Æрæджы сыгъзæрин фæззыгон бон  15-æм октябры йæ 80 азы юбилей банысан кодта зынгæ ирон поэт, публицист æмæ тæлмацгæнæг, журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор Хъодалаты Герсан. Зынаргъ фыссæгæн йæ юбилейы сæраппонд арфæ ракодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Уый йын, фыццаджыдæр, банысан кодта йæ профес-сионализм æмæ куырыхондзинад, афтæ ма бирæ азты дæргъы æнтыстджынæй кæй кусы æмæ архайы редакцион куысты хъуыддаджы. Йе сфæлдыстадон уæрæх фæндагыл æгæронæй кæй балæггад кодта æмæ стыр пайда кæй æрхаста ирон аив дзырд æмæ литературæйæн. «Литературон дунемæ де ‘рбацыды фыццаг бонæй ды дарддæр кодтай ирон поэзийы кадджын традицитæ æмæ афтæмæй дæхицæн скодтай зындгонд поэты ном, кæцы аккаг хайбавæрд бахаста нæ адæмы поэтикон хæзнадонмæ. Ды стыр хайбавæрд бахастай ирон классикон æмæ нырыккон литературæ популяризаци кæныны хъуыддагмæ, афтæ ма бахъахъхъæдтай ивгъуыд азты фыдыбæстæйон литературæйы зиууонты, зындгонд фысджыты нæмттæ. Фæлæ сæйраджы сæйраг та, æрыгон фысджытæн æмæ поэттæн дæ цырагъдарæг литературон цардмæ сæ фæн-дагыл, разæнгард сæ кæныс сæ аивадон балцмæ уыдонæн фыццаг хатт сæ уацмыстæ дæр мыхуыры рацæуынц, ды цы журналæн сæрдариуæг кæныс, уым», – дзырдæуы РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы арфæйы тексты.

Хъодалаты Герсан райгуырд 1938 азы 15-æм октябры, Ленингоры районы Лехурагомы рæбинагдæр хъæутæй сæ иу  Уæллаг Захъоры колхозон бинонты æхсæн. Йæ фыд Зураб уыдис зæхкусæг, æнувыд колхозон. Цæвæгæй кæрдынæй, дам, ыл ничи тых кодта хъæубæсты. Фæлæ йæ бахъуыд йæ кусæнгарз рагъæныл сауындзын… æрсидтысты йæм Фыдыбæстæйон хæстмæ. Æфсадмæ йæ куы акодтой, уæд йе ‘мкъай Быценоны æвджид баззадис 4 сывæллоны. Мад йæ хъæбулты дарынæн кæй ницы фæрæзта, уымæ гæсгæ йæ бахъуыд гæххæттытæ саразын æмæ йын йæ сæрыхицауы 6 мæйы фæстæ ссæрибар кодтой. Цыбырдзырдæй, фронты бирæ рæстæг нæ баззад, фæлæ дзы уæддæр æвыдæй нæ аивæрзт  – рог цæф фæцис. Æниу ын уый нæ ратых кодта – фæстæдæр кæмдæр уазал акоппы басыдис æмæ уыйадыл нал ссæрæн.

Фронтæй æрæздæхыны фæстæ, кæд йе нæниздзинад цудыд уыд, уæддæр хъæу-уонхæдзарадон куыстыты иста активон хайад, йæ амад цъерийæ хал ратонын нæ куымдта, йæ адæгæй ласт хуымы-иу белтъы æнæхъæнæй никуы баззад, хоры нæмыг та – уæлейæ. Цалдæр азы бакуыста бригадирæй дæр, йæ хæдахуыр ын уый фадат радта æмæ йæ нæ бавгъау кодта æхсæны хъуыддагæн. Хæдзардзин æмæ куыстуарзаг уыдис йæ фыд, фæлæ йæ уæззау низæфхæрдæй нал ссæрæн æмæ йæ бинонты мæгуыр æмæ сидзæрæй ныууагъта 1951 азы сæрды. Уæд Герсан та ахуыр кодта 5-æм къласы. Цыбыр ныхасæй, сидзæры уæззау ном бинонты уæхсчытыл æрынцад. Йæ мад дæр уыд хъæрзгæ цавæрдæр рæзынджыты низæй æмæ уæд йæ ахтибар бынтондæр асаст, уæлдайдæр та йæ домдта, йæ хъæбултæн сæ дыууæ хистæр чызджы бынтон æнафоны дзæнæтмæ кæй атындзыдтой, уыцы æвирхъау хабар. Баззадысты цыппарæй, Герсан – сæ хистæр, æмæ йæ ба-хъуыдис сонтæй хæдзардарæджы ном хæссын. Уый, зындзинæдтæн быхсгæйæ, архайдта колхозон куыстыты, зылдис хуыскъаг стуртæм дæргъæй-дæргъмæ скъæты, хызта сæ æфцæгыл, сæхи сæрвæттæм цыд ссивынмæ, уæдæ галдарæг нæ уыд, уæдæ 6-æм къласæй 8-æм къласмæ та пост хаста.

Афтæмæй амал кодта маамæлайы къæбæр… Уый æмрæстæджы скъоламæ цæуын дæр нæ ныууагъта. Герсан райдиан ахуыр райста сæхи хъæуы, кæддæр Коцойты Арсен ахуыргæнæгæй кæм куыста, уыцы ног, реконструкцигонд скъолайы. Уый фæстæ – Захъоры скъола. Фæстаг æртæ азы йын бынат уыдис интернаты, сидзæртæ æмæ дардæй цæуджытæн цы æмдзæрæндон уыдис, уым.

Фидæны поэт скъола каст фæцис 1957 азы æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Сталиниры Паддзахадон пединституты, цыран ын радтой сывæллæтты ахуыргæнæджы диплом, фæлæ иу бон дæр скъолайы къæсæрæй никуы бахызт ахуыргæнæджы номыл, ахсджиагдæр æм кастис сфæлдыстадон куыст æмæ уыцы ‘рдæм акодта йæ сæйраг фæндаг. Æфсис нæ зыдта æмдзæвгæтæ нывæндынæй æмæ йын дзы дзæвгар бантыст сфæлдисын дæр. Хъодалаты Герсан рауагъта 15 чиныджы бæрц. Уый æмрæстæджы кодта æхсæнадон куыст дæр. Уыд газет «Советон Ирыстон»-ы стилист, радио-комитеты фæстаг хабæртты диктор. 49 азы дæргъы та кусы журнал «Фидиуæг»-ы редакцийы: литкусæг – поэзийы хайады, фæстаг 22 азы дæргъы та  –  сæйраг редактор.

Хъодалаты Герсанæн 80 азмæ бантыст бирæ, ирон адæмы размæ æрхаста æнæхъæн æнусы æрдæгæй фылдæр, бирæ азты дæргъы удуæлдайæ цы бакуыста ирон дзырдаивады зиуы, уыцы фæллой, æмæ йын нæ Республикæйы Президентимæ мах дæр кæнæм зæрдиаг арфæтæ, уымæн æмæ у арфæйы аккаг.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.