрстам хиуæтты зиæнттæ, стыр тыхтæ нæ бахъуыд бахардз кæнын, цæмæй дунейæн сбæлвырд кодтаиккам нæ фыдæлты сæрибар зæххыл æдас цард кæныны бар. Стыр удвидардзинад, æхсардзинад æмæ ныфсхастдзинад нæ равдисын бахъуыд, рæзты демократон принциптыл чи бындуриуæг кæны, ахæм суверенон паддзахад саразыны хъуыддаджы.

Æмæ абон мах, куыд хæдбар Республикæ, афтæ цæуæм нæ паддзахаддзинады дарддæры арæзтады æмæ хуыздæр кæныны, социалон-экономикон къабазы, культурæйы, спорты, зонады рæзты, æдасдзинад ифтонг кæныны æмæ дунеон бастдзинæдтæ фидардæр кæ-ныны фæндагыл.

Бар мын радтут, цæмæй ацы бæрæгбоны раарфæ кæнон Республикæйы æппæт цæрджытæн, мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, фæрныгад, æнтыстытæ царды, сабырад æмæ æнцойдзинад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Адæмон Æмбырд – Парламенты Спикер Кварчия Валерийы номыл, Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Абхазы хæдбардзи-нады банымадыл 12 азы кæй сæххæст, уый цытæн.

Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

Цытджын Валери Ермейы фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ мæхи номæй зæрдæбынæй арфæ кæнын дæуæн æмæ æфсымæрон Абхазы æппæт цæрджытæн ахсджиаг паддзахадон бæрæгбон – Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Абхазы банымады боны цытæн.

26 август у зæрдылдарæн бон нæ æфсымæрон республикæты историйы æмæ барджынæй нымад цæуы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады символыл. Ацы боны  æндидзыд æрцыд историон рæстдзинад – Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон райстой, бирæ кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы хæдбардзинад, кæцы ссис фидар бындур нæ бæстæты дарддæры рæзтæн. Нæ адæмтæ дæргъвæтин æмæ тугкалæн тохы равдыстой æхсардзинад, удварндзинад æмæ хæдбардзинадмæ равзаргæ фæндагыл æнувыддзинад, сбæлвырд кодтой сæ бар сабыр æмæ аккаг уæвынады тыххæй.

Ацы бæрæгбоны айс мæ иууыл зæрдæбындæр арфæтæ, мæ цæст дын уарзы сабырад, хæрзиуæг, фæрныгад æмæ æппæт абхазаг адæмы царды дидинæфтыд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.