УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенкомæ

Цытджын Валентина Иваны чызг!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын дæуæн æмæ Федерацийы Советы æппæт уæнгтæн нысаниуæгджын бæрæгбон – Федерацийы Советы сырæзтыл 25 азы сæххæсты боны цытæн!

Федерацийы Совет йæ архайды равдыста бæрзонд профессионализм æмæ компетентондзинад, кæцытæ ахъаз кæнынц эффективон зæкъонон куыстæн, бындуриуæг кæны демократийы принциптыл, скъуыддзаг кæны социалон-экономикон фарстатæ, кæцытæ здæхт сты æмбæстæгты фæрныгад рæзын кæнын, паддзахиуæгад сфидар кæнын æмæ дунеон аренæйы Уæрæсейы авторитет бæрзонддæр кæнынмæ.

Ацы боны æнæбанысангæнгæ нæй Федералон Æмбырды уæлдæр палатæйы активон æхсæнпарламентон архайдæн. Æппæт уыцы азты Хуссар Ирыстон бузныг у сымахæй нæ республикæйы хæдбардзинад æмæ паддзахиуæгад сфидар кæныны хъуыддажы æххуысы тыххæй. Мах стыр аргъ кæнæм, нæ бæстæты ‘хсæн цы хæларадон ахастытæ æмæ æхсæнпарламентон æмгуыстад сæвзæрд, уыдонæн æмæ нæ ныфс ис Хуссар Ирыстоны æмæ Стыр Уæрæсейы ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмцæдисады ахастытæ дарддæр кæй рæздзысты политикон, экономикон æмæ гуманитарон бастдзинæдтæ фидардæр кæнгæйæ.

Мæ цæст уарзы, цытджын Валентина Иваны чызг, дæуæн æмæ æппæт дæ коллегæтæн æнæниздзинад, фæрныгад, æнтыстытæ уæ архайды Уæрæсейы хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

 

***

Зынаргъ энергетиктæ! Цытджын хæлæрттæ!

Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбон – Энергетикы боны цытæн!

Уæ куыст, æппæт уæ архайд здæхт у нырыккон царды иууыл хъæуæгдæр атрибуттæ – рухс æмæ хъармдзинадмæ, кæцытæ хæдзæртты, скъолаты, рынчындæтты, офисты ифтонг кæнынц комфортон уавæртæ.

Уе ‘рвылбонон куысты  руаджы республикæйы цæрджытæ ифтонг цæуынц электроэнерги æмæ хъæрмадæй, куыстуæтты, социалон фадыджы уагдæтты, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады куыст ифтонг цæуы. Нæ энергетиктæ иу æмæ дыууæ хатты нæ равдыстой сæ профессионализм æмæ бæрндзинад уæлвæткон уавæрты, республикæ-иу бирæ аххосæгтæм гæсгæ куы  баззад æнæ рухсæй. Абон мах бузныджы ныхæстæ дзурæм, нæ хæдзæртты хъарм кæй у, уый тыххæй.

Ут æнæниз æмæ амондджын. Уадз æмæ уæ бинонты ‘хсæн алы хатт дæр уæт хъарм æмæ рухс ахастытæ, уæ хиуæтты ‘рдыгæй рæвдыд æййафут.

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы

 Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.