Арфæтæ – Сылгоймæгты дунеон боны цытæн

 

Нæ зынаргъ сылгоймæгтæ!

Арфæ уын кæнын Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм Марты цытæн.

Ацы уалдзыгон бæрæгбон махæн у уæлдай æхсызгон. Уый æххæст у уарзондзинад, талас æмæ иууыл рæсугъддæр æнкъарæнтæй. Ирон сылгоймаджы фæлгонц кæддæриддæр уыд бæрзонд хæрзæгъдаудзинады идеал – æгъдау æмæ уæздандзинад. Хæдзары арфæ, артдзæсты фарн, бинонты бæркад æмæ цардвæндаджы амонд æнгом баст сты сылгоймагимæ.

Уæ фæрцы æнæфæцудгæ сты сæйраг удварнон-хæрзуагадон хæзнатæ – уарзондзинад, бинонтæ, æнувыддзинад. Уæ куырыхондзинад æмæ уды хъомыс махæн æххуыс кæнынц царды æппæт зындзинæдтæ сæттынæн. Сымах нын ахъаз стут нæ ног æнтыстытæн.

Бузныджы ныхæстæ дзурын, Сæрмагонд хæстон операцийы хайад чи исынц, уыцы сылгоймæгтæн. Сымах хъахъхъæнут нæ сабыр цард æмæ нæ Фыдыбæстæйы националон интерестæ. Бузныг уын, Фыдыбæстæйыл æнувыд кæй стут!

Мæ сæрæй ныллæг кувын уыцы сылгоймæгтæн, нæ паддзахад нын кæй хъæддых хъæбултæ хъахъхъæнынц. Мадæн йæ хъæбул цы фæнды кары ма уа, уæддæр йæ сывæллон у.  Уæ хъæбултæ хæдзармæ сæрæгас æмæ ‘нæнизæй æрыздæхæнт.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ зæрдæ зæгъы ‘нæфæцудгæ æнæниздзинад. Уæ царды уæд фылдæр æхсызгон бонтæ æмæ уæ сæрмæ та æрттивæд сыгъдæг арв.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны цытджын сылгоймæгтæ! Зынаргъ сылгоймæгтæ! Хицауады нæлгоймæгты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты боны цытæн!

Сымахæй алчидæр у уарзондзинады æмæ бузныджы ныхæстæ райсыны аккаг. Уæ рæсугъддзинад, куырыхондзинад, курдиат, диссаджы уды тых разæнгард кæнынц мах, нæлгоймæгты, ног æнтыстытæ саразынмæ, ныфсджынæй нын æххуыс кæнынц разылæууæг хæстæм цæуынæн. Паддзахадон арæзты ахæм фадыг нæй, сылгоймаджы къухы кæм нæ бафтыдысты стыр бæрзæндтæ. Мах сæрыстыр стæм уе ‘нтыстытæй.

Ацы бæрæгбоныл мах æмбæлæм иууыл ирд æнкъарæнтимæ, уымæн æмæ растдæр сылгоймагимæ баст сты æппæт ахсджиагдæр хæзнатæ: уарзондзинад, бинонтæ, сывæллæттæ, артдзæсты æнцойдзинад æмæ хъармдзинад.

Зынаргъ сылгоймæгтæ! Уадз, ацы диссаджы уалдзыгон бæрæгбон уын æрхæссæд иууыл ирддæр æмæ хъæлдзæгдæр цаутæ. Уадз, уæ бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæ уой æнæниз, фæрнджын, уæ хæдзæрттæ та йедзаг уæнт хъармдзинадæй!

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, æвидигæ энерги, сабырад æмæ хорздзинад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар ДЖУССОЙТЫ Константин

 

***

Цытджын сылгоймæгтæ! Зынаргъ нанатæ, гыццитæ, хотæ, цардæмбæлттæ, нæ уарзон чызджытæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Сылгоймæгты дунеон бон – диссаджы уалдзыгон бæрæгбоны цытæн, кæцы у рæсугъддзинады æвдисæн. Ацы бæрæгбон нын ноджы иухатт фадат дæтты сылгоймæгтæн нæ уарзондзинад æмæ æгæрон кад раргом кæнын.

Ирон сылгоймаг алыхатт дæр уыд æмæ уыдзæн артдзæст, национ æмæ бинонты æргъадтæ, традицитæ хъахъхъæнæг. Æрвылбон, уæ уарзондзинад, быхсындзинад æмæ уды хъармдзинад æвдисгæйæ сымах æппæт уæ тыхтæ лæвар кæнут сывæллæттæ хъомыл кæнынæн, егъау хъусдард здахут сæ æппæтварсон æмæ гармонион рæзтмæ.

Не ‘мзæххонтæ активонæй хайад исынц бæстæйы политикон царды, профессионалон архайды æнтыстытæ исгæйæ. Уæ удуæлдайдзинад æмæ хъæддыхдзинады фæрцы сымах фæтых вæййут фæлварæнтыл. Хæдбардзинады сæраппонд тох кæныны зын азты, сымах, нæ зынаргъ сылгоймæгтæ, æнæфæивгæйæ уыдыстут уæ цардæмбæлтты, сывæллæтты, æфсымæрты цур, æххуыс сын кодтат, æвдыстат хъæддыхдзинад. Бузныг уын æмæ уын мæ сæрæй ныллæг кувын нæ цард нын кæй йедзаг кæнут æнкъарæнтæ æмæ мидисæй.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын нанатæн, кæй сывæллæттæ абон хайад исынц сæрмагонд æфсæддон операцийы, хъахъхъæнынц Райгуырæн зæхх æмæ дуне неофашисттæй, æхсардзинад æмæ хъæбатырдзинад æвдисгæйæ. Хуыцауæй фæдзæхст уæнт уæ хъæбултæ æмæ æнæниз æмæ сæрыгасæй сæ хæдзæрттыл æмбæлæнт.

Ацы нысаниуæгджын боны мæ цæст уарзы Ирыстоны æппæт сылгоймæгтæн фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад. Уадз, уæ царды фылдæр уа цинхæссæг æмæ ирд бонтæ, уæ хæдзæртты та уа сабырад, алы бон та уын хæссæд циндзинад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Æлборты Алан

 

***

Нæ зынаргъ сылгоймæгтæ-ветерантæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы президиум уын арфæ кæны Сылгоймæгты дунеон бæрæгбон – 8-æм марты боны цытæн.

Нæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, бинонты фæрныгад æмæ сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ.

РХИ-йы Ветеранты совет

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.