Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид арфæйы фыстæг арфыста УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдар В. В. Володинмæ.

Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

«Цытджын Вячеслав Викторы фырт!

Зæрдиагæй дын арфæ кæнын, бæрзонд бынатмæ – Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы Сæрдарæй дæ кæй равзæрстой, уый сæраппонд.

Дæ профессионализм, алыварсон зонынад æмæ дæ хъуыддагыл иузæрдиондзинад дын сарæзтой стыр авторитет æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ ма йæ арæнтæй бирæ дарддæр дæр.

Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц, Уæрæсейы Федерациимæ нын цы фидар æмцæдисон ахастытæ ис, уымæн. Уыдон арæзт æрцыдысты нæ фыдæлты бирææнусон хæлардзинады бындурыл.

Фидарæй мæ уырны, дæ  нысаниуæгджын архай-ды фæстиуæгæн хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг бастдзинæдтæ дарддæр дæр фидар кæндзысты  æмæ динамиконæй рæздзысты нæ бæстæты хæр-зиуæгæн.

Цытджын Вячеслав Викторы фырт, мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ стыр æнтыстытæ дæ бæрнон архайды».

_________________

Бибылты Анатолийы арфæ  Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы Сæрдар

Вячеслав Володинæн

Цытджын Вячеслав Викторы фырт!

Стыр æхцондзинадимæ дын Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ мæхи номæй арфæ кæнын, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы Федералон æмбырды Сæрдары бæрзонд æмæ бæрнон бынатмæ дæ кæй снысан кодтой, уый цытæн.

Уый у Уæрæсейы раз дæ лæггæдтæн аргъ скæныны нысан. Паддзахадон архайды дæ хъæздыг фæлтæрддзинад ахъаз уыдзæн, Уæрæсейы Федерацийы закъондæттынадон органы раз цы хæстæ лæууы, уыдон аскъуыддзаг кæнынæн.

Мæн фидарæй уырны, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ Паддзахадон Думæйы æхсæн цы хъуыддагон æмæ æмгуыстады бастдзинæдтæ сæвзæрд, уыдон дарддæр дæр кæй фидар кæндзысты æмæ рæздзысты.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Вячеслав Викторы фырт, стыр æнтыстытæ дæ бæрнон куысты Уæрæсейы æмæ йæ бирæнацион адæмы хæрзиуæгæн.

Уадз, æмæ сæххæст уæд де ‘ппæт фæндтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.