РХИ-йы ПАРЛАМЕНТЫ ДЕПУТАТТÆН

Зæрдиагæй уын арфæ кæнын, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сырæзтыл 27 азы кæй æххæст кæны, уый цытæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты истори райдыдта 1990 азы 9 декабрæй, нæ ногæй сырæзгæ бæстæйы   уæлдæр закъондæттынады органмæ фыццаг хатт æвзæрстытæ куы ауагъдæуыд, уыцы бонæй. Уыцы бон сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыд нæ паддзахады сырæзты æмæ райрæзты историйы. Нæ республикæйы Парламент цы уæззау азты æмæ цы уавæрты рæзт, уый мах хорз хъуыды кæнæм. Аивгъуыйгæ азты  уый æнтыстджынæй рахызт йæ рæзты алыгъуызон этапты сæрты. Уый фæстиуæгæн Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыд парламентаризм æмæ адæмон хицауиуæгады нырыккон институт.

Сæрмагонд цыты аккаг сты фыццаг æрсидты депутаттæ, кæцытæ уæззау политикон æмæ социалон уавæрты, сæ цардæн тæссаг уавæрты, стыр патриотизм равдисгæйæ, барадон бындур æрæвæрдтой Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинадæн.

Фидарæй мæ уырны, нæ парламенты депутатты фæлтæрддзинад æмæ профессионализм кæй фæахъаз уыдзысты, нæ бæстæйы раз цы æнæмæнгхъæуæг политикон æмæ социалон-экономикон хæстæ лæууы, уыдон эффективонæй аскъуыддзаг кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын бон уын, цытджын депутаттæ, мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, сабырдзинад, хæрзиуджытæ æмæ æнтыстытæ Хуссар Ирыстоны республикæйæн æмæ адæмæн лæггад кæныны хъуыддаджы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

ДМИТРИ МЕДВЕДЕВÆН

РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик раарфæ кодта Уæрæсейы  Хицауады Сæрдар Дмитри Медведевæн Уæрæсейы Федерацийы Конституцийы боны цытæн

Арфæйы, сæрмагондæй дзырдæуы:

«Хуссар Ирыстоны Хицауады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын дæуæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы æппæт бирæнацион адæмæн паддзахадон бæрæгбон – Конституцийы боны сæраппонд.

24 азы размæ æрцыд символикон цау, уæд райдыдта уæрæсейаг паддзахады рæзты ног историон этап – æппæтадæмон хъæлæсдæттыны фæстиуæгæн ист æрцыд Конституци. Ног Уæрæсейы æппæт барадон системæйы бындурон документ суæвгæйæ, уый сфидар кодта йæ дарддæры рæзты здæхт, сарæзта æнæмæнгхъæуæг уавæртæ демократон барадон паддзахад саразынæн. Æмбæстæгты бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ хъахъхъæныны гаранти уæвгæйæ, Конституци ахъаз кодта æхсæнады стабилондзинад бахъахъхъæнынæн, ног паддзахаддзинады арæзты вазыгджын азтæн бафæразынæн æмæ нырыккон дунейы раззагон бынат бацахсынæн фадат ратгæйæ.

Хуссар Ирыстон уæрæсейаг паддзахадон-барадон рацарæзтыты раззагон фæлтæрддзинад исгæйæ, рæзын кæны хисæрмагонд закъондæттынад, уæрæсейаг закъондæттынадмæ йæ æввахсдæр  кæнгæйæ, кæцы уæлдай ахсджиаг у нæ дыууæфарсон ахастыты рæзтæн.

Ныфс мæ ис, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æмгуыстад дарддæр дæр кæй уæрæхдæр æмæ фидардæр кæндзæн, уымæй. Цытджын Дмитри Анатолийы фырт, уавæрæй пайда кæнгæйæ, мæ зæрдæ зæгъы дæуæн æмæ æппæт уæрæсейаг адæмæн сабырдзинад, ног æнтыстытæ уæрæсейаг паддзахады рæзты æмæ фидардæр кæныны хъуыддаджы».

 

ВАЛЕНТИНА МАТВИЕНКОЙÆН

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр арфæйы тел арвыста УФ Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенкомæ Уæрæсейы Федерацийы Конституцийы боны сæраппонд.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Валентина Иваны чызг!

Стыр кад дын кæнгæйæ, æрвитын дæуæн æмæ æппæт уæрæсейаг адæмæн зæрдиаг арфæтæ паддзахадон бæрæгбон – Уæрæсейы Федерацийы Конституцийы боны цытæн.

1993 азы 12 декабры райстæрцæуæг Уæрæсейы Федерацийы Конституци бындур æрæвæрдта уæрæсейаг паддзахады демократон рæзтæн, сбæрæг кодта бæстæйы политикон, социалон-экономикон æмæ æхсæнадон цардарæзт.

Конституци фидар кæны  барадон паддзахады уæрæсейаг адæмы цæрыны бар, цыран æмбæстæгты демократон бартæ æмæ сæрибардзинæдтæн ис бæрзонд аргъ.

Валентина Иваны чызг, зæрдиагæй мæ дæуæн фæнды фидар æнæниздзинад, хæрзиуджытæ, снысангонд плæнттæ сæххæст кæнын æмæ æппæт уæрæсейаг адæмæн та – сабырдзинад æмæ дидинæфтыд.

 

ВЯЧЕСЛАВ ВОЛОДИНÆН

Гасситы Петр афæйы тел арвыста УФ Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Паддзахадон Думæйы Сæрдар  Вячеслав Володинмæ.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Вячеслав Викторы фырт!

Стыр цытимæ дæуæн æмæ æппæт уæрæсейаг адæмæн æрвитын зæрдиаг  арфæтæ паддзахадон бæрæгбон  – Уæрæсейы Федерацийы Конституцийы боны цытæн.

Уæрæсейы Конституци у бæстæйы политикон-барадон системæйы фундамент. Уый бæрæг кæны нормæтæ, кæцытæм гæсгæ уагъд цæуынц паддзахады æмæ æхсæнады рæзтæн ахсджиаг процесстæ. Конституцийы фыст бындурон демократон принциптæ æххæст кæныны иузæрдион гарант уæвгæйæ, уый  у паддзахадон арæзтады æнтыстыты, сабырад æмæ прогрессмæ цæуыны нысан.

Цытджын Вячеслав Викторы фырт, дæуæн мæ фæнды фидар æнæниздзинад, амонд æмæ уæрæсейаг паддзахад æмæ адæмы хæрзиуæгæн дæ бæрнон архайды – ног æнтыстытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.