Хуссар Ирыстоны зонады зынаргъ архайджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй уын арфæ кæнын профессионалон бæрæгбон – Зонады боны сæраппонд!

Ныры дуджы рæзгæ æхсæнады зонадон бакуыстытæ æмæ æнтыстытæ актуалон сты цардархайды алы къабазы дæр.

Ныфс мæ ис,  нæ зонадон æхсæнады сфæлдыстадон хъомыс кæй суыдзæн республикæйы райрæзты сæйрагдæр фæсауæрцтæй сæ иу.

Зонадон хъуыды нын нæ социокультурон æхсæнад аразы, дзуапп нын дæтты бирæ ахсджиаг æхсæнадон  фарстатæн, æххуыс нын кæны социалон проблемæтæ скъуыддзаг кæнынæн, рæзты хъомыс фидардæр кæнынæн.

Мах сыгъдæг зæрдæйæ цин кæнæм, РХИ-йы зонад цы къахдзæфтæ аразы, не ‘взонг ахуыргæндтæн цы ног фæндæгтæ гом цæуынц, уыдоныл.

Алы бæстæйæн йæ перспективон рæзты фæндаг цæуы инновациты къабазмæ. Ныфс мæ ис, не ‘взонг ахуыргæндтæн фидæны кæй фæзындзæн цымыдисдзинад зонад-техникон æмæ зонад-иртасæн архайдмæ æмæ уый та разæнгард кæндзæн инновацион активондзинадмæ.

Республикæйы зонадон æмæхсæнадæн зæрдæбынæй мæ цæст уарзы стыр æнтыстытæ, курдиатджын иртасджытæн та – бирæ ног идеятæ æмæ æнтыстджын проекттæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

 

 

РЕСПУБЛИКÆ НАУРУЙЫ ПАРЛАМЕНТЫСÆРДАР СИРИЛ БУРМАНÆН

Дæ бæрзонддзинад!

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы Парламенты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй дын зæрдæбын арфæ кæнын паддзахадон бæрæгбоны – Республикæ Науруйы хæдбардзинады 50 азы боны цытæн.

1968 азы 31 январы историон цауы фæрцы уæ адæмæн байгом ног истори, æрдæг æнусы размæ равзæрстат рæзты сæрибар демократон фæндаг. Уæ паддзахады къухдариуæгадæй Науруйы Парламент эффективонæй скъуыддзаг кæны, йæ разы цы хæстæ æвæрд цæуынц, уыдон, æххæст цæуы закъондæттынадон базæ.

Мах стыр аргъ кæнæм нæ паддзахадты ‘хсæн æууæнкдзинадæн, хæларадон ахастытæн, æмæ нæ даррдæр дæр ныфс ис, уыдон бахъахъхъæнын, райрæзын æмæ сфидар кæнынæй.

Ацы нысаниуæгджын бон уын мæ цæст уарзы æнæниздзинад, циндзинад æмæ æнтыстытæ уæ бæрнон архайды, Республикæ Науруйы цæрджытæн та – сабыр цард, стабилондзинад æмæ дидин æфтыдад.

РХИ-Паддзахад Аланийы Парламенты

Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.