Зынаргъ æмзæххонтæ! Зынаргъ хæлæрттæ!
Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырысайы боны цытæн!
Махæн не ‘ппæтæн дæр тырыса у иудзинад, æнгомдзинад æмæ тыхы символ, æвдисы нæ истори æмæ культурæ, æвзæрын кæны патриотизмы æмæ нæ адæмы сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ. Ацы тырысайы бын нæ фæсивæды минæвæрттæ, спортсментæ, паддзахадон архайджытæ æмæ дипломаттæ æвдисынц нæ республикæйы. Ирыстоны тырысайы бын нæ хæстонтæ кад æмæ æхсарджынæй тох кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы æмæ хъахъхъæнынц нæ бæстæйы.
Зынаргъ æмзæххонтæ, мæ цæст уын уарзы, фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад æмæ сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны
Парламенты Сæрдар ÆЛБОРТЫ Алан
***
Арфæ – Республикæ Хуссар Ирыстоны боны цытæн
Зынаргъ æмбæстæгтæ! Зынаргъ хæлæрттæ!
Зæрдиаг арфæ уын кæнын ахсджиаг бæрæгбон – Республикæ Хуссар Ирыстоны боны цытæн.
20 сентябрь ссис не ‘взонг республикæйы историйы ахсджиаг цау. 1990 азы 20 сентябры Адæмон Депутатты Совет цы деклараци райста Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Республикæйы паддзахадон суверенитеты тыххæй, уый бындур æрæвæрдта суверенон паддзахады арæзтадæн. Уый уыд уæззау, карз рæстæг – Гуырдзыстоны фашистон агресси æмæ æрвылбонон æхстытæ, информацион æмæ хæлцадон блокадæ, дон æмæ газы цухдзинад, уæззау зиæнттæ æмæ пырхæнтæ. Фæлæ, æддагон знæгты фыдæнæн, мах бафæрæзтам æмæ фæуæлахиз стæм, бахъахъхъæдтам нæ хæдбардзинад æмæ райстам сабыр цард аразыны бар.
Абон мах дарддæр ныфсджынæй цæуæм хæдбар, барадон, демократон паддзахады арæзтады æмæ цардархайды æппæт фадгуыты социалон-экономикон рæзты, цæрджыты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны фæндагыл.
Зынаргъ æмзæххонтæ, ацы нысаниуæгджын боны уын мæ зæрдæ зæгъы сабырад, дидинæфтыд, хорздзинад æмæ фæрныгад.
Республикæ Хуссар Ирыстоны
Парламенты Сæрдар ÆЛБОРТЫ Алан