2015-2017 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты цы æндæр æмæ æндæр  объекттæ арæзт цæуынц, уыдонæй сæ иу у Цхинвалы дзулфыцæн куыстуаты ног бæстыхай. Ацы бæстыхай саразыны æнæмæнгхъæуындзинад сæвзæрыд, зæронд бæстыхай   дзуапп кæй нал дæтты нырыккон домæнтæн, уый тыххæй. Уый арæзт æрцыд ивгъуыд æнусы æмбисы æмæ ис аварион уавæры. Разиан ын кодтой 2008 азы хæстон архайдтытæ дæр.

Проектмæ гæсгæ дзулфыцæны ног бæстыхай у дыууæуæладзыгон æмæ дих кæны кондадон æмæ административон-цардуагон хатæнтыл. Продукци кæм уадздзысты, уый дих кæны луарæн, хыссæцæттæгæнæн, æнхъизæн æмæ фыцæн хайадтыл, афтæ ма дзы уыдзæн кондитерон цех, фауддзаг чи рауад, уыцы продукцийы ногæй кусæн, хомысцæттæгæнæн хатæнтæ, цæттæ продукцийы æфтауцдæттæ, ссадæфснайæн бынæттæ, уазалгæнæн камерæты хатæнтæ, кондадон лаборатори, механикон æрмадзтæ æмæ æндæр ахæмтæ.

Административон-цардуагон хайы уыдзысты дегустацион зал, алыгъуызон продукци æфснайæн хатæнтæ, хинайæнтæ, дарæсауындзæнтæ, хæрæндон, бухгалтери æмæ æндæр алыгъуызон кабинеттæ.

Ног дзулфыцæны хъомысад уыдзæн 12 тоннæйы суткæйы дæргъы æмæ дзуапп дæтдзæн нырыккон домæнтæн. Ныридæгæн ын æлхæд бынатмæ ласт æрцыдысты ног ифтонггæрзтæ, æмбæлон уавæртæ дзы уыдзæнис эффективон кондадон архайд кæнынæн.

Ацы объектæн йе сметæйон аргъ у 161 милуан 699 мин сомы. Уыдонæй 88 милуан сомы хицæн æрцыдысты арæзтадон-монтажгæнæн куыстытæн. 60 милуан сомы та – ифтонггæрзтæн. Йæ иумæйаг фæзуат у 1934 квадратон метры. Уыдонæй административон-цардуагон хатæнты фæзуат у 414 квадратон метры, кондадон цехты фæзуат та – 1520 квадратон метры. Объекты закъаз-гæнæг у РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрад. Йæ аразæг генералон подрядон организаци та у уæрæсейаг компани арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Союз-СтройПроект».

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ ам æвæрд цæуынц уæзтæ-исæн лифттæ, аразынц вентиляцион системæ, лæгъз кæнынц астæрдтæ. Объекты кусынц 50 адæймаджы, ис сын фаг техникæ. Ам фесты электрохæххытæ ауадзыны фæдыл куыстытæ. Кирпичæй самадтой къултæ. Афтæ ма фесты канализацийы фæдыл куыстытæ дæр. Фæуынхъус сты мидæггагон бæстонгæнæн æмæ бæстыхайы æмбæрзæн куыстытæ.

Дзулфыцæны ног бæстыхайы эксплуатацимæ раттын фадат ратдзæн кондадон процесс æмæ рауадзгæ продукцийы гъæд фæхуыздæр кæнынæн, фæуæрæхдæр уыдзæн рауадзгæ продукцийы ассортимент дæр.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.