РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид ауагъта 2016 азæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæн Инвестицион программæ реализацийыл контролы фæдыл оперативон штабы рабадт. Йæ куысты хайад райстой министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, горæты æмæ районон администрациты сæргълæуджытæ, Республикæ Татарстаны Президенты æххуысгæнæг Фарит Ханифов, афтæ ма республикæйы арæзтадон куыстыты чи архайынц, уыцы подрядон организациты минæвæрттæ.

Рабадты байхъуыстæуыд, уыйразмæ рабадты лæвæрдæрцæуæг хæстæ куыд æххæст æрцыдысты, уый тыххæй информацимæ.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард фехъусын кодта, цы бакуыстæуыд хæслæвæрдтæ сæххæст кæныны тыххæй, уый фæдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ донифтонгады æмæ канализацийы дихгæнæн хызæгты арæзтад нæ горæты 6 уынджы цæуы сфидаргонд æмгъуыдтæм гæсгæ æмæ фæуыдзысты 20 маймæ. Остъайы уынджы хæрзарæзтады фæдыл куыстытæ та фæуыдзысты 1 июнмæ.

«Куыстытæ цæуынц хорз темптæй, фаг кæнынц кусджытæ æмæ кусæг техникæ дæр», — загъта уый.

Цхинвалы администрацийы сæргъ-лæууæг хыгъд радта, республикæйы столицæйы æддейæ, сæрмагондæй рахицæнгонд бынатмæ арæзтадон брæттæ ласгæйæ цы проблемæтæ сæвзæрынц, уыдоны тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, арæзтадон брæтты утилизацийы фæдыл фæтк халыны рæстæджы пайда цæудзæн иварон санкцитæй. Арæзтадон брæтты æнæсанкцион æгъдауæй халыны факттæ раргом кæнын æмæ фæтк чи халынц, уыдоны ныхмæ закъоны нысангонд мадзæлттæй спайда кæнынТыбылты Леонид бахæс кодта мидхъуыддæгты министрадæн.

Раздæры рабадты Арæзтады министрад æмæ паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-æн хæслæвæрд уыд 30 апрелмæ Цхинвалы Мæскуыйы æмæ Ирæтты уынгтæ кæм иу кæнынц, афтæ ма гимназ «Альбион»-ы районы светофортæ сæвæрын. Лалыты Мурат уый фæдыл куыд фехъусынц кодта, афтæмæй светофортæ æлхæд æрцыдысты æмæ æввахс бонты æвæрд æрцæудзысты.

«Светофортæ хъуамæ уой, скъолатæ кæмдæриддæр ис, уыцы районты. Нæ сывæллæттæ сæхи хъуамæ хатой æдасæй», — загъта Президент.

Дарддæр Зæгъойты Эдуард паддзахады сæргълæууæгæн фехъусын кодта, горæты фæскомцæдисы уынджы зæххы бын дихгæнæн хызæгты фæдыл куыст куыд цæуы, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы объекты куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ, кусынц дзы 35 адæймаджы æмæ 19 иуæджы та — арæзтадон техникæ, 42 хæдзармæ ныридæ-гæн бауагъд æрцыдысты нуазыны доны æмæ канализацийы хæххытæ.

Æмбырды рæстæджы уынаффæ цыдис, Цхинвалы центры базары æмæ Цхинвалы бирæпрофилон колледжы æрмадзты арæзтæдты куыстытæ куыд цæ-уынц, ууыл. Банысанчындæуыд, зæгъгæ, базары арæзтадыл кусы подрядон организаци «Престиж». Куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ. Ацы объекты кусынц 12 адæймаджы. Бирæпрофилон колле-джы ахуыргæнæн æрмадзты арæзтад та план цæуы ноябры фæудмæ, куыстытæ ацы объекты цæуынц графикæй тагъд-дæр.

Рабадты дзырд цыд ног университетон комплексы арæзтадыл дæр. Ам куыстытæ цæуынц сфидаргонд графикæй чысыл тагъддæр. Комплексы цыппар корпусы арæзтадыл кусы подрядон организаци «Мегаполис», кусынц дзы 66 адæймаджы. Уыдонимæ сты бынæттон цæрджытæ дæр.

Уый у, паддзахадон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм серьезон объект. Комплекс арæзт цæуы 700 студентæн.

Татарстаны Президенты æххуысгæнæг Фарит Ханифовы ныхæстæм гæсгæ сæйраг арæзтадон-монтажгæнæн куыстытæ хъуамæ фæуой сентябры мæймæ. Уый фæстæ æрæвналдзысты бæстон-гæнæн куыстытæм, комплексон фæлварæнтæм æмæ ноябры объекты арæзтад хъуамæ фæуа.

«Паддзахадон драмон театры бæстыхаимæ университеты арæзтадмæ дæр мах хъуамæ здахæм сæрмагонд хъусдард», — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр ма фехъусын кодта, Æнæниздзинад хъахъхъæныны объектты, бæлвырддæрæй та сывæллæтты республикон рынчындон æмæ операцион-хирургион корпусы арæзтад куыд цæуы, уый тыххæй.

Сывæллæтты республикон рынчындоны кæнынц мидæггагон куыстытæ, астæрдты лæгъз кæнынц, æвæрынц сантехникон ифтонгадтæ. Уымæй дарддæр ма ацы бонты контракттæ арæзт æрцыдысты ифтонггæрзтæ самал кæныны тыххæй. Зæгъæн ис, куыстытæ кæй цæуынц графикмæ гæсгæ æмæ кæй хъуамæ фæуой ноябры мæймæ.

«Операцион-хирургион корпусы тыххæй дзургæйæ министр загъта, зæгъгæ, йæ бынаты цы бæстыхай уыд, уый фæцис демонтаж æмæ тагъд рæстæджы кусджытæ æрæвналдзысты бындурæвæрæн куыстытæм», — загъта уый.

Æмбырды Зæгъойты Эдуард фехъусынц кодта, дзулфыцæн комбинаты арæзтады куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй дæр. Объект ифтонг у æфсæн конструкцитæй. Ныртæккæ ам монтаж кæнынц æфсæн конструкцитæ. Августы мæймæ бæстыхайы каркас хъуамæ арæзт фæуа. Уæвæг бадзырдмæ гæсгæ октябры фæуды — ноябры райдианты дзулфыцæн комбинат хъуамæ райдайа продукци уадзын«, — загъта министр. Йæ ныхæстæм гæсгæ объекты проектон-сметæйон аргъ у 161 милуан сомы.

Министр ма хыгъд радта Октябры уынджы 2 фарастуæладзыгон цæрæн хæдзары реконструкцийы, Хъайтарты уынджы цæрæн микрорайоны арæзтады тыххæй, афтæ ма радзырдта Ленингоры районы донуадзæны, сывæллæтты фыццæгæм цæхæрадоны, астæуккаг иумиагахуырадон скъолайы æмæ базары арæзтады тыххæй.

Синагур-Карзман æмæ Гуфта-Къуайсайы фæндæгты арæзтадыл дзургæйæ, министр банысан кодта, зæгъгæ, ацы фадгуыты дæр куыстытæ æххæст цæуынц сфидаргонд æмгъуыдты.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.