Театрæн цытджын лæггадгæнджытæ! Цытджын хæлæрттæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын профессионалон бæрæгбон – Театры дунеон боны цытæн.

Театр у диссаджы дуне, кæцы сценикон фæлгæнцты фæрцы сценæмæкæсджыты культурон æгъдауæй кæны хъæздыг, раргом кæны æвзæрын сæм кæны уарзондзинад рæсугъдмæ, нæ цард нын йедзаг кæны æцæг эмоцитæй, рæзын кæны эстетикон æнкъарæнтæ.

Бирæ азты дæргъы Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры сценæйыл æвæрд цæуынц диссаджы спектаклтæ, цыран хъазынц ирд æмæ курдиатджын, сценæйæн æнувыд артисттæ. Нæ актерты хъазт сценæмæкæсджыты зæрдæтæ йедзаг кæны ирд æнкъарæнтæй, æнусон æргъадты тыххæй хъуыдыты аныгъуылын. Нæ республикæйы цæрджытæ кæддæриддæр цыты цæстæнгайсæй кастысты театралон аивадмæ, уыдысты æнувыд табугæнджытæ æмæ æцæг аргъгæнджытæ, уымæ гæсгæ театралон премьерæтæ алыхатт дæр уыдысты æмæ сты  нæ республикæйы культурон царды егъау цау.

Æмæ мæ абон бузныг зæгъын фæнды, сценикон аивадмæ йæ хайбавæрд чи хæссы, æппæт режиссертæ, актертæ, нывгæнджытæ, костьюмертæ, гримертæн сфæлдыстадон идеятæ царды кæй гуырын кæнынц, ахæм зын аивадæн æнувыдæй лæггады тыххæй.

Мæ цæст уын уарзы сфæлдыстадон æнтыстытæ, удцырынад, ирд спектаклты æмæ сценæмæкæсджыты хорзæх. Æнæниздзинад, амонд æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Паралменты Сæрдар Æлборты Алан

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.