Президент Бибылты Анатоли арфæйы фыстæг арвыста Республикæ Абхазы Президент Аслан Бжаниямæ Абхазы национ бæрæгбон –  Уæлахизы æмæ Хæдбардзинады боны цытæн.

Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

«Дæ бæрзонддзинад Президент!

 Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æмæ адæмы номæй дын зæрдæбынæй арфæ кæнын Республикæ Абхазы  национ бæрæгбон – Уæлахиз æмæ Хæдбардзинады боны цытæн.

1992-1993 азты Фыдыбæстæйон хæст абхазаг адæмæн ссис карз фæлварæн. Удæгас тых, хæстон техникæ æмæ хæцæнгарз бирæ фылдæр кæмæ уыд, уыцы æнусон сыхаджы гадзрахатдзинад æмæ æгъатырдзинадыл сæмбæлгæйæ, Абхазы бахъуыд уæззау тугкалæн тохы бацæуыны сæр Гуырдзыстоны æрдыгæй масштабон агрессийæн дзуапп радтыны сæраппонд.

О, фæлæ знагæн нæ бон нæ бацис бахынцын иууыл сæйрагдæр хъуыддаг – абхазæгтæ хъахъхъæдтой сæ зæхх, сæ бинонты, сæ фидæны, тох кодтой рæстдзинады, сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл. Иууыл бæрзонддæр удыхъæд, иудзинад æмæ æнгомдзинад равдисгæйæ, лæджыгъæдджын æмæ æхсарджын  абхазаг адæм æрмæст хъæбатырæй сфæразын нæ базыдтой, фæлæ ма æппæт дунейæн фенын кодтой абхазаг паддзахады стырдзинад æмæ тых.

Бирæнацион Абхазы æгас адæмы хъæбатырдзинады æвварс рахæцыдысты цæгаткавказаг республикæты æмæ æндæр бæстæты бархионтæ. Уыдонимæ иумæ уæхски-уæхск хæцыдысты хуссарирыстойнаг хæстонтæ дæр. Мах цыт кæнæм æмæ нæ зæрдыл дарæм, Абхазы хæдбардзинады сæрыл тохгæнгæйæ, сæ цард ратгæйæ, удуæлдайдзинад æмæ æхсардзинад чи равдыста, уыдоны рухс нæмттæ.

Абон Абхаз йæ бæрæгбоныл æмбæлы хæдбар нымад паддзахады хуызы, кæцы фæндвидарæй  цæуы прогрессивон размæцыды, рæзты æмæ йæ æхсæнадæмон авторитет  фидар кæныны фæндагыл.  Уыцы азты абхазаг паддзахады къухыбафтгæ æнтыстыты ба-хъахъхъæнын æмæ сæ фылдæр кæныны фæндагыл банысангонд бæрзæндтæ къухы бафтын кæныны нысанæн абхазаг адæмы уникалон политикон фæлтæрддзинад, нæсæттондзинад, нысанмæздæхтдзинад æмæ фæд-фæдылондзинад сты æнтысты нысан.

Цытджын Аслан Георгийы фырт, нæ адæмты иу кæнынц иугонд сты фидар æфсымæрон бастдзинæдтæ, иумиаг истори æмæ монон ориентиртæ. Фидарæй мæ уырны, нæ паддзахадты æмæ адæмты ‘хсæн традицион хъарм æмæ хæлар ахастытæ дарддæр дæр кæй лæггад кæндзысты сабырдзинад, стабилондзинад æмæ æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй нæ æфсымæрон республикæты хæрзиуджыты æмæ дидинæфтыдæн. 

Цытджын Аслан Георгийы фырт, уавæрæй пайда кæнгæйæ дын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, паддзахадон службæйы дæ зынкуысты стыр æнтыстытæ, сабырдзинад уæт æмæ  дидин æфтауæд уæ диссаджы уазæгуарзаг зæхх».

Арфæ хæдбардзинады боны  фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан раарфæ кодта Республикæ Абхазы Адæмон Æмбырды Парламенты спикер Кварчия Валерийæн хæдбардзинады боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Валери Ермейы фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй дын арфæ кæнын Абхазы историйы иууыл ахсджиагдæр бæрæгбон – Хæдбардзинады боны цытæн.

1993 азы сентябры мæйы Абхазы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуды бон бармæ гæсгæ у æхсардзинад æмæ хъайтарон абхазаг адæмы кады символ, кæцы равзæрста хæдуагæвæрды фæндаг æмæ уæззау тохы рæстæджы бахъахъхъæдта сæрибар æмæ сабыр царды бар. Республикæйы хуыздæр лæппутæ сæ цард радтой æмæ сбæрæг кодтой абхазаг адæмы нæй басæттæн æмæ фæтæрсын кæнæн. 1992-1993 азты гуырдзиаг-абхазаг хæсты радон уæлахизыл Абхаз æмбæлы хæдбарæй, кæцы цæуы социалон-экономикон рæзты фæн-дагыл.

Ныфс мæ ис, историон æгъдауæй нæ адæмы ‘хсæн  хæлардзинады æмæ æмгуыстады ахастытæ дарддæр  фидар кæй кæндзысты, дзуапп дæтдзысты нæ адæмы интерестæн æмæ ахъаз кæндзысты культурон æмæ экономикон бастдзинæдтæ уæрæхдæр кæнынæн.

Мæ цæст дын уарзы, Валерий Ермейы фырт, дæуæн æмæ æппæт абхазаг æфсымæрон адæмæн амонд, æнæниздзинад, сабырад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.